Ацы къуыри Донецкы Адæмон Рес-публикæйы паддзахаддзинад æмæ суверенитеты æрцыд дыууæ ахсджиаг къахдзæфы. Мæскуыйы уыд ацы республикæйы минæварады байгом кæныны цытджын церемони, цыран уæлæмæ схæцыдысты Уæрæсе æмæ Донецкы Адæмон Республикæйы тырысатыл. Столицæйы дипломатон ведомство сыхагиуæг кæны Ирланди, Португали æмæ Японы минæварадтимæ.

Уый фæстæ та Донецк æмæ Луганскы Адæмон Республикæты хæдбардзинад банымадта Цæгат Корея. Банымады тыххæй документ Донецкы Адæмон Республикæйы минæвар Ольга Макеевамæ радта Уæрæсейы Кореяйы минæвар Син Хон Чхоль. Æввахс рæстæджы ахæм фембæлд уыдзæн Луганскы Адæмон Республикæйы минæваримæ дæр. Фæрстæ бадзырдтой дарддæры æмгуыстады тыххæй. Цæгат Корея, кæцымæ ис ядерон тых, у Америкæйы Иугонд Штатты ныхмæлæууæг. Донецкы Адæмон Республикæйы сæргълæууæг Денис Пушилины ныхæстæм гæсгæ, республикæйы банымад у ноджы иу уæлахиз. Банымад уыдзæн «ахастыты дарддæры рæзты бындур, уыцы нымæцы экономикæйы фадыджы дæр», – банысан кодтой социалон хызæгты. Уый размæ та Донецк æмæ Луганскы Адæмон Республикæты хæдбардзинад банымадтой Уæрæсе, Сири, Абхаз æмæ Хуссар Ирыстон.

Ацы цауæн геополитикæйы цахæм нысаниуæг уыдзæн æмæ йын АИШ куыд сдзуапп кæндзысты, уый тыххæй радзырдта зынгæ политолог, политикон технологиты центры директор Алексей Макаркин. «Хъуыды кæнын афтæ, æмæ уый у символикон къахдзæф. Цæгат Кореяйæн АИШ-имæ афтæ æндыгъд сты йæ ахастытæ, æмæ уымæн йæ бон у, кæй йæ фæнда, уый банымайын. Хъуыддаг уый мидæг ис, æмæ  Донецк æмæ Луганскы Адæмон Республикæты ныридæгæн банымадта иу ядерон паддзахад – Уæрæсе. Уæ зæрдыл æрлæууын кæнут, Абхаз æмæ Хуссар Ирыстоны хæдбардзинад куыд банымадтой, уый. Уæд уыдоны банымадта ахæм чысыл паддзахад, куыд Науру дæр. Политикон æгъдауæй уый уыд ахсджиаг къахдзæф, цæмæй сæ банымайа æрмæст Уæрæсе нæ, фæлæ æндæр паддзахадтæ дæр. Цæгат Корея та у ИНО-йы уæнг. Дональд Трамп АИШ-ы президент куы уыд, уæд Америкæ æмæ Цæгат Кореяйы ‘хсæн уагъд æрцыдысты бадзырдтæ уæлдæр æмвæзадыл. Фæлæ сæ бон бадзурын не ссис. Æмæ Америкæйæн та йæ бон саразын ницы у. Уым ма проблемæ ис Хуссар Кореяйы дæр, уымæн æмæ историон æгъдауæй уый у иу бæстæ. АИШ Цæгат Кореяйыл куы фендавы, уæд Хуссар Корея райдайы тыхсын. Иуæй сын уым ис хиуæттæ, иннæмæй та сæ нæ фæнды ядерон бæстæимæ конфликт кæнын», – банысан кодта уый.

 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.