40 Боны размæ цардæй ахицæн, хæларзæрдæ  æмæ зондамонæг адæймаг Санахъоты Валик. Райгуырд 1937 азы  Дзауы поселочы Жижойты сыхы. Ацы мæйы 14-æм боны йыл сæххæст уыдаид 86 азы.

Валикимæ Дзауы астæуккаг скъолайы иумæ ахуыр кодтам, иу партæйыл бадтыстæм æмæ тынг схæлар стæм. Æмæ нын уыцы хæлардзинад уыд зæрыбонтæм дæр. Чындзæхсæвтæм, зиæнттæм иумæ цыдыстæм. Æмæ мын ныр нал ис мæ иузæрдион æмбал æмæ хасты хуызæн фæдæн. Мæ цард цыма фæкъахыр, афтæ мæм кæсы. Ме ‘ввахс æмбалы мардæй куы федтон, уæд мæ цæссыгтæ нал урæдтон. Хатт мæм афтæ дæр фæкæсы, цыма Валикыл нырма дæр амбæлдзынæн æмæ та зæрдæбын ныхæстæ фæкæн-дзыстæм кæрæдзийæн, фæлæ…

Валикæн йæ цардæмбал фондз азы размæ фæзиан æмæ уæдæй фæстæмæ йе ‘нæниздзинад фæцудыдта æмæ мæнæ йæ бинойнаджы баййæфта. Советон æфсады рæнхъыты йе ‘мбæстагон хæс куы бафыста  æмæ фæстæмæ йæ райгуырæн Ирыстонмæ куы æрæздæхт, уæд райста уæлдæр ахуырад. Бирæ азты дæргъы фæкуыста Дзауы районы Культурæйы хæдзары. Зылдис хъæууон клубтыл, зонгæ кодта культурæйы къабазы кусджытæ сæ куысты цы ныхдуртыл æмбæлынц, уыдонимæ æмæ-иу сын цæстуарзон æххуыс бакодта.

Дзауы районы Культурæйы хæдзары уыцы рæстæджы бирæ кружоктæ куыстой. Мах Валикимæ драмон къорды дæр иумæ архайдтам. Нæ къордимæ-иу суанг Хъызлары фысгæсты раз дæр ралæууыдыстæм. Æгæрыстæмæй, Тбилисы драмон кружокты ‘хсæн конкурсы дæр хайад райстам.

1991 азы тыхджын зæххæнкъуысты фæстиуæгæн ныппырх Дзауы районы Культурæйы хæдзар дæр æмæ бирæтæ аззадысты æгуыстæй. Уæд Валик кусынмæ бацыд Дзауы астæуккаг скъоламæ, хистæркъласонтæн амыдта машинæ скъæрыны сусæгдзинæдтæ. Йæ цардæмбалимæ схъомыл кодтой дыууæ сывæллоны – чызг æмæ лæппу. Чызг йæ амонд ссардта, Аркади та цард йæ фыдимæ. Сабибонтæй фæстæмæ тынг рæхст машинæтæ цалцæг кæнынмæ. Бацыд 4-æм æфсæддон базæйæн Æхслебы цы дæлхай ис, уырдæм æмæ дзы уыдысты райгонд. Сæрмагонд æфсæддон операци куы райдыдта, уæд 4-æм æфсæддон базæйæ иу къорды акодтой Цæгат Ирыстоны полигонмæ. Уым сæ цæттæ кодтой Украинæмæ арвитынмæ. Кæй бацæттæ кодтой, уыцы æфсæддон службæгæнджыты номхыгъды Аркади нæ уыд. Æвæццæгæн, æй нæ бахастой йæ зæронд фыд иунæгæй кæй уыд, уымæ гæсгæ. Фæлæ лæппу нæ нылæууыд, ацыд йе ‘мбæлттимæ. Кæмæндæрты бахæс кодта, цæмæй йын йæ фыдæн загътаиккой, зæгъгæ, Цæгат Ирыстоны полигоны ис. Аркади хъæбатырæй тох кодта украинæйаг нацистты ныхмæ. Уый тыххæй йæ схорзæхджын кодтой Жуковы майданæй. Гъе, ахæм кæстæр схъомыл кодта Валик. Йæ лæппуйы чындзæхсæвмæ дардта гал, фæлæ нал æрæййæфта йæ хъæбулы циндзинад, афтæмæй  æцæг дунемæ бацыд.

Рухсаг у, нæ зынаргъ æмгар!

Æмгæртты номæй

 ДЖИОТЫ Павел

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.