Фыццаг хатт уагъд æрцыд чызджыты ‘хсæн РХИ-йы чемпионат шахматтæй. Ерыстæ уагъд æрцыдысты Сылгоймæгты æппæтдунеон боны цытæн. Сæ организатортæ уыдысты РХИ-йы Шахматты федераци æмæ Фæсивæдон политикæ, спорт æмæ туризмы комитет.

Чемпионат байгом кæныны церемонийы æрæмбырдуæвджытæн раарфæ кодтой РХИ-йы Шахматты федерацийы президент Саулохты Георги æмæ Фæсивæдон по-литикæ, спорт æмæ туризмы комитеты сæрдары хæдивæг Гатыгкоты Валентинæ.

Ерысты уагæвæрдмæ гæсгæ алы хъазæг дæр иннæтимæ ахъазыд фæйнæ иу партийы. Иууыл фылдæр очкотæ æрæмбырд кодта Абайты Аннæ. Уый фæуæлахиз йæ ныхмæлæуджытæй алкæуыл дæр. Банысан кæнын хъæуы уый, æмæ Абайты Аннæ æрвылхатт дæр хайад райсы республикæйы алыгъуызон турнирты. Уый у республикæйы иууыл хуыздæр шахматисттæй сæ иу.

«Тынг мæ фæнды, цæмæй ацы чемпионат суа æрвылазон. Аккаг ныхмæлæуджытæ мын уыд. Ныфс мæ ис, нæ республикæйы шахматтæ дарддæр дæр размæ кæй цæудзысты. Стыр бузныг дæн ерысты организатортæ æмæ йæ хайадисджытæй», – банысан кодта Абайты Аннæ.

Чемпионаты дыккаг бынат бацахста Багаты Динæ. Уый æрæмбырд кодта 7 очкойы. Уымæй иу очкойы къаддæр æрæмбырд кодта Хъотайты Еленæ æмæ ацыд æртыккаг бынатыл.

«Чызджыты ‘хсæн республикæйы чемпионат ауагътам фыццаг хатт, афтæ ма ацы аз ацы ерыстæ сты фыццаг. Мæ хъуыдымæ гæсгæ чемпионат ацыд бæрзонд æмвæзадыл. Дыууæ къуырийы фæстæ та республикæйы чемпионат уыдзæн сывæллæтты ‘хсæн. Ныфс мæ ис, цадæггай республикæйы шахматты æмвæзад кæй фæбæрзонддæр уыдзæн», – загъта РХИ-йы Шахматты федерацийы президент Саулохты Георгий.

Ерысты уæлахиздзаутæ æмæ призертæ хорзæхджын æрцыдысты Кады грамотæтæ, майдантæ æмæ зæрдылдарæн лæвæрттæй. Æнæ лæвæрттæй нæ баззадысты ерысты иннæ хайадисджытæ дæр.

Хуриты Батрадз

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.