6-æм декабры горæты тæрхондон аххосджынгæнæн хатдзæг рахаста Мид-хъуыддæгты фæдагурæн рæстæгмæдарæн изоляторы фыднады фæстиуæгæн цы æмбæстаг амард, уыцы резонансон хъуыддаджы аххосджынтæн.

Уæды Криминалон милицийы уголовон фæдысгæрсты хайады сæргълæууæг Бибылты Джумбер, хистæр æххæстбарджынтæ Хуыгаты Мурат, Багаты Алан, Къозонты Сергей, Годжыцаты Заур, криминалон милицийы терриризмы æмæ экстремизмы хайады сæргълæууæг Джиоты Андрей æмæ Наниты Ацæмæз аххосджын цæуынц Дзабиты Иналы амæлæты цауы æмæ Цхуырбаты Николай æмæ Хъуылымбегты Герсаны фыднад кæныны хъуыддаджы.

2020 азы 28-æм августы Криминалон милицийы спортивон залы цы уголовон бафарстытæ цыд, уый фæстиуæгæн амард æвзонг лæппу, æртæ сывæллоны фыд Дзабиты Инал. Уыцы цау æхсæнады сæвзæрын кодта хæццæдзинад æмæ æркодта уæды РХИ-йы Хицауады отставкæмæ.

Генералон прокуратурæ уæдæй нырмæ уагъта фæдысгæрстытæ. Хъуыддаг-иу адæттой тæрхондонмæ, фæлæ та иу горæты тæрхондон Дзабиты Иналы хъуыддаг аздæхта фæстæмæ  прокуратурæмæ. Уымæн æмæ дзы-иу ссардтой уголовон-процессуалон кодексы бархæлдтытæ.

Фæдагуырд æгæр кæй адаргъ, уый æхсæнады æвзæрын кодта æнæразыдзинад. Фæлæ тæрхондон хъуыддаг куыд амыдта, афтæмæй йæ бон нæ уыд аххосджынæн хатдзæджы фæлгæттæй ахизын. Хъуыддаджы уыд нюанстæ, кæцытæ кæронмæ ахуыр не ‘рцыдысты, кæмдæрты та хъуыд уæлæмхас бæлвырдгæнæнтæ ссарын. Уыдис дзы конкретон рæдыдтытæ дæр.

Амæлæты аххосæгтæ сбæлвырд кæныны нысанæн уагъд æрцыд цалдæр экспертизæйы. Бирæ бархæлдтытæ аиуварс кæныны фæстæ генералон прокуратурæ хъуыддаг арвыста тæрхондонмæ.

РХИ-йы Президент Гаглойты Алан иу æмæ дыууæ хатты нæ бафæдзæхста æппæт фæдагуырды органты, цæмæй фыдгæнджыты ссарой æмæ сæ закъонмæ гæсгæ бафхæрой. Уголовон хъуыддæгтæ ма конд æрцыд раздæры Генпрокурор Дзæгъиаты Уырызмæг æмæ мид-хъуыддæгты министр Наниты Игорыл. Тæрхондоны аххосджынгæнæн хатдзæг рахæссыны процедурæйы уыдысты фæмардуæвæг лæппуйы бинонтæ æмæ Дзабиты Иналы амæлæты аххосджынуæвджыты адвокаттæ æмæ хиуæттæ. Дзабиты Инал кæй аххосæй фæмард, уыцы лæппуты бинонтæ разы нæ уыдысты генералон прокуратурæйы аххосджынгæнæн хатдзæгимæ.

Уæ зæрдыл уын лæууын кæнæм, лæппутæй сæ иу Хуыгаты Мурат йæхи азымджын кæй нæ хаты  уый тыххæй дыууæ къуырийы размæ кæй расидт æххормагдзинады акци. Уый фæстæ йе ‘нæниздзинад кæй фæцудыдта, уый нысанæн ныртæккæ ис республикон бирæпрофилон медицинон рынчындоны.

Ацы резонансон хъуыддаджы аххосджынтæн тæрхон хаст æрцæудзæн 11-æм декабры.

***

Ацы къуырийы ма Тæрхондон тæрхон рахаста Гæбæраты Хох æмæ Дзабиты Олегæн. Сæ дыууæйæн дæр тæрхон æрцыд ахæстоны авд азы фæбадын. Уыдон аххосдджын æрцыдысты 2021 азы декабры мæйы Арæзтадон фирмæ «Бадо»-йы сæргълæууæг Уалыты Владиславы адавды.

Тæрхоны процессы Уалыты лæппу йæхæдæг хайад нæ иста, йæ интерестæ йын хъахъхъæдта адвокат.

УАЗÆГТЫ Марфа

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.