Хицауады сæрдар Джуссойты Константин ра-арфæ кодта Хуссар Ирыстоны паддзахадон университеты коллективæн уæлдæр ахуыргæнæндоны сырæзтыл 90 азы сæххæсты цытæн.

Арфæйы телы дзырдæуы:

«Цытджын хæлæрттæ!

Арфæ уын кæнын Хуссар Ирыстоны паддзахадон университеты сырæзтыл 90 азы сæххæсты цытæн.

Университетты евразиаг ассоциациты уæнг уæвгæйæ, Тыбылты Алыксандры номыл Хуссар Ирыстоны паддзахадон университет активонæй интеграци кæны дунеон ахуырадон тыгъдады, Уæрæсейы æмæ æввахс фæсарæнты уæлдæр ахуыргæнæндæттимæ æнтыстджынæй конкуренци кæнгæйæ, ахуыр кæны фæсарæйнаг студентты.

Абон Хуссар Ирыстоны университеты ахуыр кæнынц цыппар мин студентæй фылдæр, 24 кафедрæйы та кусы цыппарсæдæ кусæгæй фылдæр. Фæстаг азты уæлдæр ахуыргæнæндон къухтæ æрфыста Уæрæсейы æмæ æндæр регионты уæлдæр ахуыргæнæндæттæ æмæ центртимæ 30 сразыдзинадæй фылдæрыл.

Ныфс мæ ис, бæрзонд профессионализм, ХИПУ-йы ахуыргæнджытæ æмæ студентты зонадон æмæ сфæлдыстадон хъомыс фадат кæй рат-дзæн æппæт сæвзæргæ фарстытæ æнтыстджынæй скъуыддзаг кæнынæн.

Мæ цæст уын уарзы фæрныгад æмæ дидинæфтыд!»

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.