Информаци æмæ мыхуыры паддзахадон комитеты пресс-центры дарддæр кæнынц ведомствоты къухдариуæггæнджыты хыгъдон пресс-конференцитæ. Ныр та журналисттимæ фембæлдысты Уæлвæткон уавæрты министрады сæргълæууæг Цоциты Азæмæт æмæ агурæн-ирвæзынгæнæн къорды хистæр Чехойты Алан. Цоциты Азæмæт Ног ацы цытæн раарфæ кодта республикæйы адæмæн æмæ йæ коллегæтæн. Уый фæстæ цыбыртæй радзырдта, 2019 азы йæ дæлбар министрад цы бакуыста, уыдæтты тыххæй.

Министр куыд банысан кодта, афтæмæй министрады спецтехникæ 90 процентæй цæттæ у йæ разы лæууæг хæстæ æххæст кæнынмæ, уыцы нымæцы  зымæгон сезонмæ дæр. Зымæгон сезонмæ министрады сæрмагонд сконд ифтонг у хъæуæг æрмæджытæй. Уæлвæткон уавæрты рæстæджы та сын ис бæрæг инструктаж æмæ уымæ гæсгæ архайдзысты. Баныхас кодтой Хуссар æмæ Цæгат Ирыстоны фæндагон службæтимæ дæр æмæ, куы бахъæуа уæд цæттæ сты экстренон мадзæлттæ райсынмæ. Уыимæ ма, куы бахъæуы, уæд спайда кæнынц ирвæзынгæнджыты спецтехникæйæ. Министры ныхæстæм гæсгæ, «фæндаг асыгъдæг кæныны тыххæй махæрдыгæй никуы уыд проблемæтæ». 

2019 азы алы æмæ алыгъуызон  уæлвæткон уавæрты тыххæй министрадмæ фæсидтæуыд 1500 хатты. Уыдонæй зынгсивæрзтыты цаутæм – 500 хатты, кæцытæй 25 уыд хæдзæрттыл  зынгсивæрзты цаутæ. Министры ныхæстæм гæсгæ, алы фæсидты рæстæджы дæр министрады службæгæнджытæ ацæуынц æвæстиатæй. Горæты алы районмæ дæр хæццæ кæнынц 10 минутмæ. Фæлæ, хъыгагæн, республикæйы районты афтæ нæу, хъæутæ дард кæй сты, уый аххосæй фæндагыл фылдæр рæстæг бахъæуынц.

Министр бахатыд республикæйы цæрджытæм, цæмæй ног азы бæрæгбонты рæстæджы сæ хъус лæмбынæг дарой хæдзары электроприбортæм æмæ ныллæггъæдджын пиротехникон фæрæзтæй ма пайда кæной, цардæн тæссаг кæй сты,  уый нысанæн.

«Ног азмæ Мидхъуыддæгты министрадимæ иумæ ауадздзыстæм рейдтæ базаргæнæн бынæтты æмæ,  Хуссар Ирыстоны территорийыл уæй кæныны бар цы æрмæджытæн нæй, уыдон куынæг кæндзыстæм, уымæн æмæ уыцы æрмæджытæ тæссаг сты адæймаджы æнæниздзинадæн», – банысан кодта Цоцийы фырт.

Министр ма радзырдта, министрады хаххыл  Уæрæсейы уæлдæр ахуыргæнæндæтты чи сахуыр кæны, уыдон куыстæй куыд ифтонг цæуынц, æппæт уыдæтты тыххæй дæр.

Ведомствойы сæргълæууæг куыд банысан кодта, афтæмæй 2008 азæй фæстæмæ Уæрæсейы Уæлвæткон уавæрты министрады  уæлдæр ахуыргæнæндæттæм арвыстæуыд 30-æй фылдæр адæймаджы. Абоны бон Уæрæсейы дыууæ ахуыргæнæндоны – УФ Уæлвæткон уавæрты министрады Æмбæстагон хъахъхъæнынады академи æмæ Уæрæсейы Паддзахадон зынгсивæрзты ныхмæ службæйы академийы не ‘мбæстæгтæй ахуыр кæнынц 15 адæймагæй фылдæр.

«Иунæг рауагъдон дæр æнæ куыст нæ баззайдзæн, иууылдæр ифтонг æрцæуынц куыстæй Хуссар Ирыстоны Уæлвæткон уавæрты министрады.

Мах абитуриентты ахуырмæ арвитæм, министрады цы специалисттæ хъæуы, ахæм дæсныйад райсынмæ. Уыцы процесс дарддæр кæндзæн, уымæн æмæ министрад нырма ифтонг нæу иуæй-иу специалисттæй», – загъта ведомствойы сæргълæууæг.

Уымæй дарддæр æрвылаз дæр министрады кусджытæй бирæтæ ацæуынц пенсийы æмæ уыдон бынатмæ хъæуы  æвзонг специалисттæ.

Министры ныхæстæм гæсгæ, Уæлвæткон уавæрты министрады дæлхæйтты æппæт службæгæнджытæ архайынц сæ квалификацийы æмвæзад фæбæрзонддæр кæныныл. Бынаты æдзухдæр уагъд цæуынц ахуыртæ, ирвæзынгæнджыты къорд æрвылаз дæр ацæуы Уæрæсейы регионтæм йæ квалификаци фæбæрзонддæр кæнынмæ æмæ аттестацион къамисы рацæуынмæ.

«Нæ зынгхуыссынгæнæг æмæ ирвæзынгæнæг хайы дæлхæйттæ Цæгат Кавказы нымад сты хуыздæртæй сæ иуыл», – загъта министр.

Министрады сæрмагонд сконд комплектгонд сты 100 процентæй. Алы аз дæр райсынц ног техникæ æмæ сæрмагонд фæрæзтæ – техникон ифтонггæрзтæ, спецуæлæдарæс.

Цоцийы фырты ныхæстæм гæсгæ, кæд министрады ис чысыл проблемæтæ, уæддæр иумиаг тыхтæй скъуыддзаг цæуынц куысты рæстæджы.

Республикæ бомбæмбæхсæнтæй куыд ифтонг у, уый тыххæй та министрады сæргълæууæг банысан кодта, зæгъгæ, Хуссар Ирыстоны хæрзарæзт хъуамæ æрцæуа æртæ бомбæмбæхсæны. Уыдон фидæнмæ  хаст æрцæудзысты Инвестицион программæмæ. Банысан ма кодта, иу бомбæмбæхсæн сифтонг кæнын зынаргъ кæй æртæйæ фондз минуан сомы онг. Ныртæккæ горæты ис 12  бомбæмбæхсæны, фæлæ уыдон не сты хæрзарæзт, ницы ифтонггæрзтæ сæ ис. Фæлæ, министры ныхæстæм гæсгæ,  сæ хæрзарæзт кæныны тыххæй æппæт документтæ дæр цæттæ сты æмæ лæвæрд сты республикæйы къухдариуæгадмæ.

Дарддæр Цоциты Азæмæт радзырдта, уæлвæткон уавæрты рæстæджы иууыл ахсджиагдæр рæстæгыл адæмæн фехъусын кæнын кæй у. Уымæн та хъæуы хъусынгæнæн системæ, кæцы республикæйы нæ кусы рагæй. Æниу советон рæстæджы алы  бæстыхайы æмæ уынгыл дæр  уыд сæрмагонд хъусынгæнæн фæрæзтæ.

«Уæлвæткон уавæры рæстæджы махæн нæ бон у æрмæстдæр  телефонты, телеуынынады æмæ рупорты руаджы адæмæн фехъусын кæнын. Фæлæ уый фаг нæу, сæндидзын кæнын хъæуы хъусынгæнæн системæ, ууыл ныридæгæн мах кусæм», – банысан кодта Цоциты Азæмæт.

Агурæн-ирвæзынгæнæн къорды хистæр Чехойты Алан дæр радзырдта йæ къорды куысты тыххæй.

Уый куыд банысан кодта, афтæмæй сæ къорды ис 31 адæймаджы. Уыдон сты хæххон ирвæзынгæнджытæ, сапертæ, кинологтæ, дæлдондзогтæ (вололазтæ). Уыцы къорды чи ис, уыдон иууылдæр рацыдысты стажировкæ. Хæххон ирвæзынгæнджытæ сæ дæсныйад фæхуыздæр кæныны тыххæй  ахуыр кодтой Сочийы, кинологтæ – Мæскуыйы, Цæгат Кавказы, Цæгат Ирыстоны, дæлдондзогтæ – Байкалы ирвæзынгæнæн центры. Уыдонæн  алы ран дæр уыд хорз фæстиуджытæ, райстой-иу 5-6 разрядтæ.

«Нæ дæлдондзæуджытæ ма стажировкæйы уыдысты Туапсейы дæр æмæ райстой  æхсæндунеон бæлвырдгæнæнтæ. Уый та уый нысан кæны, æмæ сæ бон у дунейы алы бæстæйы æрцæугæ уæлвæткон уавæрты дæр хайад райсын», – загъта Чехойты Алан æмæ ма йæ ныхасмæ бафтыдты, зæгъгæ, сæ къорд ифтонг сты æнæмæнгхъæуæг ифтонггæрзтæй.   

ОСИАТЫ Индирæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.