Ис ахæм хъуыды, зæгъгæ, алы адæймаджы цардыл дæр ныффыссæн ис роман. Æрмæст дызæрдыккаг нæу, иутæ дзы мидисджындæр кæй рауайдзысты, æндæртæ та – фæлурсдæр. Чехойты Васяйыл куы æрцыдаид фыст роман, уæд, æнæмæнгæйдæр, цымыдисон рауадаид. Уый уæ тынгдæр бауырндзæнис ацы уац бакæсгæйæ дæр.

ХÆСТЫ  СИДЗÆР

Стыр Фыдыбæстæйон хæсты хайадисджытæй, хъыгагæн, нæ республикæйы ничиуал баззад – аивгъуыдтой се ‘нусон бынатмæ. Уый нæ, фæлæ сæ сывæллæттæй дæр бирæтæ сæрæгас нал сты, чи ма дзы сты, уыдон та схызтысты сæ зæронды кармæ. Чехойты Вася дæр хæсты сидзæр у. Йе 85 азы карæй ахызт, фæлæ йын, бакæсгæйæ, уыцы кар нæ ратдзынæ. Йæ фезмæлд, йæ уæнгты айст кæд лæп-пуйау рог нал сты, уæддæр нырма йæ хæдзар дарынхъом у. Йæ уæнгты хъару нырма уадиссаг нæ фæкайдта.

Хæст куы райдыдта, уæд Вася чысыл саби уыдис. Ахæмæй йæ ныууагъта йæ фыд Самсон, цыфыддæр знаджы ныхмæ йæ тохмæ куы фæндараст кодтой, уæд. Алцæмæн дæр райдиан куыд ис, афтæ йын ис кæрон дæр. Райдыдта хæст, фæлæ йæ кæрон нæ æмæ нал зындис. Иутæ цæфтæ, инвалидтæй сæ хæдзæрттыл æмбæлдысты, æндæртæн та сæхи бæсты сæ сау гæххæттытæ хæццæ кодтой сæ хæдзæрттæм. Уæдæ хæст дæр фæцис. Йæ тугвæндæгтыл кæронмæ фæцæуыны амонд кæмæ æр-хаудта, уыдон та уæлахизимæ здæхтысты. Фæлæ цы бацис Самсон та? Йæ зынæг нал уыдис æмæ Васяйыл дæр хæсты сидзæры ном сбадт…

 

НЫХАС  МАДЫ  ТЫХХÆЙ

Ис хæсты сидзæр, уæд, кæй зæгъын æй хъæуы, ис хæсты идæдз дæр. Васяйы мад Ивлитæ æрыгонæй баззад идæдз. Æртæ сывæллонимæ. Бæрцæй æртындæс азы рацардысты Самсонимæ, афтæ сæ фæхицæн кодта хæст.

Фыддуджы уæлдай тынгдæр рабæрæг вæййы  адæймаджы удвидардзинад. Фидар уды хицау разынд Ивлитæ дæр. Хæдзары ма йе ʻртæ сывæллонæй дарддæр фæкæсинаг уыдысты йæ ацæргæ хицау æмæ æфсин. Йæ фарсмæ балæууынæй ныфс кæмæй авæрдтаид йæ хиуæттæй, ахæм ын ничиуал аззад. Йæ дыууæ мадызæнæджы хæстмæ фæцыдысты. Фæцыдысты хæстмæ йæ фыдыфсымæры дыууæ фырты дæр. Афтæмæй хæдзары уæз æгасæйдæр æрынцад йæ уæхсджытыл. Куыста, фыдæбон кодта сæумæрайсомæй изæрдалынгтæм. Цы куысты уæлхъус-иу нæ балæууыд – колхозы быдырты, фосдарды фермæйы, найгæнæн мусы… Æнæкуыст нæ уагъта йæ хæдзаргæрон зæххы фадыджы дæр. Уыимæ бинонтæм дæр кæсын куыннæ хъуыд. Рæстæг уæззау уыд, хъуыд сын къæбæр, дарæс амал кæнын. Æниу æй дарæс æлхæныны сæр нæ хъуыд. Фæсмынгуыст кæнынмæ хорз арæхст. Уымæн та йæ рæстæг – зымæгон даргъ æхсæвтæ. Уыимæ ма йæ цæгаты уыдис тынуафæн дæр æмæ-иу бауафта хъуымац. Афтæмæй йæ бинонтæ хистæрæй, кæстæрæй бæгънæг-бæгъæввад никуы уыдысты.

Æппæт уыцы фыдæбæттæй дарддæр Ивлитæ хъуыды кодта йæ цардæмбалыл æмæ уый кæй рæнхъыты тох кодта немыцаг фашистты ныхмæ, уыцы æфсадыл дæр. Хъæуы сылгоймæгтау уый дæр хъарм дарæс быдта, хуыдта хæстонтæн. Хуыйæн машинæ йæм кæй уыдис, уымæ гæсгæ-иу зымæджы бонты акуыста, Цхинвалы цы артел уыд æмæ фронты тохгæнджытæн дарæс кæм хуыдтой, уым дæр.

Афтæ, æрынцой нæ зонгæйæ, йæ удæй арт цагъта, иу куыстæй иннæмæ йæхи æппæрста, хæст кæд фæуыдзæн æмæ йæ сæрыхицау кæд æрыздæхдзæн, уымæ æнхъæлмæ кæсгæйæ. О, æууæндыд Ивлитæ, кæй æрыздæхдзæнис Самсон æмæ сæ цард дарддæр кæй кæндзысты. Алчидæр йæ бæлццонмæ уыцы ныфсæй æнхъæлмæ каст.

Гъе, фæлæ хæст хæст у. Нæ бахудт амонд Ивлитæмæ, нал сæмбæлд йæ хæдзарыл Самсон. Æбæрæгæй йын фесæфт. Нал ын æрыздæхтысты хæстæй йæ дыууæ мадызæнæджы æмæ йæ фыдыфсымæры дыууæ лæппуйы дæр. Ивлитæ дарддæр æнхъæлмæ каст йæ цардæмбалмæ, уыимæ йæ уд хъардта йæ хъæбулты царды раст фæндагыл бафтауыныл. Цард та фæс-хæсты азты дæр уæззау уыд æмæ иуахæмы сылгоймаг йæхи раппæрста Цхинвалмæ. Бацыд кусынмæ агуыриаразæн заводмæ – агуыриты амадта кæрæдзийыл. Бæргæ сылгоймаджы куыст нæ уыд, фæлæ цы кодтаид æндæр. Уым фылдæр мызд фыстой. Ам кусгæйæ йын радтой иу къуым баракты. Фæндыд æй йæ сывæллæттæн горæты балæууæндон самал кæнын, фæлæ уыцы бæллиц сæххæст кæнын йæ бон не ссис æмæ фæстæмæ аздæхт хъæумæ. Уæдмæ рæзтысты, хъомыл кодтой сывæллæттæ æмæ архайдтой сæ мады æнцой балæууыныл. Фæстæдæр чызг йæ амонд ссардта. Хистæр фырт æфсады баслужбæ кæныны фæстæ сæ мады къух фæрог кæныны нысанæн кусынмæ бацыд Садоны æрзæткъахæнтæм, фæлæ йын дзы бирæ бакусын нæ бантыст – шахтæ æркалд æмæ бабын. Цардæфхæрд, зæрдæрыст мадæн уый уыд радон æвирхъау цæф, кæцыйы та  бахъуыд сфæразын. Æмæ та сфæрæзта йе стыр маст Ивлитæ.

Фæзæгъынц, зæгъгæ, æнæ бонæмгъуыд мæлæт нæй. Ивлитæ йæ зын царды фыддæрадæн фæцард 96 азы, афтæмæй ахицæн а-дунейæ. Йæ царды фæстаг бонмæ йын хъæбулы лæггад  фæкодта Вася æмæ абон дæр арф йæ зæрдæйы хæссы мадмæ стыр уарзондзинад.

 

КУЫСТ – ЦАРДÆН  ФÆРÆЗ

Вася уæйынгæс уыд лæппуйæ æмæ йыл уыцы бæрджытæ зынынц нырма дæр. Йæ уæнгты тыхæй никуы уыд хъæстгæнæг. Æмæ кæд бирæтæй фæдзурынц, зæгъгæ, йæ тых цы фæкæна, уый нæ зоны, уæд Вася та хорз зыдта сабийæ фæстæмæ, цы йæ фæкæна, уый, куысты, фæллой кæныны хардзгæнгæ йын кæй у. Æмæ йæ хо, йе ‘фсымæримæ кусынхъом куыд кодтой, афтæ лæууыдысты сæ мады æнцой алыгъуызон куыстыты. Уыимæ нæ рох кодтой скъолайы дæр.

Астæуккаг ахуырад куы райста, уæд ацыд йе ‘фсæддон хæс æххæст кæнынмæ. Службæ кодта арæнхъахъхъæнæг æфсæдты. Бирæ бауарзта æфсæддон службæ, кæд æнцон нæ уыд, уæддæр. Йæ хæстон хæстæ намысджынæй кæй æххæст кодта, уымæ гæсгæ хорзæхджын æрцыд риуылдарæн нысан «Иттæг хорз арæнхъахъхъæнæг»-æй, грамотæтæ æмæ арфæйы гæххæттытæй. Лæвæрд ын æрцыд сержанты ном. Æртæ хатты та йæ рарвыстой цыбырæмгъуыдон улæфты. Тыхæй арæзт кæй уыдис, уымæ гæсгæ архайдта спорты дæр. Уæззау атлетикæйæ хайад иста æндæр æмæ æндæр ерысты. Уыд полчы чемпион.

Уæдæй бирæ рæстæг аивгъуыдта, фæлæ абон дæр æхцонæн æрымысы йе службæйы азтæ. Нырма дæр хорз хъуыды кæны арæнхъахъхъæнджыты службæйы уагæвæрд. Стыр æхсызгонæй сæмбæлд уæрæсейаг арæнхъахъхъæнджыты æрцыдыл Хуссар Ирыстоны зæххмæ æмæ куыд раздæры арæнхъахъхъæнæг, афтæ сæм йæхи æрбаввахс кодта. Цæрджыты æрдыгæй сын æххуыс кæны сæ хæстæ æххæст кæныны хъуыддаджы. Се ‘рцыдыл фондз азы куы сæххæст, уæд нæ ферох кодтой Васяйы дæр æмæ йæ бабуц кодтой  арфæйы фыстæгæй.

Æфсадæй æрыздæхгæйæ æмæ йæ тæккæ лæджы кармæ бацæугæйæ, Чехойы фырт кусынмæ бацыд завод «Электровибромашинæ»-мæ. Уый уыд уыцы рæстæг, нæ горæт тагъд рæзын куы райдыдта. Арæзт цыдысты заводтæ, фабриктæ, цæрæн хæдзæрттæ, æндæр объекттæ. Горæты хъуыдысты кусæг къухтæ æмæ хъæууон фæсивæд дæр ивылдысты ардæм. Уыцы уылæны бахауд Вася дæр. Афтæ фæиппæрд æрыгон лæппу хъæууон куыстытæй æмæ æрлæууыд заводы тæрхы фарсмæ. Æниу, фæиппæрд зæгъын дæр раст нæу. Уым, хъæуы, уыдис йæ фыды хæдзар, йæ кусинæгтæ, сæйраджыдæр та – йæ мад, æмæ сæ æнæхъусдард нæ уагъта. Заводы куыд куыста, цахæм кад ын уыдис йе ʻмбæлтты, куыстуаты разамынады ʻхсæн, уыдæттæ дардыл дзуринæгтæ сты, фæлæ зæгъдзыстæм уый æмæ куыстуаты къæсæрæй бахизгæйæ, уый тагъд фæхæст, уæдмæ йын зонгæ чи нæ уыд, уыцы куыстыл. Алцыдæр баст уыдис йæхиуыл æмæ куыстмæ йæ тырнындзинады руаджы ссис, коллектив сæрыстыр кæмæй уыдысты, уыдонæй сæ иу. Цыбыр рæстæгмæ уый рæнхъон кусæ-гæй ссис сменæйы мастер. Ам кусгæйæ, уый сахуыр кодта ахæм дæсныйæдтæ, куыд фрезергæнæг, бырæугæнæг, токарь-расточник, накладчик. Уыцы дæсныйæдтыл фæстæдæр ахуыр кодта  æрыгондæр кусджыты. Заводы кусгæйæ, Вася фæсаууонмæ каст фæцис нæ уæды пединститут дæр.

Советон дуджы алы куыстуатæн дæр уыдис Кады фæйнæг, цыран конд цыдысты раззагондæр кусджыты къамтæ. Завод «Электровибромашинæ»-йы Кады фæйнæ-гыл бирæ азты дæргъы конд уыдис йæ къам æмæ уый дæр дзурæг уыдис йæ куыстуарзондзинадыл, йæ разылæууæг хæстæ æххæст кæнынмæ бæрнон цæстæй кæй каст, ууыл. Уыцы азты уый иунæгæй, йæ цæнгты тыхæй нæ горæты «Шанхай»-ы районы сарæзта дыууæуæладзыг хæдзар.

– Сисамайæн блоктæ дæр мæхæдæг арæзтон. Мæхи хæдзары æдтейæ ма ноджыдæр арæзтон æмæ сæ уæй кодтон. Æдæппæт цы блоктæ фæцарæзтон, уыдон уыдысты авд дыууæуæладзыгон хæдзары фаг, – зæгъы Вася.

Фæлæ йæхи хæдзары адæн нæ рацард Вася. Гуырдзыйы агрессийы рæстæджы æхстыты фæстиуæгæн цæрынæн нал сбæззыд æмæ йæ ауæй кодта…

Заводы æртын азы бакусыны фæстæ ацыд йæ хъæумæ, бæстонæй дзы æрцард æмæ æгасæйдæр аныгъуылд хъæууонхæдзарадон куыстыты. Кæд йæ азты бæрзæндмæ схызт, уæддæр ын æрынцой нæй – кæны зæххы куыст, дары фос. Уæлдай йæм цы продукттæ разыны, уыдоны ауæй кæны. Иудзырдæй, нырма у гъæйтмардзæ хæдзардарæг. Йæ фарсмæ та ныр æхсай азы дæргъы ис йæ цардæмбал Цхуырбаты Оля æмæ афтæмæй аразынц иумæ  сæ цард.

Алцыдæр бæргæ хорз цыд, цы хъæбултæ схъомыл кодтой, уыдон  дæр царды сæ бынæттæ ссардтой, фæлæ зæнæджы хистæр Лева цалдæр азы размæ фæзиан. Иркутскы цард, экономистæй куыста… Чызг уæлдæр ахуырад нæ раздæры пединституты райста, йæхи цард, йæхи бинонтæ йын ис. Кæстæр фырт афтыд Германмæ, немыцаг æвзагыл бахъахъхъæдта юридикон зонæдты докторы ном. Æртæйæн дæр ис кæстæртæ æмæ арæх сæ дада æмæ нанаимæ аныхас кæнынц телефоны, æрцæуынц сæм уазæгуаты.

 

МЫХУЫРОН ДЗЫРД – ЙÆ УДЛÆУУÆН

Цалдæр ныхасы, мæ уацы сæр афтæ цæмæн рахуыдтон, уый тыххæй. Æхсырф æмæ дзæбуг дзуарæвæрдæй ныв уыдысты Советон Цæдисы гербыл æмæ нысан кæнынц хъæууон хæдзарады æмæ сæудæджырады кусджыты – материалон хæрзиуджытæ аразджыты иудзинад. Вася æмæ йæ мадæн дæр ацы символтæ æцæгæлон нæ уыдысты æмæ сты. Ивлитæ хъæууон куыстытыл æфтыд уыд, куыста горæты артелы, заводы дæр. Афтæ Вася та йæ царды хуыздæр азтæ заводы тæрхы фарсмæ арвыста, уæдæ йын хъæууон цард цы у, уый дæр амонын кæм хъæуы.

Баззад ма дзы «сис», ома фыссæн сис, æмæ уый та æрмæстдæр Васямæ хауы…

Газеттæ, чингуытæ кæсын бирæ уарзы Вася. Фæлæ уæлдай æввахсдæр йæ зæр-дæмæ лæууы нæ газет «Хурзæрин». Йе скъолайон бонтæй фæстæмæ йе ʻмбæлццон у – æнæрафысгæ æмæ йæ æнæкæсгæ никуы ныууадзы. Райдианы æрмæст йæ кæсæг уыд, стæй йæм райдыдта уацтæ фыссын æмæ ссис йæ æнæштатон уацхæссæг. Растдæр зæгъгæйæ, алцыдæр райдыдта æфсады службæ кæнгæйæ. Уым фæцайдагъ округон газет «На рубеже Родины»-мæ уацхъуыдтæ фыссыныл.  Æмæ йын сæ мыхуыр кодтой. Службæйы фæудимæ фæхицæн уыцы газетæй æмæ æввахс æрбалæууыд газет «Хурзæрин»-мæ (раздæры «Советон Ирыстон»).

Чехойы фыртæн ис, газеткæсæджы размæ цы рахæсса, уый. Фыссы фæллойгæнæг адæймæгтыл, царды йæ цæст цы хъæндзинæдтæ уыны, уыдæттыл, равдисы, хъæууон цæрæг цæмæй цæры æмæ бирæ æндæр ахæмтыл. Газет йæхæдæг дæр арæх фыста йæ фæллойадон æнтыстытыл, йæ намысджын царды фæндагыл.

Дзыллон информацийы фæрæзты йæ активон хайадисты тыххæй йæ рæстæджы Вася хорзæхджын æрцыд Гуырдзыстоны ССР Сæйраг Советы Президиумы Кады грамотæйæ. Кады грамотæйæ йæ схорзæх-джын кодта нæ газеты редакци дæр.

 

ÆМÆ  МА…

Ахуыр кæнынæн рæджы никуы вæййы. Æмæ  стайаздзыдæй Вася æрбадт партæйы фарсмæ. Автоскъолайы. Йæ фырт ын Гер-манæй æрæрвыста автомашинæ «Хонда» æмæ йæ уæдæ искæйы разæй кæм скодтаид. Бахъуыд æй ахуыр кæнынмæ автоскъоламæ бацæуын, цæмæй машинæ скъæрыны бары гæххæтт райстаид. «Мæ фарсмæ иууылдæр бадтысты сылгоймæгтæ æмæ иумæ ахуыр кодтам»- мидбылхудгæйæ фæзæгъы уый.

Машинæйы хицау куы бацис, уæд йæ хъуыддæгтæ фæрæвдздæр сты – рæстæг дзæгъæлы къаддæр сафы æмæ йæ уый баразæнгард кодта рулы фарсмæ æрбадынмæ дæр.

Хорз фæндæгтыл цу, Вася, æмæ дæ хъуыддæгтæ дæхи, дæ бинонты фæндиаг кæддæриддæр уæт.

БИАЗЫРТЫ Роланд

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.