Хъотайты Кларæ æмæ Тъехты Петр сæхицæн стыр ном скодтой сæ рæсугъд аивад æмæ курдиатæй. Символикон у, «Симд»-ы юбилейон изæры раздæры солисттæ кæй сæххæст кодтой «Уæздан кафт» æмæ æрмæст уыдоны фæстæ кæй рацыдысты ансамблы солисттæ Санахъоты Инал æмæ Цхуырбаты Аннæ.

Тъехты Петр æмæ Хъотайты Кларæ сæ хæсыл банымадтой æмæ дыккаг бон, 7-æм декабры, бабæрæг кодтой ансамбль «Симд»-ы бындурæвæрæг, фыццаг ирон профессионалон композитор æмæ дирижер Галаты Барисы хæдзар-музейы. Уым сыл рæдау фысымтау сæмбæлдысты  Галаты Барисы номыл культурæйы фонды къухдариуæггæнæг Гаглойты Лианæ æмæ йæ цардæмбал Гæбæраты Андрей. Уазджытæ стыр цымыдисæй базонгæ сты композиторы хæдзар-музейы архивимæ. Азылдысты хатæнтыл æмæ федтой композиторы цымыдисон æмæ эксклюзивон æрмæджытæ. Ансамбль «Симд»-ы юбилеймæ фонд бацæттæ кодта равдыстытæ, кæцытимæ æрбацæуджыты зонгæ кодтой æнæхъæн къуырийы дæргъы  æмæ абоны онг дæр.

«Ис нæм фондз ног стенды ансамблы историйæ. 1931 азæй райдайгæйæ этапгай 1938 азы онг æвдыст цæуы йæ архайд. Ансамблæн бындур æвæрд æрцыд 1931 азы. Уый фидар кæнынц концертон архайды къамтæ 1931 азæй фæстæмæ Галайы фырты альбомты. Фæнды мæ банысан кæнын уый дæр, æмæ ансамблыл ныридæгæн кæй цæуы 92 азы æмæ йын официалонæй та паддзахадон статус лæвæрд кæй æрцыд 1938 азы ноябры мæйы. Æмæ уый хъуамæ адæм зоной», – загъта Гаглойты Лианæ.

«Симд»-ы раздæры солисттæ фыццаг хатт уыдысты Галайы фырты хæдзар-музейы æмæ сын тынг æхсызгон уыд хæдзар æндидзыдæй кæй федтой, уый.

Бирæ мысинæгтæ радзырдтой уазджытæ ансамблы сæ дæргъвæтин архайды æмæ цымыдисон гастролты тыххæй.

Нæ уацх.

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.