Цхинвалы уагъд æрцыд ХИПУ-йы гом чемпионат шахматтæй. Хайад сæ райстой республикæйы  иууыл тыхджындæр 20 шахматисты. Ерыстæ байгом кодта РХИ-йы шахматты федерацийы президент Саулохты Георги. Уый куыд банысан кодта, афтæмæй чемпионат цыд ивгъуыд аз дæр, фæлæ дзы уæд архайдтой æрмæстдæр студенттæ æмæ университеты кусджытæ, ныр та дзы ерыс кодтой республикæйы иннæ шахматисттæ дæр. Георгийæн йæ фæстиуæгджын куысты тыххæй бузныг загъта ХИПУ-йы ректор Тедеты Вадим. Афтæ ма йæ раныхасы загъта, сæ уæлдæр ахуыргæнæндоны стыр хъусдард кæй здахынц спортмæ.

«Ивгъуыд аз нæм кусын райдыдтой цалдæр спортивон секцийы, уыдонæй сæ иу уыд шахматты секци. Фæлæ стæй ахъуыды кодтам æмæ уыцы секцийæ сарæзтам Гобозты Валерийы номыл шахматты скъола», – фехъусын кодта Тедеты Вадим.

Ерыстæм бакæсынмæ æрбацыдысты нæ республикæйы  уазджытæ – Донецкы Адæмон Республикæ æмæ Цæгат Ирыстон-Аланийы уæлдæр ахуыргæнæндæтты минæвæрттæ. Афтæ ма Мæскуыйы æхсæнадæмон ахастыты  паддзахадон институты  профессор, телеуынынад, радио æмæ мыхуыры æхсæнадæмон Евразиаг академийы президенты хæдивæг Кипрас Мажейка.

Чемпионат официалонæй байгом кæныны церемонийы æрæмбырдуæвджытæн Нарты фæткъуыйы премийы лауреат, зындгонд чиныг «Осетия и осетины»-йы саразæг Челехсаты Хъазбег куыд фехъусын кодта, афтæмæй ирæттæм æрмæст дунейыл зындгонд хъæбысæйхæцджытæ нæй, фæлæ ма ирон адæмы спортивон кад бæрзонд кодтой æмæ кæнынц спорты æндæр хуызты минæвæрттæ дæр, уыдон нымæцы шахматисттæ дæр. Уый йæ чингуытæ балæвар кодта уазджытæн.

Чемпионаты хайад чи райста, уыцы шахматисттæй иууыл кæстæрыл цыд 8 азы, иууыл хистæрыл та – 80 азы. Ерыстæ цыдысты швейцариаг системæмæ гæсгæ. Партитæ иууылдæр акæнгæйæ, иууыл фылдæр очкотæ æрæмбырд кодта æмæ чемпионаты уæлахиздзау ссис Сиукъаты Алан, дыккаг бынат бацахста Тыбылты Ирбег æмæ æртыккагыл та ацыд Саулохты Георги.

«Тынг æхсызгон мын у, кæй фæуæлахиз дæн, уый. Уымæн æмæ математикон факультеты студент куы уыдтæн, уæд цыппар хатты рамбылдтой Цæгат Ирыстоны Паддзахадон университеты чемпионат, ныр та фæуæлахиз дæн ХИПУ-йы чемпионаты», – загъта Сиукъаты Алан. 

РХИ-йы шахматты федерацийы президент Саулохты Георги куыд банысан кодта, афтæмæй ацы ерыстæ ахъаз сты республикæйы шахматистты цæттæдзинад фæбæрзонддæр кæнынæн.

«Чемпионаты хайад райста республикæйы шахматон элитæ. Турнир ацыд конкурентон тохы. Уымæн æмæ рæзы æвзонг шахматистты цæттæдзинад дæр æмæ хистæр кары адæмæн зындæрæй зындæр у семæ хъазын. Ныр дæр фæстаг туры онг дыууæ ахуырдзауы Къодоты Андрей æмæ Цоциты Батрадзæн хорз гæнæн уыд призон бынат бацахсын», – загъта Саулохты Георги.

Ерысты уæлахиздзаутæ æмæ призертæ хорзæхджын æрцыдысты кубоктæ, кады грамотæтæ æмæ æхцайы премитæй.

Хуриты Батрадз

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.