Фæстаг рæстæджы, ома, гуырдзиаг-ирон хæсты дæргъвæтин азты дæргъы нæ мадæлон æвзагмæ фылдæр хъусдард здæхт кæй цæуы, уымæн  алчи дæр æвдисæн у.  Æмæ уый афтæ дæр хъуамæ уа. Ирон адæмы хуыздæр фырттæ сæ цард нывондæн уый тыххæй æрхастой, цæмæй сæ радтæг Ирыстон сæрибарæй цæра æмæ сын сæ мадæлон æвзагыл дзурыны бар уа.

Нæ мадæлон æвзагмæ кæд фылдæр хъусдард здæхт цæуы, уæддæр афтæ зæгъæн нæй, æмæ йын сомбон фесæфынæй тас нал у. Специалисттæ нымайынц, зæгъгæ, цæмæй æвзаг цæра, уый тыххæй йыл, æппынкъаддæр, хъуамæ дзура 100 мин адæймаджы. Æппæт рæстæджыты дæр æвзæгтæ æвзæрдысты, уæвынад кодтой, фæлæ-иу уый фæстæ амардысты, бирæ хатт-иу, æгæрыстæмæй, сæ фæстæ фæд дæр нæ ныууагътой, афтæмæй. Фæлæ ацы процесс, ныртæккæ куыд тагъд цæуы, афтæ никуы цыд.

Фесæфынæй тас кæцы æвзæгтæн у, уыдон нымæцмæ ЮНЕСКО бахаста ирон æвзаджы дæр æмæ уый катайдзинад расайдта Ирыстоны цæгаты æмæ хуссары интеллигенцийы минæвæрттæм. Ирон æвзаг бахъахъхъæныны фæдыл дискусситæ уагъд цæуынц æппынæдзух, ирон филологтæ архайынц мадæлон æвзаджы позицитæ сфидардæр кæныны фæдыл æнæаргъæвгæ мадзæлттæ райсыныл.  Ирон æвзаг бахъахъхъæныны фарст комкоммæ кæмæ хауы, уыдон дæр сæ катайдзинад æвдисынц ацы ахсджиаг проблемæйы тыххæй, фæлæ сæ иу адæймаг дæр абоны онг  конкретон фæндон нæма бахаста фарст аскъуыддзаг кæныны тыххæй.

Æрæджы Хуссар Ирыстоны паддзахадон драмон театры артисттæ æхсæзбонон гастролты уыдысты Цæгат Ирыстоны. Гастролтæ ацыдысты æнтыстджынæй, цæгатирыстойнаг сценæмæкæсджытæ райзæрдæйæ цыдысты спектаклтæм. Хуссар Ирыстоны паддзахадон драмон театры пресс-службæйы минæвар нын куыд  загъта, уымæ гæсгæ коллектив гастролты куы цыд, уæд дирекци аскъуыддзаг кодта, цæмæй семæ ахастаиккой хъусæнтæ синхронон тæлмацæн. Зæгъгæ, Цæгат Ирыстоны цæрынц æндæр нациты минæвæрттæ дæр. Фæлæ, стыр хъыгагæн, уыцы хъусæнтæ, 300 иуæджы – иууылдæр бахъуыдысты Дзæуджыхъæуы скъолаты сывæллæтты. Афтæмæй ноджыдæр иу хатт раргом ирон æвзаджы абоны мæгуырау æмæ катайаг уавæр. Дзæуджыхъæуы скъо-латы ахуырдзауты 80 проценты нæ зонынц сæ мадæлон    ирон æвзаг. 

Ирон æвзаджы проблемæйы тыххæй газет «Республика»-йы ныффыста Хъоцыты Сергей, кæцы йæхæдæг æвдисæн уыд ацы цауæн. Уый фыссы, зæгъгæ, хъæуы фæдисы дзæнгæрджытæ цæгъдын, афтæ ма бахатыд  Бибылты Анатоли æмæ Битарты Вячеславмæ, цæмæй æвæстиатæй исты мадзæлттæ ист æрцæуой. Уымæн æмæ абон Ирыстоны хуссар хайы дæр бирæтæн модæйы хуызæн ссис сæ сывæллæттæм уырыссагау дзурын.  Кæмæндæр дзы уайдзæф дæр бакодтон, зæгъын, Джусойты Нафимæ дæр йæ ныййарджытæ уырыссагау дзырдтой? Советон Цæдисы рæстæджы та иуæй-иу «патриот» ныййарджытæ сæ сывæллæтты, ирон æвзаджы урокты бæсты, æрвыстой гуырдзиаг æвзаджы уроктæм. Фарстæуы, цæмæн сын уыд ахæм бартæ? Æрмæст ацы иу къахдзæфæй дæр бæрæг у, рагæй фæстæмæ дæр нæ мадæлон æвзагæн, Къостайы, Васойы, Нафийы æвзагæн куыд аргъ кæнæм, куыд æй уарзæм, уый. Æвзагыл цас фылдæр адæм дзурой, уыйас хъомысджындæр кæй у, уый цæмæннæ æмбарæм.

Ноябры мæйы газет «Хурзæрин»-ы мыхуыр æрцыд цæгатирыстойнаг журналист Цгъойты Хазбийы уац «Ирон æвзаг хуыздæр базонынæн», зæгъгæ. Автор йæ зæрдæйы катайдзинад рахаста газеткæсджыты рæгъмæ. Уый фыссы, зæгъгæ, алыгъуызон типографты джиппæй гæпп кæнынц алыгъуызон чингуытæ, кæцытæн сæ фылдæр сты уырыссаг æвзагыл. Фылдæр сты æппæлæн æрфыстытæ, иу адæймаджы цард æмæ йæ «диссаджы сгуыхтдзинæдты» тыххæй. Уымæй дæр сæ фылдæр рухс фенынц авторы хардзæй. Ахæмтæ Ирыстонæн, ирон адæмæн хорзæй цы сарæзтой? Ирон æвзаг дон-дон куы фæцæуы йæ сæфты фæндагыл, уæд. Йемæ – ирон æгъдау æмæ фыдæлты фарн дæр. Уæд дæм дæхицæй раппæлыны æфсæрм кæцæй æрцыд». Автор ма дзуры, зæгъгæ, кæд æппæт уыцы æнæпайда чингуыты тыххæй фæрæзтæ разыны Ирыстоны цæгаты æмæ хуссары дæр, уæд, зæгъ, «Ирон æвзаджы æмбарынгæнæн дзырдуат»-æн йæ 3-4 томтæ абон дæр рухс куынæ ма федтой. Чидæртæ, зæгъ, цъæхахст кæнынц, зæгъгæ, нæ сæфы ирон æвзаг, тæссаг ын нæу. «Дзæуджыхъæуы бирæуæладзыгон хæдзæртты кæртыты искуы сывæллæтты иронау ныхас кæнгæйæ федтат?», – афтæ бафæрсæг сæ нæй… Ацы проблемæйыл, зæгъ, фысгæ куыд арæх кæнæм, уыйбæрц кусгæ дæр кæнæм? Кæй зæгъын æй хъæуы – нæ! Аразыны нæ, фæлæ халыны куыст уыд, Дзæуджыхъæуы скъолаты ирон урокты скъоладзауты иронæй, уырыссагæй, сомихагæй, гуырдзиагæй, тæтæйрагæй иумæ чи сбадын кодта, уый архайд». Æмæ æцæгæйдæр стыр диссаг у, ахæм рæдыд куыд хъуамæ æруагътаиккой?

 Цæгат Ирыстоны скъолатæй сæ иуы ирон æвзаджы ахуыргæнæг зæгъы, зæгъгæ, ирон ахуыргæнинæгтæй сæ фылдæрæн ирон æвзаг амоны, фæсарæйнаг æвзаг куыд  амонай, афтæ.  Цыма уа, уымæй диссагдæр æмæ худинагдæр. Нæ фидæн не ‘взаг у, æмæ йæм ахæм уазал цæстæй куы кæсæм, уæд нæ уый хорзмæ кæй не ‘ркæндзæн, уый цæмæннæ æмбарæм? Ацы стыр проблемæ скъуыддзаг куынæ ‘рцæуа, уæд цы уыдзæн ирон æвзаджы фидæн 50 кæнæ 100 азы фæстæ, ууыл ма нæ алчидæр лæмбынæг ахъуыды кæнæд. Æвзæр цæвиттон хæцгæ низæй уæлдай нæу, æмæ Цæгат Ирыстоны ирон бинонтæ мадæлон æвзагыл сæ хæдзæртты сæ кæстæртимæ куыд нæ дзурынц, уымæй тас у Хуссар Иры дæр.

Йæ райгуырдæй фæстæмæ сывæллонæн хъуамæ бауырнын кæнай мадæлон æвзаг нацийы исбон кæй у, уый. Æнæхъуаджы куынæ дзурынц, зæгъгæ, æнæ зонадæй гæнæн ис фæцæрæн, фæлæ æнæ мадæлон æвзаг – нæ. Мадæлон æвзаг чи нæ уарзы, мадæлон æвзаг кæй нæ хъæуы, уый у Хуыцауæй æлгъыст адæймаг, уымæн æмæ мадæлон æвзагыл зæрдæ сивын нысан кæны Фыдыбæстæ, ныййарæджы ма уарзын. «Ирон æвзаг у, хъуыдыйы æмæ æнкъарæнты тæккæ лыстæгдæр æмæ уæздандæр фæзилæнтæ равдисынмæ чи арæхсы, ахæм æнæаипп, рæвдз æмæ коммæгæс хотых», – фыста Абайты Васо. Уæдæ хатдзæгтæ скæнæм нæ зынгæ ахуыргонды  ныхæстæй, алчи дæр нæ лæмбынæг ахъуыды кæнæд нæ мадæлон æвзаджы сомбоныл…

ДЖИОТЫ Екатеринæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.