Ирыстойнаг зарæггæнæг, уникалон хъæлæсы хицау «контртенор» Сланты Тимур ахызт æвзонг курдиæтты Æппæтуæрæсейаг гом телеконкурс «Синяя птица-Последний богатырь»-мæ.

Финалмæ ахизыны хъуыддаджы йын баххуыс кодта йæ уарзон зарæг «Любовь настала». Жюрийы уæнгтæ йæ хъæлæсы уникалон тембрæн скодтой стыр аргъ.

Уæрæсейы адæмон артист Олег Погудин куыд банысан кодта, афтæмæй ирон зарæггæнæджы ралæудæн аргъ кæнгæйæ, банысан кодта, Сланы фырт кæй æмбары, цæуыл зары, уый. «Уымæ гæсгæ нæ зæрдæтæ дæ зарæгимæ сиу вæййынц. Зарæггæнæгæн уый у иууыл зынаргъдæр миниуæг, æмæ дæм Хуыцауы фæрцы уыцы миниуæг ис», – загъта Погудин.

Зарæггæнæджы ныхæстæм гæсгæ, йæ ралæуды рæстæджы тыхстис, проекты фыццаг сезоны куыд уыд, афтæ.

«Æз хайад истон конкурс «Синяя птица»-йы æртæ азы размæ, фæлæ уый фæстæ арæх уыдтæн проекты куыд уазæг, уымæ гæсгæ бирæтæ хъуыды кæнынц, æз æрвылаз дæр кæй исын хайад. Уый у суперсезон – ам хайад исынц иууыл курдиатджындæр сывæллæттæ алы сезонты дæр, æмæ уымæ гæсгæ ноджы тынгдæр стыхсын, уымæн æмæ æмбырд цæуы иууыл хуыздæрты командæ», – загъта Сланы фырт.

Зарæггæнæг бузныджы ныхæстæ загъта йе ‘мбæстæгтæн.

«Æз бузныг  дæн ме ‘мбæстæгтæй, се ‘ххуыс мын стыр тых дæтты æмæ æнкъарын, мæ фæстæ номдзыд адæм кæй ис», – банысан кодта уый.

Банысан кæнын хъæуы, конкурсы уæлахиздзау кæй райсдзæн сæрмагонд «билет киномæ» æмæ хайад кæй райсдзæни ног фильм «Последний богатырь»-2 саразыны хъуыддаджы.

Сланты Тимур каст фæци Гергиты Валерийы номыл Дзæуджыхъæуы аивæдты колледжы цур сывæллæтты музыкалон скъола. Ахуыр кодта Мæскуыйы консерваторийы, ныр та план кæны вокалыл кусын Европæйы. Зарыд Маринаг театры оркестримæ Мæскуыйы консерваторийы Стыр залы, театр Ла Скалайы. Хайад иста театр Геликоны оперæ «Царица»-йы сæвæрыны хъуыддаджы, æххæст кодта паддзах Густавы парти.

2015 азы Сланы фырт хайад райста Джиоты Вероникæйы II Æхсæнадæмон музыкалон аивæдты фестиваль  «Звезда Алании»-йы, оперон дивæимæ Хуссар Ирыстоны столицæйы иумæ ралæууыдысты сценæйыл.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.