Хæст æппæтæй дæр у фыдбылызхæссæг, аскъуыны адæймаджы цард, стæй ма уыимæ иумæ цы сарæзта адæмон хæдзарады, уыдон цыбыр æмгъуыдмæ скуынæг кæны. Афтæ уыд, фашистон Герман нæ Райгуырæн бæстæмæ мæнгардæй куы æрбабырста, уæд дæр. 1942 азы пиллон арты сыгъдысты нæ горæттæ æмæ хъæутæ, фæлæ уæддæр нæ саст адæмы ныфс, канд хæсты цæхæры не ‘вдыстой хъæбатырдзинад, фæлæ фæсчъылдым дæр фæстæ нæ лæууыдысты. Уыдон æххуыс кодтой нæ хæстонтæн хæлц æмæ дарæсæй, бынаты та хъазуатонæй фæллой кодтой адæмон хæдзарады хицæн æмæ хицæн къабæзты.

Ацы хъуыддаджы стыр уыд сæ хайбавæрд Хуссар Ирыстоны цæрджытæн дæр. Цæвиттон, областон архивы æрмæджытæй куыд бæрæг у, афтæмæй Хуссар Ирыстоны облæххæстком 1942 азы 10 февралы рахаста уынаффæ Чъехы донхæры  къанауы арæзтадон куыстытæ адарддæр кæныны тыххæй. Уым дзырдæуы, зæгъгæ, сног кæнын хъæуы арæзтад, цæмæй уыцы аз донхæр бакæной 3600 гектары зæххы фæзуат. Куыстытæн бюджетон хыгъдæй рахицæн æрцыд 850 мин сомы æмæ дзы хъуамæ сæххæст кодтаиккой  къæдзæх бынæттæ ракалын, бетонон æмæ æфсæн-бетонон арæзтадон куыстытæ бакæнын. Уыцы куыстытæ сæххæст кæнынæн хъуамæ фаг æрцæттæ кодтаиккой змис, цемент æмæ хуыр. Æппæт куыстытæм дæр хъуамæ бавнæлдтаиккой 15 февралæй фæстæмæ.

Ахсджиаг æмæ æнæмæнгхъæуæг куыстытæм фæллойгæнджытæ бавнæлдтой счъилдысæй. Ацы хъуыддаджы активон хайад истой Цъунар-Къостайыхъæуы фæллойгæнджытæ дæр. Нæ уыд фаг хъæуæг техникæ, уымæ гæсгæ сæ хуыздæр кусæнгæрзтæ уыдысты бел, джиркъа, мæцъис. Куыстыты сæйраджыдæр хайад истой кардзыд нæлгоймæгтæ æмæ сылгоймæгтæ. Кодтой уæззау куыст, æмбæлдысты зындзинæдтыл, фæлæ уæддæр сæ ныфс нæ саст, уымæн æмæ сомбон ацы арæзтадæй сæ цард кæй фæхуыздæр уыдзæн, уый сæ уырныдта. Кæй зæгъын æй хъæуы, ахæм арæзтад цыбыр æмгъуыдмæ сæххæст кæнын æнцон нæ уыд æмæ та 1946 азы 15 ноябры  Облæххæстком 13-æм сессийы райста уынаффæ, цæмæй рахицæн æрцыдаид донхæры къанауы кæройнаг арæзтадæн 1274 мин сомы.

Иугæр къанау куы сцæттæ, уæд донхæры дон парахатæй рацыд æмæ дзы пайда кæнын райдыдтой Цхинвал æмæ Знауыры районты хицæн хъæуты фæллойгæнджытæ. Уый фæстиуæгæн æхсæнадон æмæ хисæрмагонд хæдзарадты райтынг сты дыргъдæтты фæзуæттæ æмæ уый та фадат радта цæрджыты цардуагон уавæртæ хуыздæр кæнынæн.

                                                             ХУЫБИАТЫ Никъала

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.