Нæ республикæйы рæсугъд хæххон хъæутæй сæ иу у Тлийы хъæу. Йæ географион равæрдмæ гæсгæ хауы  Дзауы районмæ. Мæргъиты мыггаг сты ардыгæй рацæугæ. Ам Стыр Фыдыбæстæйон хæсты размæ цард цæджджинагау æхсыст, уыдис дзы йæхи фарны, æгъдауы лæгтæ. Фæлæ райдыдта хæст æмæ ацы хъæуæй гитлерон фашистты ныхмæ тохмæ фæцыдис 54 æвзонг лæппуйы, кæцытæй фæстæмæ нал æрыздæхтис 32 хæстоны. Уый та, кæй зæгъын æй хъæуы, уæззау цæф уыдис куыд сæ бинонтæн, афтæ хъæуы рæзт æмæ размæцыдæн дæр. Куыд æндæр хæххон хъæутæ, афтæ Тлийы цæрджытæ дæр фылдæр фосдарды куыст кодтой. Йæ сæрвæттæ-иу йедзаг уыдысты фосы рæгъæуттæй. Ам ма зæгъын хъæуы уый дæр, æмæ цы тыллæг истой сæ цæхæрадæттæй, колхозы хуымтæй уыдон канд сæхи фаг нæ куымдтой, фæлæ ма дзы уæймæ дæр ластой нæ горæтмæ, уæй дзы кодтой паддзахадæн дæр. Цæрджытæ-иу кæддæриддæр æххуысхъуаг сыхæгты æмæ хæстæджыты тыхсын никуы бауагътой, сæ бон-иу куыд æмæ цас цыдис, афтæ сын æххуыс кодтой.

Кæд абон хъæуы цæрæг нал ис, уæддæр Тлигомы цæрын кæй фæнды, ахæмтæ дзæвгар сты. Бирæтæ сæ зæххытæ æгуыст нæ ныууадзынц æмæ сæ райсгæ тыллæгæй вæййынц райгонд.

Йæ хъысмæт Тлиимæ баст кæмæн у, йæ фыдæлтæ ам кæмæн цардысты, уыцы адæй-мæгты  се стыр уарзондзинад æлвасы фыдæлты уæзæгмæ æмæ уымæн ныридæгæн ис хорз фæстиуджытæ. Фæстаг цалдæр азы хъæумæ бацæуæны хæдзæрттæ чи сарæзта, уыдоны нымæц фæфылдæр. Фыццаг ам хæдзар сарæзта Мæргъиты Батыр, фæстæдæр та – Мæргъиты Хъазбег æмæ дзы цардис йæ хо Маняимæ. Сыхæгтæ къорд азты дæргъы цардысты кæрæдзийæн аргъгæнгæйæ æмæ ныфсæй. Ардæм æрдзы хъæбысмæ æндæр рæттæй улæфджытæ куы ‘рбацæуы, уæд сыл парахат зæрдæимæ сæмбæлынц.

Абон ам хæдзæрттæ чи сарæзта, фыдæлты къуыммæ ахæм архайд æмæ ахастæй сæрыстыр чи у, уыдоны нымæцмæ хауынц Мæргъиты Батыр, Тезикъо, Инал æмæ æндæртæ. Мæргъиты Алан куыд зæгъы, уымæ гæсгæ, аразын цы хæдзар райдыдта, уый фæззæджы фæудмæ  фæкæндзæнис агъуысты бын. Цалдæрæй та ам æрцæттæ кодтой, фидæнмæ хæдзæрттæ аразын кæм райдайдзысты, уыдонæн сæ бынæттæ.

Хæдзæрттæй дарддæр ма Цхинвал-Дзæуджыхъæуы сосæфæндагæй Тлийы хъæумæ арæзт цæуы фæндаг дæр. Уым ныртæккæ æххæст цæуынц рæмудзæн æмæ фæндаг алæгъзгæнæн куыстытæ. Кæд фæндагыл машинæтæ ныридæгæн цæуынц æдæрсгæ, уæддæр йæ аразджытæ Харебаты Гарик, Касаты Геннади æмæ Хъуылымбегты Маир куыд зæгъынц, уымæ гæсгæ фæндаг фæуæрæхдæр æмæ фæлæгъздæр кæныны куыстытæ дарддæр цæуынц æмæ тагъд рæстæджы йæ уавæр фæхуыздæр уыдзæнис.

Уымæй дарддæр ма Тлийы хъæуы арæзт цæуы мыггаджы дзуар. Ам та стырдæр хъæппæрис равдыста Мæргъиты Анатоли. Кæд кæронмæ арæзт нæма фæцис, уæддæр æм ныридæгæн сæхи фæдзæхсынмæ цæуынц Мæргъийы мыггаджы фæдонтæ.

ГÆЗЗАТЫ Иван

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.