Республикӕ Хуссар Ирыстоны Президент Гаглойты Алан ӕрӕджы мидисджын ӕмӕ ахадӕн Ныстуан сарӕзта адӕм ӕмӕ Парламентмӕ. Бӕстӕйы сӕргълӕууӕг лӕмбынӕг ӕрдзырдта республикӕйы уавӕрыл, мидӕггагон ӕмӕ ӕддагон политикӕйы сӕйраг здӕхтытыл, адӕмы хӕрзӕбоныл баст ахсджиаг проблемӕтыл. Бӕстӕйы сӕргълӕууӕджы Ныстуаны фӕдыл нын сӕ хъуыдытӕ дзурынц:

Республикӕ Хуссар Ирыстоны Парламенты Сӕрдар Æлборты Алан: – Парламент ӕмӕ адӕммӕ паддзахады сӕргълӕууӕг цы ныстуаны сарӕзта, уым Парламентӕн ахсджиаг у закъондӕттынадон органтимӕ Президенты ӕмархайды институттӕ саразын. Æхсызгонӕй банысан кодта уый, ӕмӕ паддзахады сӕргълӕууӕг райгонд кӕй у Парламенты куыстӕй.

Мӕ хъуыдыкӕнынады Гаглойты Алан ссис иунӕг Президент, кӕцы аскъуыддзаг кодта, цӕмӕй йӕ ӕххӕстбартӕ адих кӕна республикӕйы Парламентимӕ. Уыдон сты йӕ ӕвзӕрстыты агъоммӕйы ныфсытӕ ӕмӕ ныр, бӕстӕйы сӕргълӕууӕг уӕвгӕйӕ, ацы здӕхты аразы йӕ фыццаг къахдзӕфтӕ.

Уымӕн ӕмӕ йӕ истори куыд фенын кодта, афтӕмӕй президентон республикӕ зиан хӕссы Хуссар Ирыстонӕн. Парламентӕн йӕ тыхы куы уа бирӕ хъуыддӕгтыл банда-вын, уый Æххӕсткӕнынадон къухдариуӕгад куы ӕмбара, уӕд хуыздӕр кусдзӕн.

Президент ма ахсджиаг хъусынгӕнинаг сарӕзта алы къухдариуӕггӕнӕг дӕр сӕрмагондӕй кӕй дзуапп кӕндзӕн нӕ республикӕйы адӕмы раз, уый фӕдыл. Алы къухдариуӕггӕнӕг дӕр йӕхæдæг йӕхимӕ хъуамӕ радта ахӕм фарст, цы аразы, кӕнӕ æххæстæй аразы ӕппӕтдӕр, бӕстӕйы хӕрзӕбоны ӕмвӕзад уæлдæр кæныны тыххæй, æви нæ.

РЦИ-Аланийы Парламенты Сӕрдар Тускъаты Таймураз:

– Хуссар Ирыстоны Президент Гаглойты Алан адӕм ӕмӕ Парламентмӕ йӕ Ныстуаны банысан кодта сӕйраг здӕхтытӕ, кӕцытӕ бӕлвырд кӕнынц республикӕйы социалон-экономикон рӕзт.

Мӕнӕн кады хъуыддаг у, ахӕм нысаниуӕгджын бон Хуссар Ирыстоны кӕй дӕн, фадат мын кӕй ис Парламенты депутаттӕн ӕмӕ республикӕйы цӕрджытӕн ацы нысаниуӕгджын бон раарфӕ кӕнынӕн. 1992 азы 29 майы Хуссар Ирыстоны паддзахадон хӕдбардзинады Акт расидыны бон Ирыстоны Цӕгат хай та нысан кӕны Цӕгат Ирыстоны Уӕлдӕр Совет Хуссар Ирыстоны банымайыны тыххӕй уагӕвӕрд куы райста, ууыл 30 азы сӕххӕсты бон.

Алы адӕмы царды дӕр вӕййы сӕйраг, нысаниуӕгджын цаутӕ, кӕцытӕ свӕййынц адӕмы историйы егъау хай. 29 май растдӕр у ахӕм бӕрӕгбон ӕмӕ адӕм сӕрибар царды барты тыххӕй сӕ фӕндондзинад куы бафидар кодтой. Уымӕн ӕмӕ Хуссар Ирыстоны адӕм рацыдысты уӕззау фӕлварӕнты сӕрты, фенын кодтой егъау фӕндвидардзинад, ӕнӕфӕтасгӕ хъару ӕмӕ бахъахъхъӕдтой сӕ сӕрибардзинад.

Мах сӕрыстырӕй нысан кӕнӕм ацы бӕрӕгбон  ивгъуыд азтыл нӕ цӕст ахӕсгӕйӕ ӕмӕ фидӕнӕй стыр ныфсытӕ ӕвӕргӕйӕ, ирд ӕмӕ хӕрзиуджытӕм тырнгӕйӕ. Уымӕн ӕмӕ нӕ рӕзгӕ фӕлтӕр ӕнцой кӕнынц ӕмӕ фӕзмынц Ирыстоны хъайтарты – Остъаты Алекси, Коцты Константин, Джуссойты Нафи, Æлборты Феликс ӕмӕ бирӕ ӕндӕрты сгуыхтдзинӕдтӕ.

Дызӕрдыггаг нӕу, Фыдыбӕстӕмӕ уарзондзинад ӕмӕ Хуссар Ирыстоны алы цӕрӕджы ӕнтыстджын куыст дӕр ахъаз кӕндзысты республикӕйы ӕнтыстджын рӕзтӕн.

Хуссар Ирыстоны Президент ма цы ахсджиаг здӕхтытӕ банысан кодта йӕ Ныстуаны, уыдонӕй иу у хостӕй ифтонг кӕныны проблемӕ. Уый фӕдыл Цӕгат Ирыстоны ис бӕрӕг бакуыстытӕ, кӕцытӕ райсӕн ӕмӕ бафӕзмӕн ис.

Махмӕ ис, иу кӕнӕ иннӕ фадыг райрӕзын кӕнын чи бӕрӕг кӕны, ахӕм закъӕттыл ӕруынаффӕ кӕныны фӕдыл тымбыл фынгтӕ уадзыны практикӕ. Æлборты Аланимӕ банысан кодтам, Цӕгат ӕмӕ Хуссар Ирыстоны закъӕттӕ аразыны иумæйаг куыстыл уынаффӕ кӕнын ӕмӕ ӕмархайды фӕдыл бӕрӕг пълӕнттӕ аразыныл. Ахӕм иумиаг ӕмӕ ӕнгом куыстӕн уыдзӕн йӕхи фӕстиуджытӕ.

Уымӕ гӕсгӕ ӕхсӕнпарламентон ӕмархайд, архайӕг закъӕтты куыстӕн анализ кӕнын ӕмӕ закъӕттӕ исыны архайдмӕ эффективон инструменттӕ бахӕссын уыдзысты рӕзты сӕйраг ратӕдзӕнтӕ.

Хуссар Ирыстоны Æнӕниздзинад ӕмӕ социалон рӕзты министр Плиты Агуындӕ:

Ныстуаны фæдыл хъуыдытæ

– Йӕ Ныстуаны бӕстӕйы сӕргълӕууӕг Æнӕниздзинад хъахъхъӕныны министрадмӕ ахасты цы хъуыдытӕ ӕмӕ хатдзӕгтӕ банысан кодта, уыдон сты бындурон.

Æнӕниздзинад хъахъхъӕныны министрады скондӕй социалон фадыг рахицӕн кӕнын актуалон у. Фӕллой ӕмӕ соцалон рӕзты министрад хицӕн куы уа, уый фылдӕр пайда ӕрхӕсдзӕн. Ныртӕккӕ социалон фарстатӕ ӕмӕ ӕнӕниздзинад хъахъхъӕныны фадыджы архайынц кусджыты ӕмхуызон нымӕц. Фӕлӕ социалон фадыджы фарстатӕ арф сты ӕмӕ сӕ ӕрбӕстон кӕнынӕн хъӕуы уӕхскуӕзӕй кусын.

Уӕрӕсейы Федерацийы медицинон уагдӕттимӕ телемедицинон консультацитӕ уадзын практикон ӕгъдауӕй ӕххӕст цӕуы. Ацы фарстыл уынаффӕ цыд, нӕ республикӕмӕ УФ-йы Æнӕниздзинад хъахъхъӕныны министрады кусӕгон балцы рӕстӕджы ацы аз февралы мӕйы ӕмӕ йын ныридӕгӕн ис ӕнтыстытӕ. Æрӕджы Хуссар Ирыстонмӕ УФ-йы Æнӕниздзинад хъахъхъӕныны министр Михаил Мурашкойы бахӕсмӕ гӕсгӕ ӕрвыст ӕрцыд кусӕгон къорд. Уыцы кусӕгон къордӕй цалдӕр адӕймаджы уыд телемедицинон консультациты Федералон центрӕй.

Æмӕ уал фӕлварӕн телемедицинон консультаци нӕ бирӕпрофилон медицинон центрӕй уӕззау рынчыны тыххӕй уагъд ӕрцыд Мӕскуыйы Герцены ӕмӕ Вишневскийы номыл институттимӕ. Уымӕй махӕн фадат фӕцис, цӕмӕй регистраци ӕрцӕуӕм телемедицинон консультациты Федералон центры. Уымӕ гӕсгӕ ӕнӕаргъӕвгӕ ӕмӕ уӕззау рынчынты фарст бӕстон ӕрцыд. Бӕстонкӕнинаг ма у пъланон рынчынты фарсты фæдыл бакусын, ныфс мӕ ис ӕмӕ уыцы фарст дӕр иу, дыууӕ мӕймӕ скъуыддзаг ӕрцӕудзӕн.

Бӕстӕйы сӕргълӕууӕг ма йӕ Ныстуаны дзырдта  цалдӕр бынаты чи кусынц, уыдоны тыххæй. Ацы фарст бӕстон ӕрцӕудзӕн, цы æмгъуыд банысан кодта, уӕдмӕ, ома 1 сентябрмӕ.

Хуссар Ирыстоны раздӕры Президент Тыбылты Леонид:

Ныстуаны фæдыл хъуыдытæ

– Адӕм ӕмӕ Парламентмӕ Хуссар Ирыстоны Президент Гаглойты Алан цы Ныстуан сарӕзта, уым нысан цӕуынц республикӕйы рӕзт ӕмӕ паддзахады сӕргълӕууӕг ӕххӕсткӕнынадон, закъондӕттынадон ӕмӕ тӕрхондонон къухдариуӕгады раз цы хӕстӕ ӕвӕры, уыдон. Ныфс мӕ ис ӕмӕ ацы нысаниуӕгджын мадзалы фӕстӕ ӕмбӕлон органтӕ ноджы лӕмбынӕгдæр ахъуыды кӕндзысты, Президент рæгъмæ цы фарстатӕ рахаста уыдоныл ӕмӕ ӕрӕвналдзысты сæ сæххӕст кӕнынмӕ.

Министрадтӕ ӕмӕ уагдӕтты къухдариуӕггӕнджытӕ ӕнӕмӕнгдӕр хъуамӕ саразой дарддӕры куысты ӕмӕ сӕ разы ӕвӕрд хӕстӕ реализаци кӕныны пълӕнттӕ. Ныфс мӕ ис ӕмӕ ахӕм куыст уагъд куы ӕрцӕуа, уӕд уый хорзӕрдӕм бандавдзӕн нӕ республикӕйы адӕмы цардыл.

Ахсджиаг у уый ӕмӕ бӕстӕйы сӕргълӕууӕг республикӕйы адӕм ӕмӕ Парламентмӕ йӕ Ныстуан кӕй сарӕзта, Хуссар Ирыстон 31 азы размӕ Уӕлдӕр Советы сессийы ист паддзахадон хӕдбардзинад Акт расидыны бон. Уыцы бон Ныстуан саразын символикон у. Уымӕн ӕмӕ 1992 азы 29 майы Хуссар Ирыстоны паддзахадон хӕдбардзинад расидыны Акты райст ссис нӕ бӕстӕйы адӕмы царды ахсджиаг политикон цау.

КЪÆБУЛТЫ Маринæ

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.