Зынаргъ хæлæрттæ!

Арфæ уын кæнын Тæрхондонон системæйы боны цытæн!

Закъонæн удуæлдайæ службæ кæнын у кадджын æмæ бæрнджын мисси, кæцы тæрхондоны кусджытæй домы æрмæст бæрзонд зонындзинæдтæ нæ, фæлæ уæлдай сæрмагонд миниуджытæ: равзаргæ фæндагæн кад кæнын æмæ йыл æнувыд уæвын.

Расттæрхонадæн ахъазгæнæг системæ аразын баст у уæ куырыхондзинад, профессионализм æмæ службæйон хæстæ цæсгомджынæй æххæст кæныныл. Сымах ифтонг кæнут Республикæ Хуссар Ирыстоны æмбæстæгты конституцион бартæ æмæ сæрибардзинад хъахъхъæнын. Æмæ цас бæрцæй æххæст цæудзæн тæрхондонон къабазы алы цæг, ууыл баст у иумæйагæй паддзахады авторитет.

Уæлдай бузныджы ныхæстæ мæ фæнды зæгъын тæрхондонон системæйы ветерантæн, кæцытæ стыр хайбавæрд бахастой Республикæ Хуссар Ирыстоны фидар барадон базæ саразыны хъуыддагмæ. Ныфс мæ ис, Фемидæйы службæгæнджыты нырыккон фæлтæр кæй æххæст кæндзæн Закъон.

Мæ цæст уын уарзы фидар æнæниздзинад, амонд, дарддæры æнтыстытæ, сабырад, хорздзинад æмæ фæрныгад уæхицæн æмæ уæ бинонтæн!

Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент БИБЫЛТЫ Анатоли

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.