Искæй сæфтмæ чи бæллы, ахæм адæм, ахæм нацийæн уыцы æнæуынондзинад рæстæгæй-рæстæгмæ нæ фæзыны, уый сæ туджы вæййы сæ равзæрдæй фæстæмæ. Гуырдзиаг æлдæрттæ рагæй архайдтой ирон адæмы сæ дæлбар бакæнынмæ, сæхицæн сæ хъалондар скæнынмæ. Стæй ма ууыл тыхы фæрцы æмæ лæгдзинады фæрцы дæр куы архайдтаиккой, фæлæ – хин æмæ кæлæнæй…

Уæрæсейы империйы уæвгæйæ, уыцы хъуыддаг хъавыдысты уырыссæгты къухæй аразынмæ. Эрыстаутæн бынтон нал уыд арт æмæ фæнык, Кавказы уырыссаг командæкæнынады уынгæджы фæкодтой сæ домæнтæй, цæмæй ирæтты зæххытæ сæхи бакодтаиккой.

1831 азы сæ радон куырдиаты фæстæ кавказаг наместник граф Иван Паскевич бахæс кодта Казачковский æмæ Янковскийæн, цæмæй сахуыр кодтаиккой уыцы куырдиæттæ. Уый фæстæ арæзт æрцыд ахæм хатдзæг:

«Эрыстаутæ сæхи кæй хонынц, претензитæ сын цы ирон кæмттæм ис, уыцы кæмтты сын бынтондæр ницы фæд зыны, сæ дæлбар кæй сты, уый бафидар кæнынæн. Цалынмæ не ‘фсæдтæ ирæтты растад басастой, уæды онг уыцы кæмтты цæрджытæ уыдысты рагзамантæй цæрæг адæм. Уыдонæн уыд æрмæст бинонтимæ бастдзинад. Хъæутæ æмæ кæмтты бынтондæр ницы барадон фæтк уыд, ома ничи никæй дæлбар уыд, чидæриддæр æхсæнгарз дарынхъом уыд, уыдонæй алчи дæр йæхи нымадта хæдбар, сæрибар адæймагыл».

Фæлæ уымæй нæ фæкъаддæр гуырдзиаг æлдæртты бонæй-бонмæ рæзæг бæллиц, командæкæнынады фæкодтой алыгъуызон документты бын, цыма сæ бар æрмæст ирæттæн сæ зæххытыл нæ цæуы, фæлæ адæмæн сæхиуыл дæр. Эрыстаутимæ ма бамбал сты Мачабелтæ дæр. Фæлæ уыцы «документтæн» бынтондæр ницы тых уыд. Ацы фарстмæ бацымыдис кодта граф Паскевич йæхæдæг. Æмæ ныффыста:

«Кæд Эрыстаутæ сæхæдæг хастой ахæм уынаффæтæ, цыма бар дардтой уыцы зæххытæм, уæддæр ирон хъæутæ никуы уыдысты уыдон дæлбар».

Паскевичы позицимæ гæсгæ гуырдзиаг зæхджынты кæд тынг фæндыд, цæмæй Ирыстоны хъæутæ æмæ кæмттыл æлдариуæг кодтаиккой, уæддæр сын уымæй ницы цыд, æмæ ма сæ бон уыд ирæттыл, æрмæстдæр, æндæргъуызон æндавын, сæ къухмæ-иу сæ чи бахауд, уыдоны æфхæрдтой, давтой сын сæ сывæллæтты æмæ сæ уæй кодтой.

Кæд искуы ирон адæм гуырдзиаг æлдæрт-тæн закъонмæ гæсгæ хъалондар уыдысты, уæд сæ цæмæннæ скодтой коммæгæс зæхкусджытæ?.. Ирæтты ныхмæ бирæнымæц æфхæрæн экспедицитæ дæр сын никуы æрхастой уадиссаг уæлахиз. Зæгъæм, 1817 азы Эрыстауты æлдæрттæй сæ иу стæры ацыд «йæ зæхкусджыты» басæттынмæ. Йæ фæстиуæг: фесæфта 400 хæстоны, афтæмæй бæрзæйсастæй аздæхт фæстæмæ. Гуырдзыйы хъуыдысты уырыссаг салдæттæ, цæмæй иу кæрдих уæддæр атыдтаиккой æцæгæлон зæххæй. Уый æмрæстæджы ирæттæ сæхæдæг дзырдтой, урыссаг паддзахæн кæй фиддзысты цыфæнды хуызы хъалон дæр, фæлæ гуырдзиæгтæн – никуы!

Уыцы иугъæдон быцæуæн кæрон скодта паддзах Никъала 1, гуырдзиаг æлдæртты æнæкæрон хъæстытæ æмæ куырдиæттæй куы сфæлмæцыд, уæд. Уый йæ къух æрфыста сæрмагонд указыл, кæцымæ гæсгæ Хуссар Ирыстоны æппæт цæрджытæ конд æрцыдысты къазнæйон къæпхæнмæ, ома нымад æрцыдысты паддзахадон зæхкусджытыл. Ахæм æмбæстæгты ныхмæ цæуын кæнæ сын исты хъалон фидын кæнын нысан кодта   паддзахы ныхмæ рацæуын!

Сæ сæрыстырдзинадмæ æнæкæсгæйæ, гуырдзиаг æлдæрттæн æндæр фæрæз нал уыд, æмæ сразы сты сæ хъысмæтыл. Фæлæ сæ удты уæддæр нæ ахуыссыд зæххæй æнæфсисдзинад…

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.