Куыд зонæм, афтæмæй нæ  фæсивæдæн сæ фылдæр хай уæлдæр ахуырад райсынмæ ацæуынц Уæрæсейы Федерацимæ. Æмбæлон професси райсыны фæстæ уыдонæй бирæтæ æрыздæхынц райгуырæн бæстæмæ æмæ кусын райдайынц йæ пайдайæн. Ацы аз йæ ахуыр фæуыдзæн не ‘мбæстаг æрыгон чызг Джиоты Олеся дæр. Уый ныртæккæ ахуыр кæны Кубаны паддзахадон университеты эксперименталон экологийы факультеты фæстаг курсы. Дипломон куыстæн та равзæрста темæ:  «Ирыстоны экологийы уавæр».

Джиоты Олеся куыд загъта, афтæмæй уый ныр иу мæйы бæрц йæ рæстæг æрвиты нæ республикæйы хæххон хъæуты, ахуыр кæны æрдзы сусæгдзинæдтæ æмæ нын уый фæдыл радзырдта йæ тæлмæнтæ.

«Институты ахуыргæнгæйæ æз базонгæ дæн бæстæйы экологиимæ. Дунейы цы аномалон процесстæ цæуы æрдзы ныхмæ, уыдæттæй Ирыстон нырма хызт у. Мæнæн уый хæссы æхсызгондзинад, фæлæ йыл абон аудын куынæ  райдайæм, уæд фидæны куы байрæджы уа, уымæй тæссаг у. Скъолаты фылдæр хъæуы æрдзыл дзурын, сывæллæттæн хъæуы уарзондзинады æнкъарæнтæ гуырын кæнын экологон зонадмæ.

Мæ иртæстыты рæстæджы æрзылдтæн бирæ бынæтты. Тынг мæ тыхсын кæны цæугæдæтты уавæр. Стæй алы калд бæласы бынаты дæр ныссадзын фæхъæуы 10 талайы онг, цæмæй æрдзæн зиан ма хæссæм. Хъæды хæдзарад амоны, ома, зæронд бæлас калын хъæуы, æмæ уый раст у, фæлæ иуæй-иу хатт ракалынц æнусон бæлæстæ дæр. Уый та æвирхъау хабар у!

Æрдзмæ ахæм цæстæнгас куы дарæм, уæд æнæмæнг фæстæдæр, æнæзæрдæмæдзæугæ хъуыддæгтæ æрцæудзæн. Бæлæстæ цас фылдæр калæм, уыйбæрц фæкъаддæр вæййы цæугæдоны æмвæзад дæр. Фæстаг азты мит бирæ нал уары æмæ уый дæр иттæг тынг æндавы экологийыл. Хорз у, æмæ Ирыстоны хъæдæрмæджы цехтæ бирæ нæй. Статистикæмæ гæсгæ экологийы  ныхмæ закъон хæлд фылдæр вæййы, хъæдæрмæг цæттæ кæныны фæзуæттæ бирæ кæм сты, уым», – радзырдта нын æвзонг эколог.

 

Нæ уацх.

 

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.