Кæцыфæнды наци дæр культурæ æмæ мадæлон æвзагæй наци у, уымæ гæсгæ абон ахсджиаг у, цæмæй ныры æмæ фидæны фæлтæртæ зоной æмæ уарзой сæ мадæлон æвзаг. Ирон æвзагæн йæ уавæр бæллиццаг кæй нæу, уый ЮНЕСКО-йы дæр бамбæрстой æмæ йæ бахастой, фесæфынæй тас кæмæн у, уыцы æвзæгты номхыгъдмæ. Ацы фæдисхъæр фехъуыст Цæгат Ирыстон-Аланийы разамынадмæ æмæ 2017 азы хъуыддагыл бындуронæй æруынаффæ кодтой Битарты Вячеславы сæргълæудæй.

Социалон иртасæн куысты хатдзæгтæм гæсгæ рабæрæг, республикæйы райдиан кълæсты этникон ирæттæн сæ 80 проценты кæй нæ зонынц ирон æвзаг. Æмбæрстгонд уыд, мадæлон æвзагыл кæй дзурынц хъæуты цæрæг адæм æмæ уыдонæн та сæ нымæц азæй-азмæ кæны къаддæр.

Социалон хызæгты-иу дзырд ирон æвзагыл куы цыдис, уæд-иу адæмæн сæ фылдæр банысан кодтой, зæгъгæ, куыд ирæттæ, афтæмæй иууылдæр хæсджын кæй сты, цæмæй зоной мадæлон æвзаг, фæлæ-иу, хъыгагæн, бирæтæ сразы сты хæдзæртты дæр æмæ æхсæнады дæр иронау кæй нал дзурынц, уæлдайдæр кæстæр фæлтæр, уыимæ. Уыдис-иу ахæмтæ дæр, кæцытæ бынтон уæлæнгай цæстæй кастысты ацы риссаг фарстмæ, ома, сæ никуы хъæуы ныры дуджы. Кæй зæгъын æй хъæуы, уыдонæн сæ хъуыдыкæнынад къуындæг æмæ уæлæнгай у, æндæра кæд фæсарæйнаг æвзæгтæ стыр цымыдисимæ ахуыр кæ-нæм, уæд нæ хъомысджын æмæ рæсугъд æвзагыл цæмæн хъуамæ уæлæхох кæнæм. Науæд кæд дæхи ироныл нымайыс, уæд æнæ æвзагæй цæй ирон лæг дæ? Нырма уал хъуамæ дæ мадæлон æвзаг зонай æмæ уый фæстæ та æндæрты!

Цалдæр азы размæ нæм Хуссар Ирыстонмæ радон хатт Республикæйы бæрæгбонмæ фæуазæг сты Турчы цæрæг ирæтты минæвæрттæ. Семæ ныхасгæнгæйæ, алыхатт дæр æрхауы æвзаг бахъахъхъæнын æмæ йæ райрæзты фарст. Уыдон зæрдæрисгæйæ диссагæн радзырдтой Дзæуджыхъæуы ирон æвзагыл арæх кæй нал дзурынц, уынгты ирон ныхас фехъусæн кæй нал ис уый æмæ катай кодтой, зæгъгæ, афтæ куы уа, уæд куыд уыдзæн æвзаджы хъысмæт. Турчы цæрæг ирæттæ ма банысан кодтой, зæгъгæ, Хуссар Ирыстоны Цæгат Ирыстонимæ абаргæйæ, фехъусæн ис уынгты дæр æмæ кæмфæнды ирон æвзагыл æмæ сын уый уыдис тынг æхсызгон.

Раст зæгъгæйæ, махмæ дæр ацы хъуыддаг бæллиццаг нæу, ис цæуыл хъæуы бакусын, уыдæттæ. Ирон æвзаджы райрæзты хъуыддагыл иумæйагæй алыварсонæй дæр кæй хъæуы бакусын, уый алкæй ныхас дæр у, арфдæр та ацы проблемæ зонынц лингвисттæ æмæ мадæлон æвзагимæ йæ куыст баст кæмæн у, уыцы специалисттæ.

Алайнаг гимнази куыд байгом ис…

Цæмæй ирон æвзагыл дзурджытæ фылдæр кæной, уый фæдыл Цæгат Ирыстоны æруынаффæ кодтой æмæ ахсджиагыл банымадтой ирон æвзаджы райрæзты тыххæй мадзæлттæ райсын. Уый фæстиуæгæн 2017-æм азы ног ахуыры азы райдианы Дзæуджыхъæуы центры 1-æм астæуккаг скъолайы базæйыл байгом фыццаг Алайнаг гимназ æмæ йын ныридæгæн ис, цæмæ бæллыдысты, ахæм зæрдæрухсгæнæн бæрæггæнæнтæ. Гимназ кусы райдиан ахуырады иумæйаг уæрæсейаг ахуырадон стандарттæм гæсгæ, ома, æппæт предметтæ дæр сывæллæттæ ахуыр кæнынц æххæстæй. Уый тыххæй та æнæмæнгхъæуæг ахуыргæнæн чингуытæ, фыццаг къласæй цыппæрæм къласмæ ратæлмац кодтой æмæ сæ рауагътой ирон æвзагыл. Ахуыргæнинæгтæ куыд уæлдæр хизынц, афтæ сæ бахъæуы бакусын ног ахуырадон-методикон фæрæзтыл.

Алайнаг гимназы сырæзт республикæйы ахуырады у фæрнæйдзаг къахдзæф. Йæ сæйраг хæс – ирон æвзаджы райрæзтыл æмæ рæзгæ фæлтæры хъомыладыл бакусын бындуронæй. Ам ахуыргæнджытæ архайынц æрмæст мадæлон æвзаг бахъахъхъæныныл нæ, фæлæ ма фидæны йæ адæмæн æмæ фыдыбæстæйæн чи кад кæндзæн, ахæм фæсивæды схъомыл кæныныл дæр.

Цæгат Ирыстон-Аланийы разамынады домæнмæ гæсгæ гимназы ахуырдзаутæ хъуамæ суой, национ культурæ чи парахат кæндзæн, ахæм фæлтæр. Республикæйы Ахуырады министрад та йæ рæстæджы куыд банысан кодтой, уымæ гæсгæ Алайнаг гимназ у фыццаг ахуырадон уагдон, кæцы æнæмæнг феххуыс уыдзæн мадæлон æвзаг, ирон культурæ æмæ традицитæ бахъахъхъæнынæн. Ахуырады къабазы ацы проект уыд ахсджиаг æмæ йæ бындуронæй бацæттæ кодтой.

Цымыдисаг уымæй у æмæ республикæйы иннæ скъолатæй хицæн кæны йæ программæйæ – райдиан кълæсты (1-2 кълæсты) æппæт предметтæ дæр скъоладзаутæ ахуыр кæнынц мадæлон æвзагыл, дарддæр æртыккаг къласы сабыргай рахизынц дыууæ паддзахадон æвзаджы сахуыр кæныны программæмæ, цæмæй сын 5-æм къласы уа æнцондæр æмæ хуыздæр æмбарой уырыссаг æвзагыл цы предметтæ цæуой, уыдон. Уымæй дарддæр ма сæ уæлæдарæс дæр у национ хуызы ирон орнаменттимæ.

Ам ахуыр кæнынц æрмæст Дзæуджыхъæуы сывæллæттæ нæ, фæлæ республикæйы районтæй дæр. Скъоладзаутæн сарæзтой хорз уавæртæ, суанг хуыссæнуæттæ дæр хицæнтæй – чызджытæн æмæ лæппутæн, ома, йæ куыст кæны куыд скъола-интернат, дардæй чи цæуынц, уыцы ахуыргæнинæгты пайда æмæ æххуысæн. Ахуырдзау фæсивæдæн хæрын кæнынц хæрзгъæд хæринаг бон цалдæр хатты.

Алайнаг гимназы ахуыртæ цæуынц къуыри фондз боны, сабат бон та кæй фæнды, уыдон уæлæмхас ахуырад райсыны фæлгæтты цæуынц, сæ рæстæг кæм арвитой, ахæм æндæр æмæ æндæр сфæлдыстадон къордтæм. Сывæллæтты ахуыр кæнынц шахматтæй хъазын, ныв кæнын, бакодтой сын каратэйы секци, фæхъазынц футболæй, театралон студийы та æвæрынц цымыдисон сценæтæ, цæуынц кафджыты кружок æмæ хормæ, цайдагъ сæ кæнынц радзырдтæ фыссыныл æмæ ахуыр кæнынц англисаг æвзаг дæр. Уымæй дарддæр ма сæ акæнынц экскурситы музейтæм, планетаримæ, уарзын сын кæ-нынц театралон аивад. Сывæллæттæн ма бакодтой робототехникæйы кружок дæр, ифтонг сты интернетæй.

Алкæцы скъолайы та æппæт уыдæттæ нæй. Зæгъæм, музыкæйы урокыл ахуыргæнæг радзуры ирон композиторты тыххæй, уый фæстæ сæ базонгæ кæны зындгонд уырыссаг æмæ фæсарæйнаг музыкантты цард æмæ сфæлдыстадимæ. Банысан кæнынц сæрмагондæй Хетæгкаты Къоста æмæ Пушкины райгуырæн бонтæ. Ахуыргæнджытæ архайынц, цæмæйдæриддæр сывæллæттæ зонгæ кæной куыд нæхи, афтæ уырыссаг æмæ æндæр адæмты культурæтимæ, цæмæй фылдæр зоной æмæ цымыдис кæной æппæтмæ дæр. Бæрæгбонты та ныййарджыты æххуысæй чызджытæ сцæттæ кæнынц ирон фынгтæ. Æртæ уæливыхы куы фæкæнынц, уæд ахуыргæнинæгтæн бацамонынц куыд аразгæ сты æмæ фыдæлтæй фæстæмæ сын цы нысаниуæг ис, уый. Æхсæнады хи куыд дарын хъæуы, хистæртимæ куыд дзурын хъæуы, уыдæттæ æнæмæнг дæр бацамонынц. Ацы хъуыддаджы иудзинад ис ахуыргæнджытæ, ныййарджытæ æмæ ахуыргæнинæгты æхсæн, иумæ архайынц сывæллæтты ирон æгъдæуттыл цайдагъ кæныныл.

Алайнаг гимназы стыр хъусдард здахынц ахуыргæнджытæм дæр, арæх сын ауадзынц организацион-педагогон æмæ зонадон-методикон куыстытæ полилингвалон ахуырады системæйы домæнтæм гæсгæ. Зындгонд ирон ахуыргонд, профессор Хъамболты Тамерланы хъуыды у афтæ, зæгъгæ, Цæгат Ирыстоны сывæллæттæй дзургæ æмæ хъуыды иронау чи кæны, уыдонæн райдиан кълæсты сæ предметтæ амонын хъæуы ирон æвзагыл, уымæн æмæ ахæм сывæллоны бахъæудзæн уырыссаг дзырдыл фыццаг ахъуыды кæнын, ратæлмац æй кæнын, уый фæстæ та темæ бамбарын. Ахуыргонд нын æмбарын кæны, зæгъгæ, мадæлон æвзагыл дзурæг сывæллæтты нырма уал хъæуы дыууæ азы ацахуыр кæнын ирон æвзагыл æмæ уый фæстæ сабыргай бафтауын уырыссаг æвзагыл. Афтæмæй ахуыргæнинæгты социализаци ацæудзæн æмбæлонæй æмæ сæ бон уыдзæн фидæны кæцыфæнды уæлдæр ахуыргæнæндонмæ бацæуын, уыимæ иумæ сырæздзысты уыцы сабитæ æмæ сæ рацæудзæн æцæг ирон интеллигенци.

Битарты Вячеслав гимназы бæрæгбонон мадзæлттæй сæ иуы йæ раныхасы куыд банысан кодта, афтæмæй адæмæй бирæтæ дызæрдыг кодтой гимназы размæцыд æмæ йе ‘нтыстытыл, зæгъгæ, хъæуы скъола æви нæ хъæуы, уыцы фарст æвзæрд æхсæнады. Æгæрыстæмæй ма дызæрдыг кодтой ахуыргæнджытæ ссарынæй дæр æмæ йæм ныййарджытæй исчи йæ сывæллæтты бакæндзæн, уымæй дæр, фæлæ уæддæр гимназ байгом æмæ дзы абон ахуыр кæны 250 фылдæр ахуыргæнинаджы. Сывæллæтты нымæц куыд фылдæр кæны, афтæ скъолайы разамынады бахъæуы уæлæмхасæн кълæстæ бакæнын. Йæ директор Цæрæзонты Мадинæ куыд зæгъта бынæттон журналисттæн, уымæ гæсгæ сæ куыстæн ис æнтыстджын  хатдзæгтæ æмæ сæ зæрдæтæ рухс кæнынц сæ иузæрдион куыстæй, ахуыргæнæндоны кад та уымæй ноджы уæлдæр кæны.

Алайнаг гимназ сырæзт Цæгат Ирыстон-Аланийы раздæры сæргълæууæг Битарты Вячеславы хъæппæрисæй, уый ма у Алайнаг гимназы цæстдарæн советы сæргълæууæг. Советы уæнгтæ æруынаффæ кæнынц ног ахуырадон уагдоны ахуыры гъæд æмæ æндæр ахсджиаг фарстатыл.

Алайнаг гимназы разамынад фæнд кæнынц ахуырадон программæ саразын полилингвалонæй: ахуыртæ уадзой ирон, уырыссаг æмæ англисаг æвзæгтыл, цæмæй сывæллæттæ райсой универсалон ахуырад æмæ сомбон сæ царды макуы фæтыхсой.

Мæнмæ гæсгæ, махмæ, Хуссар Ирыстоны дæр, æнæмæнг хъæуы бакæнын ахæм æнгæс Алайнаг гимназ, цæмæй нæ республикæйы мадæлон æвзаджы риссаг фарст æрбиноныг кæнæм. Ацы хъуыддаджы скъолайы баконд ахсджиаг кæй у, скъола сывæллонæн бирæ кæй дæтты, уый практикон æгъдауæй фенын кодта Дзæуджыхъæуы Алайнаг гимназ. Уый у махæн стыр дæнцæг æмæ афон у ацы хъуыддагыл бындуронæй бакусын. Хорз уаид, нæ ахуыргæндтæ æмæ хицауад рæстæгыл куы батыхсиккой, науæд нæ ирон газеты кадрон фарстыл дæр æндавы ацы хъуыддаг. Æмткæй та æнæхъæн ирон нацийы фидæныл…

                             ЦХУЫРБАТЫ Ларисæ

 

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.