КÆРОНМÆ ФÆХÆЦЦÆ КÆНЫНЦ КУЫСТЫТÆ

Алы адæмыхаттæн дæр ис, буц æмæ сæрыстыр кæмæй сты, ахæм культурон артдзæстытæ. Нæ адæмæн дæр ахæм культурон артдзæст у, сæ уарзон театр. Уымæ гæсгæ Паддзахадон драмон театры басыгъд нæ адæмæн уыд хурбон арвы цæфау. Ногæй йæ сырæзтмæ æнæрхъæцæй æнхъæлмæ кастысты нæ адæм. 2014 азы апрелы мæйы театры арæзтадæн бындур æвæрд æрцыдис.

Аразгæ та йæ кодта Инвестпрограммæйы фæлгæтты генподрядон организаци «Эверест». Уыдон кæд ныфс æвæрдтой театры арæзтад 2015 азы кæронмæ эксплуатацимæ радтынæй, уæддæр аразджытæ куысты графикæй баззадысты фæстейæ æмæ баныфсæвæрдтой 2016 азы сæрды кæй фæуыдзæнис арæзт, уымæй. Фæстаг хатт ын йæ саразыны æмгъуыд рахастой 2017 азы ноябры мæйы кæронмæ. Фæлæ куыд федтам, афтæмæй æрбалæууыдис 2018 аз æмæ театрдзауты бæсты, ардыгæй хъуысы нырмадæр кусджыты хъæлæба æмæ сæ кусæнгæрзты уынæр. Арæзтады къухдариуæггæнджытæ ивд цыдысты, фæлæ куыстытæн сæ кæрон нæ зынд.

«Эверест»-ы генералон директор Руслан Файтыхов куыд зæгъы, афтæмæй театры арæзтад тынг вазыгджын у. Хъуыдис-иу корректировкæтæ кæнын дæр кæддæрты. Афтæмæй-иу куыстытæ фæстæмæ алæууыдысты æмæ-иу æй бахъуыдис иу рæстæгæй иннæмæ ахæссын. Ныртæккæ ам куыст, сæйраджыдæр, цæуы сценæйы арæзтадыл. Сценæ æмæ залы цар рæсугъд рафидауын кодтой, зынгæ нывгæнджытæ Нарты эпосæй цы нывтæ скодтой, уыдон. Ам æвæрд æрцæудзысты нырыккон ифтонггæрзтæ.

Арæзтад, архитектурæ æмæ цæрæнуатон-коммуналон хæдзарады министры хæдивæг Гаглойты Сергей куыд загъта, афтæмæй театры арæзтады аргъ у – 1 млрд. 276 милуан 483 мин сомы. Уымæй абоны бонмæ финансгонд æрцыд 1 млрд. 96 милуан 539 мин сомы. Ныртæккæ арæзтады кусы 22 адæймаджы. Кусджыты нымæц ноджы фæфылдæр кæндзысты. Бафтаудзысты ма сæм 40 кусæджы бæрц. Уыдон фаг уыдзысты, цы куыстытæ бакæнинаг ма дзы сты, уыдон сæххæст кæнынæн.

Æппынфæстаг, кæд сæххæст уаид нæ актерты æмæ нæ театрдзауты бæллиц.

 

РÆВДАУÆНДÆТТÆМ МА БАФТДЗÆНИС ДЫУУÆ

Инвестпрограммæйы фæлгæтты стыр хъусдард здæхт цæуы ахуырадон æмæ скъолайы кары агъоммæйы уагдæттæ цалцæг кæнын æмæ аразынмæ. Зæгъын хъæуы уый, æмæ сæрмагонд хъусдард здæхт кæй цæуы скъолайы агъоммæйы кары уагдæттæм. Уыдонæй, куыд зонæм, афтæмæй бирæтæ раууатмæ æрцыдысты хæсты азарæй æмæ бирæ ныййарджытæн фадат нал уыд сæ сывæллæтты рæвдауæндæттæм кæнынæн. Фæстаг азты уавæр фæивта. Уыдон æрцыдысты капиталон цалцæг æмæ канд цалцæг не ‘рцыдысты, фæлæ ма сæ сифтонг кодтой хъæуæг инвентарь æмæ æндæр æрмæджытæй дæр. Фæлæ уыдон уæддæр нæ фаг кæнынц, фылдæрæй-фылдæр кæнынц сабитæ æмæ рæвда-уæндæтты цас æмбæлы, уымæй сты бирæ фылдæр. Кæй зæгъын æй хъæуы, уый æвзæрын кæны зындзинæдтæ ахуыр-хъомыладон куысты. Ацы хъуыддаг бахынцыдта РХИ-йы Ахуырад æмæ зонады министрад. Йæ сæргълæууæг Гасситы Натали куыд зæгъы, афтæмæй бирæ ныййарджытæ тыхсынц, сæ сабитæн рæвдауæндæтты бынат кæй нæй, уый тыххæй. Алы къорды дæр ис 30-35 сабийы. Уый та у, цы æмбæлы, уымæй бирæ фылдæр.

Ахуырады министр куыд фехъусын кодта, афтæмæй ма 2018 азы ноджыдæр нæ горæты рæвдауæн-дæттæм бафтдзæнис дыууæ. Уыдон арæзт æрцæудзысты Инвестицион программæйы фæлгæтты.

«Æз, æнхъæлын, æмæ уыцы дыууæ рæвдауæндоны сырæзт стыр ахъаз фæуыдзысты скъолайы кары агъоммæйы сабитæн», – банысан кодта Гасситы чызг.

Бестауты Валя

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.