ГЕРГИТЫ ВАЛЕРИЙÆН

Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент Бибылты Анатоли раарфæ кодта Паддзахадон академион Марияйы театры аивадон къухдариуæггæнæг директор Гергиты Валерийæн йæ гуырæн боны цытæн.

Арфæйы телы дзырдæуы:

«Цытджын Валери Абысалы фырт!

Айс мæ зæрдиаг арфæтæ дæ гуырæн боны цытæн.

Дæ курдиат, энерги, æхсæнадон æмæ хæрзаудæн архайды фæрцы ды нырыккон музыкалон аивады дæ иттæг ирд гоймаг. Уникалон æххæстгæнæджы курдиат, хъæздыг мидæггагон культурæ æмæ æрдзæй лæвæрд музыкæйы æнкъарынад сценæмæ дæ алы рахызтæй аразынц сфæлдыстады æцæг бæрæгбон, хъомысджын позитивон энергийы гуырæн.

Хуссар Ирыстоны адæмæн ды дæ æввахс адæймаг, дæ ном та ссис уæздандзинад, ахъаздзинад, æмбæстагон æмæ адæймагон хæсыл æнувыддзинады символ.

Зынаргъ маэстро, мæ цæст дын уарзы фидар æнæниз-дзинад, æвидигæ энерги, сфæлдыстадон æнтыстытæ. Уадз æмæ нын де сфæлдыстад нæ зæрдæтæ рухс кæнæд бирæ, бирæ азты дæргъы».

***

Гергиты Валерийæн ма йæ гуырæн боны цытæн раарфæ кодта РХИ-йы Парламенты Сæрдар Гасситы Петр.

***

РХИ-йы ХИЦАУАДЫ СÆРДАР  ПУХАТЫ ЭРИКÆН

 Цытджын Эрик Георгийы фырт!

УФ-йы Хицауады æмæ сæрмагондæй мæхи номæй дын арфæ кæнын дæ гуырæн боны цытæн!

Фæнды мæ банысан кæнын дæ сæрмагонд хайбавæрд уæрæсейаг-хуссарирыстойнаг хæларадон æмæ хорзсыхагон ахастыты рæзтмæ.

Уырны мæ базарадон-экономикон, зонадон-техникон, культурон, гуманитарон æмæ æндæр фадгуыты æмархайды дарддæры рæзт, иумæйаг перспективон проектты реализаци дзуапп кæй дæттынц Уæрæсейы æмæ Хуссар Ирыстоны интерестæн.

Мæ цæст дын уарзы, цытджын Эрик Георгийы фырт, фидар æнæниздзинад, амонд æмæ æнтыстытæ дæ бæрнон архайды».æмæ сæрмагондæй мæхи номæй дын арфæ кæнын дæ гуырæн боны цытæн!

Фæнды мæ банысан кæнын дæ сæрмагонд хайбавæрд уæрæсейаг-хуссарирыстойнаг хæларадон æмæ хорзсыхагон ахастыты рæзтмæ.

Уырны мæ базарадон-экономикон, зонадон-техникон, культурон, гуманитарон æмæ æндæр фадгуыты æмархайды дарддæры рæзт, иумæйаг перспективон проектты реализаци дзуапп кæй дæттынц Уæрæсейы æмæ Хуссар Ирыстоны интерестæн.

Мæ цæст дын уарзы, цытджын Эрик Георгийы фырт, фидар æнæниздзинад, амонд æмæ æнтыстытæ дæ бæрнон архайды».

УФ-йы Хицауады Сӕрдар Дмитрий Медведев

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.