Мæскуыйы паддзахадон университеты доцент Олег Беляев ирон æвзаджы тыххæй загъта: «Бирæтæ дзурынц, зæгъгæ, сæ цæмæн хъæуы ирон æвзаг, кæд æмæ йыл æрмæстдæр хæдзары дзурынц, уæд. Уый у фыццаг къахдзæф æвзаг фесафынмæ».

Цæмæй æвзаг бахъахъхъæд æрцæуа, уый тыххæй дзы хъæуы пайда кæнын æппæт къабæзты дæр. Ахæм хъуыды загъта доцент Олег Беляев. Уый бирæ азты дæргъы архайы ирон æвзаг ахуыр кæныныл. Ахуыргонд банысан кодта, зæгъгæ, алцыдæр баст у æвзагыл дзурджытæн сæхиуыл.

«Куыдфæнды хорз ма уой техникон фæрæзтæ, уæддæр уыдон нæ бакæндзысты æвзагыл дзурджыты куыст. Сæйраг уый у, цæмæй адæм пайда кæной ирон æвзагæй æппæт къабæзты дæр. Ома, дзы æрмæст хæдзары ма пайда кæной, фæлæ алы ран дæр. Бирæтæ фæдзурынц, зæгъгæ, нæ цæмæн хъæуы, ирон æвзагыл, дам, дзурын æрмæстдæр Нана æмæ Дадаимæ. Афтæ ма хъуамæ уа, уый у фыццаг къахдзæф æвзаг фесафынмæ. Адæймаг хæдзары ирон æвзагыл куы дзура, æмæ уынджы та — уырыссаг æвзагыл, уæд бынтондæр нал дзурдзæн иронау.

Гæнæн ис æмæ ма йæхæдæг дзура мадæлон æвзагыл, фæлæ йæ сывæллæттæ нал дзурдзысты. Хъæуы аразын уавæртæ, цæмæй адæймаг ресторанмæ, магазинмæ, университетмæ куы æрбацæуа, уæд алы ран дæр сæрибарæй дзура иронау æмæ йæ æмбарой. Фыццаг бынатыл ис æвзагыл дзурджытæн сæхи энтузиазм. Хъуамæ æмбарой, æвзагæй спайдагæнæн кæй ис æппæт къабæзты дæр. Уæд æвзаг цæрдзæн. Æвзаг арæнгонд куы уа цахæмдæр функционалон къабæзты, уæд фесæфдзæн кæд ацы фæлтæры нæ, уæд иннæ фæлтæры», — загъта Олег Беляев.

Ахуыргонд банысан кодта, зæгъгæ, хъæуы æппæт тыхтæй дæр архайын æвзаг рæзын, максималонæй дзы пайда кæныны тыххæй. «Æвзаджы уникалондзинад хорз у, фæлæ нырма иу æвзаг дæр йæ уникалондзинадæй йæхи нæ бахъахъхъæдта амæлынæй. Æвзагæн цахæмфæнды хъæздыг истори, традицитæ ма уа, уæддæр æнæмæнгæй фесæфынц, адæм ыл куынæ уал фæдзурынц, уæд. Ис ахæм цыдæртæ, кæцытæ æнгомæй баст сты æвзагимæ. Гæнæн ис ратæлмац кæнай уырыссаг æвзагмæ æнæхъæн Нарты эпос, фольклор, фæлæ дзы уæддæр цыдæр фесæфдзæн», — йæ ныхасмæ бафтыдта Олег Беляев.

Зынгæ ахуыргонд-лингвист ацы бонты лекци бакаст ЦИПУ-йы. Доцент студенттæ æмæ уазджытæн радзырдта йæ иртасæнты фæдыл ирон æвзаджы истори æмæ уникалондзинады тыххæй.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.