Хуссар Ирыстоны сырæзт æхцайы æрвитæггæгты æрзылд фидыны уæрæсейаг системæ «Контакт»-мæ гæсгæ. Уый тыххæй информацион агентад «Рес»-æн фехъусын кодта паддзахадон-унитарон куыстуат «Постон-телеграфон службæ»-йы генералон директор Тыджыты Нодар.

Йæ ныхæстæм гæсгæ 2017 азы фидыны дунеон системæмæ гæсгæ Хуссар Ирыстоны æхцайы æрвитæггæгты æрзылд уыдис 153 милуан сомы бæрц. Уый та у, уый размæ азы уыцы рæстæгимæ абаргæйæ, 7 проценты фылдæр.

Директор куыд банысан кодта, афтæмæй æхца кæрæдзимæ æрвитын æххæст цæуы куыд РХИ æмæ Уæрæсейы Федерациимæ, афтæ Таджикистан, Сомихстон, Украинæ æмæ Узбекистанимæ дæр.

«Контакт» системæмæ гæсгæ æрвитæггæгтимæ æмбæстæгтæ пайда кæнынц постон-æхцайон арвысты-тæй дæр, уыдонæн та ивгъуыд аз сæ бæрц уыдис 3 милуаны бæрц», – загъта Тыджыйы фырт.

Уый ма радзырдта, зæгъгæ, ивгъуыд аз 10 проценты фæфылдæр сты Хуссар Ирыстонмæ æрвыстцæуæг æрвитæггæгты бæрц уыйразмæ азимæ абаргæйæ.

Æрвитæггæгты иумиаг бæрц уыдис 11 500 бæрц, уыдонæн сæ 90 проценты уыдысты Китайæ алыгъуызон æрвитæггæгтæ.

Уымæй дарддæр ма Тыджыты Нодар фехъусын кодта, зæгъгæ, 2016 азимæ абаргæйæ, фарон 10 проценты фæфылдæр сты фыстæджытæ дæр.

Ивгъуыд аз уыдоны бæрц та æдæппæт уыдис 18 624.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.