Æнæниздзинад хъахъхъæныны министрады социалон хайады службæйы æмæ нæ горæты администрацийы хæрзарæзтады управленийы кусджытæ 8-æм марты бафснайдтой Тельманы уынгыл цæрæг, ацæргæ æвæгæсæг сылгоймаг Рибка Джинджихашвилийы хæдзары алыварс. Æртæ мæйы размæ ацы мæгуыр сылгоймагыл æрцыд æнамонд цау. Хæдзары плитæйы раз, йæхи хъармгæнгæйæ, ссыгъдысты йæ дзаумæттæ, ахуыссын сæ кодта, фæлæ афтæмæй æртæ боны йæ уæлæ фесты. Сыхаг сылгоймаг Уалыты Ольгæ фехъусын кодта социалон службæтæм. Уыдон зæронд усы баластой Республикон бирæпрофилон рынчындонмæ. Уым æртæ мæйы хос кодтой сылгоймагæн. Ныр фæсæрæндæр æмæ йæ рафыстой. Фæлæ йын цæмæй йæ зæрдæ барухс кæной сылгоймæгты бæрæгбонмæ, уый тыххæй уæлдæр загъдгонд службæтæ зæронд усæн бакодтой ахæм «лæвар».

Сылгоймаджы уæззау хъысмæты тыххæй нын радзырдта Уалыты Ольгæ: «Рибка Джинджихашвили зæрырдæм баззад иунæгæй, йе ‘ввахс хæстæджытæй удæгас ничиуал у. Йе ‘мтуг дзуттæгтæ Израилмæ куы лыгъдысты, уæд уый семæ нæ акуымдта, хуыздæрыл банымадта Ирыстоны баззайын. «Фæстаг дзуттаг», афтæ йæ хонынц сыхæгтæ. Дзуттæгты квартал нæ горæты кæддæр нымад цыд, адæм иууыл фылдæр кæм змæлынц, ахæм бынатыл. Цардысты дзы фылдæр дзуттæгтæ, фæлæ сæхи хуыздæр цардагур айстой сæ фыдæлты зæхмæ. Гуырдзыйы агрессийы фæстиуæгæн зæронд хæдзæрттæ ныппырх сты. Цы иуæй-иу хæдзæрттæ ма дзы аирвæзт, уыдонæй сæ иуы цæры ацы сылгоймаг. Нæ республикæйы социалон кусджытæ æмæ йæм Сырх Дзуары дунеон комитет хорз сæ хъус дарынц. Бирæ азты йæ къуыри иу хатт хæринагæй ифтонг кодтой  Алайнаг епархийы кусджытæ дæр.

Рибкайы сыхаг ма куыд зæгъы, афтæмæй уымæн æххуыс кæнынц нæ горæты цæрджытæй дæр бирæтæ. Æрбахæссынц ын, чи йæ бахъæуы, ахæм дзаумæттæ, хæдзарон мигæнæнтæ.  Цалдæр азы размæ Израилæй нæ республикæмæ æрцыд ардыгæй ацæуæг дзуттæгты делегаци. Уыдонæн фембæлдтытæ уыд нæ хицауады минæвæрттимæ. Бабæрæг кодтой «Фæстаг дзуттаг»-ы дæр. Зæгъынц, зæгъгæ, дам  æй кодтой семæ дæр, фæлæ сын нæ акуымдта. Балхæдтой йын гæрзтæхсæн машинæ. Цæгат Ирыстоны ис дзуттæгты æхсæнад, уыдон дæр æй бабæрæг кæнынц.

Фæлæ абон горæты социалон хайад æмæ хæрзæфснайды управленийы кусджытæн цы куыст саразын бантыст, уый никæмæн. Бирæ азты дæргъы йæ хæдзары алфæмблай цы брæттæ æрæмбырд, уыдон аластой брондонмæ.

«Хъыгагæн, нæ республикæйы æвæгæсæг иунæг ацæргæтæ, кæцытыл цæуы 75 азæй уæлæмæ, æмткæй ис 451 адæймаджы. Уыдонæй горæты ис 230 зæронды. Цхинвалы районы – 52, Знауыры – 32, Дзауы – 62 æмæ Ленингоры районы та – 69 адæймаджы. Кæй зæгъын æй хъæуы, уыдон сты паддзахады хъусдарды бын. Рæстæгæй-рæстæгмæ уыдонмæ бахæссæм хæлцадон продукттæ. Сæ хъус ма сæм дарынц хæрзаудæн организацитæ æмæ Сырх Дзуары комитет дæр», – зæгъы Æнæниздзинад  хъахъхъæныны министрады социалон службæйы кусæг Джиоты Иринæ.

УАЗÆГТЫ Марфа

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.