Болгарийы фысджыты аллеяйы ацы аз марты сæвæрдзысты бюст ирон литературæйы бындурæвæрæг Хетæгкаты Къостайæн. Уымæй дарддæр ма сæнусон кæндзысты культурæйы 80 архайæджы номы. Уыдзысты алы адæмыхæттыты æмæ дины минæвæрттæ. Сæйрагдæр та – сæ уацмыстæ кириллицæйæ чи фыста, уыдон. Алы постаменты бынмæ дæр æркалдзысты фыссæджы райгуырæн бæстæйæ сыджыт. Бюстты эстетикон хуызæн та дзуапп дæтдзысты нырыккон аивады дæснытæ.

Болгарийы цæгат-хурыскæсæны Плиска диссаджы горæтыл нымадтой цалдæр азы размæ историктæ æмæ славяйнæгтæ. Бирæ туристтæ цæуы горæтмæ. Ам байгом кодтой æнæхъæн дунейы фыццаг культурон-историкон комплекс “Кириллицæйы кæрт”. Ис дзы цыртытæ æвæрд Кирилл æмæ Мефодийæн, уыдоны  ‘хсæн та – фысджыты аллея. Арæзт æрцыдис кириллицæйы руаджы. Ацы комплекс у сомихаг меценаты лæвар.

Къостайы бюсты национ колорит цæмæй зына, ууыл та ахъуыды кодта нывгæнæг. Ирыстоны Къостайы бюстыл бакуыста скульптор Хайты Ибрагим.

Уый йæ аразын райдыдта цалдæр мæйы размæ. Фыццаг – æлыг, уый фæстæ – гипс, стæй бацайдагъ куыст. Змис срæсугъд кодта бронзæ. Ахæм тынг нал æрттивы, цæсгомы хæххытæ сты æнгасджындæр, рæсугъддæр. Бирæ куыст ыл нал ис. Фæлæ фæстаг лыстæг хæххытæ сты вазыгджындæр. Цырт стæвд кæнынц дыууæсæдæ градусы онг, цæмæй йын уый фæстæ слæгъз кæной йæ уæлцъар. Ахæм Къоста уыдзæн Болгарийы фысджыты аллеяйы. Æртын килограммы чи ласы, ахæм бюст ам фæзындзæн ацы аз мартъийы.

Ацы бюст ма иу хатт фадат ратдзæн ирон адæмæн сæрбæрзонд уæвынæн.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.