Нæ республикæйы скъолайы агъоммæйы  уагдæттæн расидт æрцыдис конкурс «Аргъауы дуне». Уымæ гæсгæ нæ чысыл хуртæ сæ хъомылгæнджытимæ иумæ æнæхъæн дыууæ къуырийы дæргъы сæхи цæттæ кодтой ацы конкурсмæ.

Дменисы хъæуы сывæллæтты цæ-хæрадоны хъомылгæнинæгтæ дæр конкурс «Аргъауы дуне»-йы фæлгæтты равдыстой цымыдисон театралон равдыст. Уыдон ацы конкурсмæ равзæрстой æмæ бацæттæ кодтой зынгæ аргъæуттæ фыссæг Шарль Перройы зындгонддæр ар-гъау «Красная шапочка» йæ классикон хуызы. Аргъау сценæмæ рахæссын æмæ йæ сæвæрыныл бакуыстой сывæллæтты хъомылгæнджытæ. Уыдон æппæт амæлттæй дæр бацархайдтой æмæ сарæзтой афтæ, цæмæй сæ декорацитæ аккаг æмæ æмбаст уыдаиккой аргъауимæ.

Сывæллæтты æнтыстытæм æмæ сæ архайдæн аргъ скæнынмæ мадзалмæ æрбацыдысты нæ республикæйы Ахуырад æмæ зонады министрады минæвæрттæ, афтæ ма Цхинвалы районы администрацийы ахуырады хайады гæс Лолоты Барис дæр. Уазджытæ райгондæй баззадысты сывæллæтты архайдæй. Уыдон стыр аргъ скодтой педагогон коллективы сфæлдыстадон архайдæн, афтæ ма сын иттæг хорз кæй бацамыдтой уацмысы сюжет эмоционалонæй радæттын, уыимæ иумæ бæрæг уыдис, сывæллæттæ хорз кæй бамбæрстой аргъауы нысаниуæг æмæ йæ сценæйыл кæй æвдыстой æцæг артисттау, уый. РХИ-йы Ахуырад æмæ зонады министрады скъолайы агъоммæйы иумиаг æмæ уæлæмхас ахуырады хайады гæс Джиоты Нинæ куыд радзырдта, афтæмæй нæ республикæйы æппæт сывæл-лæтты цæхæрадæтты дæр ацы чысыл спектакльтæ уагъд цæуынц дыууæ паддзахадон æвзагыл дæр, фæлæ фылдæр сæ хъус адардтой мадæлон æвзагмæ. «Дыууын иу сывæллæтты цæхæрадонæй æрмæстдæр фондзæй равзæрстой аргъæуттæ уырыссаг æвзагыл, – загъта Ахуырады министрады минæвар. – Дменисы хъæуы сывæллæтты цæхæрадон у активондæртæй сæ иу. Уыдон æрвылхатт дæр хайад райсынц республикæйы уагъдцæуæг мадзæлтты. Ацы конкурсмæ дæр тынг хорз бацæттæ кодтой æмæ сæхи равдыстой аккагæй», – загъта Джиоты Нинæ.

Ахуырад æмæ зонады министрады минæвар Хæныкъаты Азæ куыд банысан кодта, афтæмæй ацы конкурс ныр уагъд цæуы æртыккаг хатт æмæ спектакльтæ азæй азмæ ноджы хуыздæр æмæ цымыдисондæр кæнынц. «Скъолайы кары агъоммæйы ахуырады ног стандарттæм гæсгæ, сывæллæттæн сæ ахуыртæ уагъд цæуынц хъазты хуызы. Дменисы хъæуы сывæллæтты цæхæрадон у скъолайы кары агъоммæйы æстдæсæм уагдон, кæцытæ бацæттæ кодтой ацы конкурсмæ», – фæбæлвырд кодта Хæныкъаты Азæ.

Конкурсы жюрийы сконды хайад исы Хетæгкаты Къостайы номыл Хуссар Ирыстоны паддзахадон драмтеатры актрисæ, Щукины номыл театралон институты рауагъдон Мæргъиты Ингæ дæр. Уый ацы конкурсы фæдыл радзырдта йæ тæлмæнтæ æмæ сæ куысты тыххæй. «Мах ныр дыууæ къуырийы бæрц кæсæм сывæллæтты цæхæрадæтты бацæттæгонд аргъæутты спектакльтæм æмæ мæ фæнды банысан кæнын уый, сывæллæттæ тынг хорз кæй арæхсынц сæ рольтæм æмæ сæ хъазт та бынтон сывæллæтты хъазт кæй нæу, зыны дзы бæрзонд æмвæзадыл архайд æмæ цæттæдзинад. Уымæ гæсгæ, махæн тынг зын уыдзæнис уæлахиздзауты равзарын», – загъта Мæргъиты чызг.

Ног къуырийы та жюри аргъгæнæг уыдзæнис Ленингоры районы сывæллæтты цæхæрадæтты театралон равдыстытæн. Жюри конкурсы хайадисджыты равдыстытимæ куы базонгæ уа, уæд уый фæстæ сбæрæг кæндзысты æмæ равзардзысты æртæ уæлахиздзауы, кæцытæн лæвæрд æрцæудзысты зынаргъ, зæрдылдарæн лæвæрттæ. Уы-мæй дарддæр ма æппæт конкурсы хайадисджытæн дæр ратдзысты сувениртæ.

Республикон конкурс «Аргъауы дунейы» ауадзыны хъуыддаг, сæйраджыдæр, баст у ууыл, цæмæй раргом уа сывæллæтты сфæлдыстадон хъомыс, афтæ ма командæйы кусыны фæцайдагъ уæвын æмæ сывæллæтты иумиаг ахуырады æмвæзад райтынг кæныныл.

Æрмæгыл бакуыста

Цхуырбаты Ларисæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.