Хуссар Ирыстоны Хъахъхъæнынады министрадæн Уæрæсейы рдыгæй инженерон-æфсæддон техникæ цытджын уавæрты дæттыны церемони уагъд æрцыд министрады территорийыл. Мадзалы хайад райста Республикæ Хуссар Ирыстоны Гарзджын тыхтыл Сæйрагкомандæгæнæг, президент Гаглойты Алан, Хуссар Ирыстоны Уæрæсейы Федерацийы Æххæстбарджын минæвар Марат Кулахметов, уæрæсейаг хъахъхъæнынад æмæ техникæ цы заводы арæзт æрцыд, уый минæвæрттæ.

Мадзалы рæстæджы бæстæйы сæргълæууæг Гаглойты Алан банысан кодта, зæгъгæ, Уæрæсейы Федераци æмæ Хуссар Ирыстоны æхсæн стыр æууæнкдзинад æмæ ахастытæ ис.

«Абон мах стæм æвдисæн, развæлгъау Уæрæсеимæ æмархайды фæлгæтты цы сразыдзинæдтæ реализаци цæуы, уымæн», – банысан кодта Президент.

Хъæуæг рæстæджы Хуссар Ирыстоны адæм, зæгъгæ, кæддæриддæр цæттæ сты сæ территори, бæстæйы интерестæ æмæ æдасдзинад бахъахъхъæнынмæ.

Банысан кодта, нæ зæрдыл кæй лæууы, Уæрæсейы Федераци Хуссар Ирыстоны адæмæн иууыл уæззау рæстæджыты – нæ бæстæ æмæ нæ адæмæн скуынæг кæнынæй тас куы уыд, уыцы рæстæг нæ уæлхъус кæй æрбалæууыд, уый.

«Уæззау фæндæгтыл мах бахъуыд иумæ лæгæрдын. Мах стыр аргъ кæнæм, абон Хуссар Ирыстоны адæм цы æнкъарæм æмæ уынæм нæхи цæстæй, уыцы хайбавæрд æмæ æххуысæн», – дзырдта президент.

Бæстæйы сæргълæууæг банысан кодта, зæгъгæ, ныртæккæ Уæрæсеимæ иумæ Хуссар Ирыстон Донбассы зæххыл слæууыдысты рæстдзинады сæрыл. Æппындæр дызæрдыггаг нæу уый, æмæ Уæрæсейы Федераци цы сæрмагонд операци уадзы, уый кæронмæ конд æрцæудзæн æмæ рæстдзинад хъахъхъæныныл.

Президент Гаглойты Алан бузныг загъта Уæрæсейы Федерацийы къухдариуæгад æмæ Хъахъхъæнынады министрадæн сæ егъау æххуысы тыххæй.

Хуссар Ирыстоны Хъахъхъæнынады министры хæстæ æххæстгæнæг, булкъон Пухаты Владимиры ныхæстæм гæсгæ, Уæрæсейы Федерацийы Хъахъхъæнынады министрадимæ развæлгъау бафысгæ сразыдзинæдтæ æмæ бадзырдтæм гæсгæ лæвæрд æрцыдысты æфсæддон-техникон исад.

«Нæ бæстæты хъахъхъæнынады уагдæтты ‘хсæн цæуы æмархайд алы здæхтыты. Къухтæ фыст æрцыдысты æмæ æнтыстджынæй реализаци цæуынц æхсæнведомствæйон бадзырдтæ æмæ сразыдзинæдтæ. Сæйраг хъусдард здæхт цæуы æдасдзинады иумиаг контуры фарс балæууыны фæдыл фарстытæм».

Хъахъхъæнынады министр банысан кодта, зæгъгæ, Хуссар Ирыстонмæ цы техникæ æрвыст цæуы, уый фæахъаз   уыдзæн гарзджын тыхтæн, сæ хæстон æмæ мобилизацион цæттæдзинад фæбæрзонддæр кæнынæн. Министрады раз цы фарстытæ ис, уыдон бæстон кæныны нысанæн, дарддæр  дæр кусдзыстæм ныфсджынæй.

Ныридæгæн инженерон техникæйы иуæй-иу хуызæгтæй, Хуссар Ирыстоны Гарзджын тыхтыл Сæйраг командæгæнæг Гаглойты Аланы бахæсмæ гæсгæ, пайда цæуы практикæйы. Банысан кодта, æппæт æфсæддон исадæй пайда кæй цæудзæн, æрмæстдæр, сабырадон уавæрты.

Æхгæд акционерон æхсæнад «Транском»-ы Генералон директор Александр Аношин бузныджы ныхæстæ загъта, ууæнк сыл кæй бафтыдтой, уый фæдыл æмæ Хуссар Ирыстоны президент Гаглойты Аланæн бакодта символикон лæвар.

Махæн, зæгъгæ, æхсызгон у, Республикæ Хуссар Ирыстоны националон æфсады хъахъхъæнынхъомдзинад сфидар кæнынмæ нæ хайбавæрд бахæссын.

Мадзалы хайадисджытæ цытджын уавæрты техникон лæггæдты пунктмæ бахизæны алыг кодтой символикон сырх лентæ. Паддзахады сæргълæууæг сырх лентæйыл ныффыста йæ арфæтæ.

Президент Гаглойты Алан, Уæрæсейы Æххæстбарджын минæвар Марат Кулахметов æмæ иннæ уазджытæ базонгæ сты техникон лæггæдты пункт æмæ инженерон-æфсæддон техникон иуæгтимæ. Уæрæсейы Федерацийы хъахъхъæнынады министрады минæвæрттæ сæ лæмбынæг базонгæ кодтой, цы техникæ сын балæвар кодтой, уыдон техникон-тактикон æууæлтимæ.

Хуссар Ирыстоны хъахъхъæнынады министрады техникон лæггæдты пункт бирæ фæрæуæгдæр кæндзæн министрады куыст, уымæн æмæ уым арæзт æрцыд æппæт фадæттæ æмæ уавæртæ, цæмæй техникон иуæгтæ цалцæг æмæ æмбæлон уагмæ конд цæуой ацы пункты.

Банысан кæнын хъæуы уый, æмæ ацы исад ахъаз кæндзæн националон æфсады хæстон æмæ мобилизацион цæттæдзинадæн, паддзахады хъахъхъæнынад æмæ æдасдзинад ифтонг кæныны хæстæ æххæст кæнынæн.

КЪÆБУЛТЫ Маринæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.