РХИ-йы Парламенты депутаттæ Тедеты Нона, Уалыты Розæ æмæ Цоциты Игорь Знауыры районы Мугуты хъæуы бабæрæг кодтой цалдæр æххуысхъуаг бинонты. Семæ ма уыд районы администрацийы сæргълæууæг Гæбæраты Инал.

Парламенты уæнгты фембæлд ацы бинонтимæ бындуриуæг кæны «Спутник Южная Осетия»-йы интернет-порталы бинонты царды уавæр-тыл цы информаци фæзынд, уый фæстиуæг.

Депутаттæ фыццаг рады бабæрæг кодтой 85 аздзыд Кокойты Иринæйы. Кардзыд сылгоймаг цæры зæронд хъæдын хæдзары, æнæ хъармгæнæнæй, æнæ хæринаг æмæ донæй. Йæ ныхæстæм гæсгæ, уый ныр дыккаг бон у æххормаг.

Уалыты Розæ йæ бафарста, ахæм уавæрмæ куыд æрхаудтæ, зæгъгæ. Кокойты чызг ын ахæм дзуапп радта: «акæнут мæ ардыгæй, кæдæмфæнды дæр, æрмæст мæ ам ма ныууадзут».

Районы сæргълæууæг куыд загъта, афтæмæй ацы сылгоймаг рагæй цæры ам, фæлæ йæ районы администраци æнæхъусдард нæ уадзы.

«Мах зонгæ стæм Кокойты Иринæйы царды хабæрттимæ. Уый иунæгæй рагæй цæры, фæлæ ацы хæдзары æрцарди æрæджы. Знауыры районы рынчындон æй йæхимæ райста. Уым фæцард цыппар азы. Æртæ аз та фæцард республикæйы рынчындоны. Ацы хæдзары ныр ис иу мæйæ фылдæр», – банысан кодта Гæбæраты Инал.

Йæ ныхæстæм гæсгæ, Кокойты Иринæйæн лæвæрдтой вагон 2 хатæнимæ, фæлæ уый не сразы. Районы администрацийæн та уый бæрц æх-цайы фæрæзтæ нæй, цæмæй йын хæдзар саразой.

Уымæй уæлдай ма, Гæбæраты Иналы ныхæстæм гæсгæ, сылгоймаг медицинон уагдæтты уæвгæйæ, йæ ахастытæ фехæлдта куыд медицинон куысджытимæ, афтæ пациенттимæ дæр. Æмæ уый аххосæй никæй фæнды уымæ хъус дарын.

«Иринæ зындард у, адæймаджы зынтæй æмбары. Мах ма йæ зæрæдты хæдзармæ кодтам, фæлæ ууыл дæр не сразы ис. Махæн та уый бар нæй, æмæ йæ тыхæй бакæнæм уырдæм. Цæрджыты ‘хсæн ис ахæмтæ, кæцытæ йын хæссынц нуазыны дон æмæ хæринаг, афтæмæйты цæры», – загъта Гæбæрайы фырт.

Районы сæргълæууæг ма банысан кодта, Кокойты Иринæйæн кæй ис чызг, фæлæ йæм хъус нæ дары.

«Иринæйæн ис чызг,  цæры Петербурджы. Мах иу æмæ дыууæ хатт нæ бахатыдыстæм уымæ, цæмæй æрцæуа æмæ  йæ зæронд мадмæ æркæса. Фæлæ уый не сразы ис, зæгъгæ, йæ не ‘вдæлы. Фарон уый æрцыд, бабæрæг кодта йæ мады æмæ дыууæ къуырийы фæстæ ацыд. Уæдæй фæстæмæ Иринæ ис иунæгæй», – загъта районы сæргълæууæг.

Уалыты чызг ын загъта, цæмæй йæ зæрæдты хæдзармæ акæной, уым æм хорз кæсдзысты, зæгъгæ, фæлæ уый не сразы ис.

«Æз уырдæм нæ ацæудзынæн. Акæнут мæ искуыдæм, кæдæм фæндыдæр, æрмæст зæрæдты хæдзармæ нæ», – загъта Кокойты Иринæ.

Парламенты уæнгтæ йын районы сæргълæууæгимæ алыгъуызон варианттæ дзырдтой, фæлæ истой æр-мæстдæр æппæрццаг дзуаппытæ.

Депутаттæ районы сæргълæууæгимæ аныхас кæнгæйæ, аскъуыддзаг кодтой Кокойты Иринæйæн йæ чызг Тамарамæ фæдзурын. Уый сын ныфс бавæрдта цалдæр боны фæстæ кæй æрцæудзæн.

Балцы рæстæджы депутаттæ бабæрæг кодтой 80 аздзыд Тохъмайты Хазбийы бинонты. Хазби æхсæз азæй фылдæр у уатон рынчын, бæла-сæй куы æрхауд, уæдæй фæстæмæ. Кас-ти йæм йæ  фырты фырт инвалид Вадим. Уыдонимæ ма цыбыр рæстæджы дæргъы цæры иу сылгоймаг æмæ сын сæ хæдзары хъуыддæгтæ кæны.

Тохъмайты Вадим, куыд загъта, афтæмæй, уый йæ бабаимæ цæры пенсийы фæрцы.

«Æз исын инвалиды пенси æмæ мæ баба дæр. Уыдон нын фаг кæнынц цæрынæн. Ныр немæ цæры иу сылгоймаг, уый нын хæринаг аразы, хæдзар бафснайы, мæ бабамæ кæсы. Фенцондæр мын ис, уымæн æмæ адæттæ иууылдæр æз мæхæдæг арæзтон», – загъта Вадим.

Уый бахатыд депуттатæм, цæмæй сын баххуыс кæной суг æлхæнынæн. Районы сæргълæууæг куыд банысан кодта, афтæмæй суг æлхæд у æмæ йæ тагъд рæстæджы æрба-ласдзысты Тохъмайты бинонтæн.

Уавæримæ лæмбынæг базонгæ уæвгæйæ депутат Тедеты Нона загъта йæ фæндон цæмæй æрвылмæй дæр бæрæг кæной Тохъмайты бинонты. Æмæ кæд исты хъуаг уой, уæд сын баххуыс кæной.

Республикæ Хуссар Ирыстоны Парламенты информацион-аналитикон управлени

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.