Бæрæг куыд у, афтæмæй республикæйы амалиуæггæнджытæ Дæллаг Зæрæмæджы таможнæйы æмбæлынц проблемæтыл. Таможнæйон органтæ зæгъынц, зæгъгæ сæм цы домæнтæ ис, уыдон сты Евразиаг таможнæйон цæдисы закъондæттынады домæнтæ. Амалиуæггæнджыты машинæтæй бирæтæ сæ уæзтимæ лæууынц ныртæккæ дæр таможнæйы. Сæ товартæй бирæ фесæфт уазалы. Фарст скъуыддзаг хъуамæ æрцæуа Хицауады æмвæзадыл, фæлæ уал уæдмæ магазинты тæрхджытæ цадæггай афтид кæнынц.

Мах бацымыдис кодтам, Дзулфыцæн комбинатыл ацы уавæр бандæвта æви нæ. Уый фæдыл нын йæ директор Цхуырбаты Вадим загъта: «Комбинатыл таможнæйы сæвзæргæ проблемæ нæма бандæвта. Махыл 2008 азы августы хæст дæр нæ бандæвта. Фæсауæрц кæнæм ссад, цæхх æмæ ма ноджы цытæ хъæуы комбинаты куыстæн, уыдон. Уыцы нымæцы æртаг-сæрдæн æрмæджытæ дæр  дизелон генераторæн. Фæсауæрцтæн ис сæхи сæрмагонд бынæттæ æмæ сын æвзæр кæнынæй тас нæу». Уый ма загъта, зæгъгæ сæ ассортимент дарддæр дæр кæндзæн фылдæр.

Дзулфыцæн комбинат дзулæй канд горæт нæ ифтонг кæны, фæлæ ма республикæйы районты цæрджыты дæр. Дзауы районмæ алы бон дæр ласынц дзул. Къуайса æмæ Знауырмæ та – къуыри цыппар хатты. Ленингормæ – къуыри 2-3 хатты. Цхинвалы районы хъæу­тæм – арæхдæр. Боны мидæг дзулæй республикæйы цæрджыты ифтонг кæнынц 12 сæрмагонд машинæйы. Фæлхасгæнджытæ, кæцытæ цæрынц горæты, боны мидæг дыууæ хатты цæуынц ифтонг хъарм дзулæй. Дзулфыцæн комбинат цалдæр азы размæ ног кондадон бæстыхай куы  сарæзта, уæд фæфылдæр кодта йæ ассортимент.

УАЗÆГТЫ Марфа

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.