Зынаргъ сылгоймæгтæ! Нæ мæдтæ æмæ нæ нанатæ!

Зæрдиаг арфæ уын кæнын иууыл хъармдæр æмæ зæрдиагдæр бæрæгбон – Мады боны цытæн!

Æндæр бæрæгбонты ‘хсæн, кæй зæгъын æй хъæуы, ацы бæрæгбонæн ис сæрмагонд бынат, нæ зæрдыл нын лæууын кæны сылгоймаджы сæйраг миссийы тыххæй – цард, хъармдзинад лæ-вар кæнын æмæ мыггаг дарддæр кæнын.

Сылгоймаджы æнувыддзинад йæ хъæбултыл, цæрæнбонты хæдзары къона хъахъхъæнæг, фæллойгæнæг, удварны æнцойадхæссæг кæддæриддæр уыдысты æмæ уыдзысты адæймагады стыр хæзна.

Мады уарзондзинад мах кæны тыхджындæр, æххуыс нын кæны зындзинæдты ныхмæ фæлæууын æмæ æнтыстыл æууæндын.

Уадз, æмæ уæ алы бон дæр йедзаг уæд хорздзинад æмæ циндзинадæй, уæ зæрдæтæ та хъарм уæт уæ хиуæтты уарзондзинад æмæ хъусдардæй. Уæ бинонты ‘хсæн уæт амонд, æнæниздзинад, фæрныгад, сабырад æмæ æнцойдзинад!

Республикæ Хуссар Ирыстоны

Хицауады Сæрдар Пухаты Эрик

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.