Абон, 15-æм февралы, 33 азы сæххæст Афганистаны территорийæ Советон Æфсады фæстаг салдат куы рацыд, уыцы боныл. Ирон адæм рагæй фæстæмæ дæр фыдæбæттæ æмæ фыдбылызтæй хызт никуы уыдысты æмæ дард Афганистаны зæххыл дæр ирон лæппутæ бавзæрстой тынг бирæ хъизæмæрттæ, бирæтæ дзы ацы æцæгæлон бæстæйы ссардтой сæ мæлæт дæр.

Советон æфсæдты Афганистаны территоримæ бакондæй фæстæмæ сæ хъизæмæрттæ райдыдтой ирон лæппутæ æмæ уыдонимæ сæ ныййарджытæн дæр. Хуссар Ирыстоны чысылнымæц цæрджытæй афгайнаг хæсты хайад райстой 200 лæппуйы бæрц.

Хуссарирыстойнаг æфсæддон службæгæнджытæ стыр хайбавæрд бахастой афгайнаг хæстмæ. Уыдонæй бирæтæ фæстæмæ сæрæгасæй нал æрыздæхтысты сæ Райгуырæн Ирыстонмæ. Ацы тæссаг хæсты сæрæгасæй чи баззад, уыдон дæр рацыдысты, уæззау фæндæгтыл стыр хъизæмæрттæ бавзаргæйæ. Æцæгæлон бæстæйы тæссаг хæсты хайад чи райста, уыдон аккаг сты, цæмæй сын сæ нæмттæ зоной æмæ сын кад кæной, уымæн æмæ уыдон æрвылуысм дæр кастысты мæлæты цæстытæм.

Дард æцæгæлон Афганистаны зæххыл бирæ уæззаудзинæдтæ бавзæрста Цхинвалы районы Хелцуайы хъæуккаг Бестауты Омар дæр. Уый Афганистанмæ бахаудта 1981 азы, хæст йæ тæккæ тæмæны куы уыд, уыцы рæстæджы. Омар астæуккаг ахуырад райста Ксуисы астæуккаг скъолайы. Уый фæстæ каст фæцис автоскъолайы шофыры курсытæ. Уæдмæ йæм æрсидтысты советон æфсады рæнхъытæм йе ‘мбæстагон хæс бафидынмæ. Райдианы йæ æртæ мæймæ арвыстой Сомихстонмæ, цыран рацыдысты æфсæддон курсытæ. Уырдыгæй та сæ арвыстой Афганистанмæ. «Мах уыдыстæм хæрзæвзонг лæппутæ æмæ æххæстæй не ‘мбæрстам уавæры вазыгджындзинад. Нæ зыдтам, Афганистан цахæм бæстæ уыд æмæ дзы хæстон архайдтытæ цыдысты, уый тыххæй дæр. Райдианы нæм алцыдæр фыныфенæгау каст, фæлæ фæстæдæр советон салдатты мард буæрттæ куы федтам, уæд æмбарын райдыдтам уавæры серьезондзинады тыххæй. Тынг тæссаг уыд алцыдæр», – йæ зæрдыл æрлæууыд Бестауты Омарæн.

Йæ ныхæстæм гæсгæ, райдианы цы батальоны службæ кодта, уый уыд Кабулы, фæлæ йæ фæстæдæр акодтой Пакистаны арæнмæ æввахс. Службæ кодта 66-æм мотоæхсæг бригадæйы Самархелы провинцийы. Куыд бамбарын кодта, афтæмæй сæм моджахедтæ уыдысты 13 километры дæрддзæгмæ.

«Мах Афганистанмæ бахаудтам иууыл зындæр æмæ тæссагдæр рæстæджы. Территоритæ сыгъдæг кодтам моджахедтæй, хайад истам сæ ныхмæ хæстон операциты. Хæцыдыстæм аккагæй нæ интернационалон хæс æххæст кæнгæйæ. Ирыстойнаг лæппутæ фæстийæ никуы лæууыдысты, иууылдæр уыдысты раззаг рæнхъыты. Уыдон тохты æвдыстой хъайтардзинæдтæ. Се ‘хсæн уыд фæмардуæвджытæ дæр, уыдонæй иу уыд ме ‘мслужбæгæнæг Тыджыты Гулливер, кæцыйы амардтой мæ цуры. Кæнæ Чысиаты Нодар, кæцы фæмард снайперы нæмыгæй, æнкъардæй æрæмысыд йæ хæстон æмбæлтты Бестауты Омар. Куыд радзырдта, афтæмæй тæссаг уыд æрмæст тохты рæстæджы нæ, фæлæ алыгъуызон инфекцион низтæй, куыд зæгъæм, боткинайы низ, тиф æмæ ризæг (маляри), кæцытæ апарахат сты салдатты ‘хсæн. Ацы низтæй афгайнагтæй дæр фæмард бирæ. «Фылдæр проблемæтæ нын уыд ризæг низæй. Ацы инфекцион низ фæзыны къогъоты фæхæсты фæстиуæгæн. Æз дзы мæхæдæг дæр æртæ хатты фæрынчын дæн. Æгæрыстæмæй, фæстæмæ куы æрыздæхтæн, уæддæр ма мын ардæм дæр æрæрвыстой хостæ, цæмæй дарддæр дæр хос кодтаин мæхицæн – банысан кодта Бестауты Омар.

Хелцуайаг «афгайнаг»  йæ мысинæгты аныгъуылгæйæ, загъта, зæгъгæ, бирæ хæттыты бахаудысты тæссаг уавæры, кæцыты рæстæджы-иу диссаджы ирвæзт акодтой æмæ-иу сæрæгасæй баззадысты. «Хъуыды кæнын ахæм цау: Тынг æхстой минзгъалтæй. Æз æмæ ме ‘мзæххон дзауаг лæппу Цхуырбаты Павлик цалцæг кодтам машинæ. Раст æй цыма зæрдæйæ банкъардтон, уыйау загътон Павликæн, зæгъын, искуы нæхи бааууон кæнæм. Дзауаг хæстон уыд фидæрттæконд æмæ йæ сæрмæ нæ хаста бамбæхсын, фæлæ йын фидарæй куы загътон, зæгъын, æвыдæй нæ аирвæздзыстæм ахæм тыхджын æхстыты, уæд мæм байхъуыста. Хорз уыд æмæ афоныл ацыдыстæм уыцы бынатæй, æндæра 3 минуты фæстæ комкоммæ машинæйы райдыдтой тыхджын æхст кæнын. Уым лыстæг цъæлтæ ныццис нæ салдаты котелок, кæцыйы иумæ хордтам сихор æмæ йыл маст кодтам уый фæстæ. Хъуамæ йæ рахастаин мемæ Ирыстонмæ», – радзырдта уый.

Бестауты Омар куыд банысан кодта, афтæмæй советон æфсæдтæ сæххæст кодтой вазыгджын операцитæ. Уыцы операцитæй иу уыд Панджеры комы. «Уым моджахедтæ къахтой алмаси. Уый базонгæйæ, нæм Афганистаны хицауад бахатыд, цæмæй моджахедты фæсырдтаиккам уыцы комæй. Æнæхъæн мæйы дæргъы цыдысты карз тохтæ. Советон салдаттæй фæмард 700 адæймаджы бæрц, фæлæ уæддæр махæн нæ къухты бафтыд территори асыгъдæг кæнын æмæ бацахсын», – загъта уый. Йæ ныхæстæм гæсгæ сæ тасы дардтой æрмæст тæхгæ нæмгуытæ нæ, фæлæ ма маргджын уырынгонтæ æмæ кæлмытæ (кобратæ). «Уыдон ахæм стыртæ уыдысты æмæ сæ æз хуыдтон крокодилтæ. Хæлуарджыты хуызæн фалангæтæ дæр уыдысты тынг тæссаг. Уыдон-иу нæм æрбабырыдысты нæ хуыссæнуатмæ дæр, уымæн æмæ мах цардыстæм цатырты. Сæрды Афганистаны вæййы æнахуыр тæвд – 55 градусы, æмæ зымæджы та – 25 градусы тæвд», – радзырдта уый.

Бестауы фырты-иу бахъуыд Кабулмæ ацæуыны сæр дæр, цыран алцыдæр уыд æнæдæргъуызон: «Центры алцыдæр уыд рæсугъд, хъæздыг хуыз, иу ныхасæй цивилизацион горæт, фæлæ горæтгæрæтты та уыд æрмæстдæр гæвзыккдзинад. Службæйы рæстæджы æнцонтæй сахуыр кодтон афгайнаг æвзаг. Кæм-иу ныл  сывæллон амбæлд, кæм та – ацæргæ адæймæгтæ æмæ-иу сæ мах суазæг кодтам сурвых фыдæй (тушенкæтæй), дзул, ссадæй. Сылгоймæгтæ паранджаты кæй цыдысты, уымæ гæсгæ сæ ахасты уæлдай къæрцхъусдæр уыдыстæм, уымæн æмæ моджахедтæ паранджатæй пайда кодтой маскировкæйæн. Уыдис ахæм цаутæ дæр æмæ-иу советон салдаттæ бахаудысты уацары.  Иу хатт 60 машинæйæ ацыдыстæм алыгъуызон уæзтæ ласынмæ æмæ ма дзы бынатмæ фæстæмæ æрбацыд æрмæстдæр 15 машинæйы. Иннæтæ фæндагыл басыгъдысты, сæ уæзтæ сæ уæлæ афтæмæй», – йæ зæрдыл æрлæууыдысты уыцы тæссаг азты цаутæ Бестауты Омарæн.

Омар уыд артиллерийы дивизийы шофыр. Ласта алыгъуызон уæзтæ, уыцы нымæцы снарядтæ дæр. Йæ ныхæстæм гæсгæ сæм Узбекистаны арæн уыд 1000 километры дæрддзæгæн. Йе ‘мбæстагон хæс æцæгæлон бæстæйы бафидыны фæстæ 1983 азы июны мæйы æрыздæхт йæ Райгуырæн бæстæмæ. Кæй зæгъын æй хъæуы, сæ фырт Афганистаны кæй службæ кодта, уый тыххæй тынг маст кодтой йæ ныййарджытæ, йæ хиуæттæ иууылдæр. Фæлæ Хуыцауы фæндæй гас хæдзар ссардта хелцуайаг хæстон. Æцæг, дыууæ азы дæргъы дард æцæгæлон бæстæйы тугуарæн хæсты рæстæджы бахъыгдард сты йæ нуæрттæ. Цасдæр рæстæджы йын зын уыд йæхи æхсæнады ссарынæн, не ууæндыд адæмыл. Омар кусын райдыдта «Электровибромашина»-йы сварщикæй. Ацы бынаты фæкуыста аст азы бæрц, цалынмæ Советон Цæдис нæ ныппырх æмæ завод йæ кусынæй не ‘рлæууыд, уæдмæ.  1983 азы августы мæйы йæ цард баиу кодта Уазæгты Луизæимæ.  Баисты дыууæ хъæбулы – чызг æмæ лæппуйы хицау. Йæ чызг Бестауты Маринæ у аивадон гимнастикæйы тренер «Олимп»-ы. Йæ фырт  Александр службæ кодта спецназы æмæ 2008 азы хæсты активон хайад райста Райгуырæн Ирыстоны знагæй бахъахъхъæныны хъуыддаджы. Омар æмæ йæ цардæбалæн ис хъæбулы хъæбултæ дæр æмæ сæ хурæй æфсæст уæд.

Банысан кæнын хъæуы уый дæр, æмæ гуырдзиаг-ирон хæсты райдианты гуырдзиаг тыхæйисджытæ Хелцуайы хъæу куы басыгътой, уæд цъыбырттысыгъд бацис Бестаутьы Омары хæдзар дæр æмæ бинонтæ баззадысты уынджы къæйыл. Гуырдзиаг æнæадæймæгтæ йын амардтой йе ‘фсымæр Гурамы.  Куыстуарзаг нæлгоймаг йæхи тыхтæй бæргæ сарæзта дыууæ хатæны, фæлæ цæмæй хæдзар æнæхъæнæй сараза, уый тыххæй та йæ хъæуы дзæвгар æхцайы фæрæзтæ æмæ сæ кæцæй хъуамæ æрхæсса. Ныртæккæ Омар кусы «Дорэкспострой»-ы. Цалцæг, асфальт кæнынц Цхинвалы уынгтæ. Нæ ныхасы кæрон, уый Ирыстоны адæмæн бафæндыд, цæмæй хæст макуыуал феной, уымæн æмæ хæсты  фыццаг рады хъизæмар кæнынц сывæллæттæ, сылгоймæгтæ æмæ зæрæдтæ. Хæст æрмæстдæр æрхæссы тугкалд, пырхæнтæ æмæ удзиæнттæ.

Арфæ кæнæм Бестауты Омарæн хæстонтæ-интернационалистты боны цытæн. Нæ зæрдæ йын зæгъы фидар æнæниздзинад æмæ йæ бинонтимæ амондджын цард.

                             ДЖИОТЫ Екатеринæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.