Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент Бибылты Анатоли раарфæ кодта УФ-йы Президент Владимир Путинæн Уæрæсейы Федерацийы Конституцийы боны цытæн.

Арфæйы телы дзырдæуы:

«Цытджын Владимир Владимиры фырт!

Айс иууыл зæрдиагдæр æмæ хъармдæр арфæтæ ахæм нысаниуæгджын бæрæгбон -Уæрæсейы Федерацийы Конституцийы боны цытæн.

Абоны бон, дунейы политикон аренæйы вазыгджын уавæрты, Конституци, паддзахады æхсæнадон сконды апп, фæткæвæрды æмæ закъондзинады бындур уæвгæйæ, бирæнацион адæмы царды хъазы уæлдай æнгомгæнæн роль. Уæрæсейы рагæй фæстæмæ бæрнон ахаст дардтой Сæйраг закъон кæй расидт, уыцы æргъадты фидар кæнынмæ, рæзгæ фæлтæры райгуырæн бæстæйæн кад кæныны традицитыл, патриотизм æмæ æмбæстагон бæрндзинадыл хъомыл кæнын. 

Ныфс мæ ис, хуссарирыстойнаг-уæрæсейаг цæдисон ахастытæ, кæцытæ бындуриуæг кæнынц бирææнусон хæлардзинадыл, дарддæр дæр фидар кæндзысты æмæ рæздзысты нæ адæмты хорз фидæны сæраппонд.

Ацы нысаниуæгджын боны дын, цытджын Владимир Владимиры фырт, мæ цæст уарзы фидар æнæниздзинад æмæ дарддæры æнтыстытæ, Стыр Уæрæсейы æппæт адæмæн та – сабырад, хорздзинад æмæ дидинæфтыд».

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.