РХИ-йы Президент Бибылты Анатоли раарфæ кодта Уæрæсейы Федерацийы Республикæ Хуссар Ирыстоны Уæлвæткон æмæ Æххæстбарджын минæвар Гасситы Знауырæн йæ райгуырды сæраппонд.

Арфæйы дзырдæуы:

«Зынаргъ Знауыр Никъалайы фырт,

Æрвитын дæм мæ иууыл хъармдæр æмæ зæрдæбындæр арфæтæ дæ райгуырды сæраппонд.

Дæ дипломатон фæлтæрддзинад, нырыккон проблемæтæн анализ æмæ сæ бæстон æмбарын ахъаз кæнынц Республикæ Хуссар Ирыстонæн йæ разы æрæвæргæ хæстæ æмæ нысæнттæ аккагæй реализаци кæнынæн, Уæрæсейы Федерацийы цæрæг Хуссар Ирыстоны æмбæстæгты интерестæ æмæ бартæ хъахъхъæнынмæ здæхт архайды æнтыстытæ къухы бафтын кæнынæн.

Ныфс мæ ис дæ къухдариуæгадæй Уæрæсейы Федерацийы Республикæ Хуссар Ирыстоны минæварад дарддæр дæр йæ уæзгæ бавæрд кæй хæсдзæн æмцæдисон хуссарирыстойнаг-уæрæсейаг ахастытæ фидардæр кæныны хъуыддагмæ.

Ацы зæрдылдарæн бон дын, цытджын Знауыр Никъалайы фырт, мæ цæст уарзы фидар æнæниздзинад, æвидигæ хъарутæ æмæ фæрныгад.

***

Уæрæсейы Федерацийы Республикæ Хуссар Ирыстоны Уæлвæткон æмæ Æххæстбарджын минæвар Гасситы Знауырæн ма йæ райгуырды боны цытæн раарфæ кодта РХИ-йы Хицауады Сæрдар Пухаты Эрик дæр.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.