Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент Бибылты Анатоли йæхимæ райста Æртæиууон чырстон аргъуаны клирик фыд Сергийы. Паддзхады сæргълæууæг аргъуанæн балæвар кодта Сыгъдæг Иоанн хъизæмайраджы сыгъдæг буары иу хай æмæ царддæттæг дзуары чысыл хай.

Президентæн сæ балæвар кодта уæрæсейаг меценат Юри Хомяков, Мæскуымæ йæ кусæгон балцы рæстæджы.

«Фæнды мæ, цæмæй уыдон нæ адæмы хъахъхъæной, фыдбылызтæй сæ хизой æмæ сын æххуыс кæной», – загъта Президент.

Фыд Серги банысан кодта, лæвæрттæ зынаргъ кæй сты  æмæ загъта, зæгъгæ, уыдоны номыл уагъд æрцæудзæн бакуывд.

«Мах кувдзыстæм Хуссар Ирыстоны сабырад æмæ дидинæфтыды тых-хæй», – загъта уый.

Фыд Серги бузныджы ныхæстæ загъта Бибылты Анатолийæн Боровы нæлгоймæгты моладзандонмæ ацæуынæн сын кæй баххуыс кодта, уый тыххæй.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.