«Гӕрзифтонг лӕбурджытӕ ӕрбалӕууыдысты ницыгӕнӕг адӕмы къӕсӕрыл афтӕхуыйнӕг «сабырадон митинг» ауадзыны ӕфсонӕн. Фӕлӕ Згъудеры дзуары бын сӕ разы ирон лӕппутӕ дӕларм уӕлармӕй куы ауыдтой кӕрӕдзийыл хӕцгӕ афтидармӕй сӕ риутӕ нӕмыджы ныхмӕ, уӕд сӕхӕдӕг фӕсонтау сты, ома «цалдӕрӕй нӕ разы ӕрлӕууын сӕ ныфс та куыд бахастой». Нӕ лӕппутӕ, цыма ӕндонӕй конд уыдысты, уыйау нӕдӕр тасдзинад ӕнкъардтой, афтӕмӕй лӕууыдысты знаджы стыр тыхты ныхмӕ.

Уыцы бонты райдыдта сæрибары сæрыл тох, уыцы бонты чысыл Ирыстоны адæм – стырæй чысылæй иудзинады æнкъарæнтимæ, тасдзинад аиуварсгæнгæйæ, слæууыдысты мæнгард знаджы ныхмæ. Æмæ уæд – сгуыхтдзинадæй райдыдта нæ хæдбардзинады сæрыл тох бирæ азты дæргъы», ахӕм ныхӕстӕй мысӕн митинг бакодта паддзахадон университеты ирон литературӕйы кафедрӕйы хистӕр ахуыргӕнӕг Плиты Серго.

Ацы аз дæр традицимæ гæсгæ нæ горæтмæ æрбахизæны уыцы хъæбатыр лæппуты номыл мысæн дуры раз митинджы хайад райстой республикæйы къухдариуæгад Президент Гаглойты Аланы сæргълæудæй, æхсæнады минæвæрттæ æмæ Хуссар Ирыстоны адæмы сæрибардзинад æмæ хæдбардзинады сæрыл национ-сæрибаргæнæн тохты хайадисджытæ, цытджын уазджытӕ ӕфсымӕрон Цӕгат Ирыстонӕй ӕмӕ Уӕрӕсейы регионтӕй.

Мысӕн мадзалы хӕдразмӕ йӕ хайадисджытӕ – пад-дзахадон унивеситет, астӕуккаг скъолаты, республикæйы разамынады бæрнон кусджытӕ ӕмӕ ӕхсӕнады минӕвӕрттӕ нӕ горӕты Театралон фӕзуатӕй цытджын маршӕй ацыдысты горӕты ӕрбацӕуӕнмӕ.

Бӕстӕйы сӕргълӕууӕг Гаглойты Аланы сӕргълӕудӕй, Парламент ӕмӕ Хицауады уӕнгтӕ Фыдыбӕстӕ хъахъхъӕнджыты номыл мемориалон комплексы сӕвӕрдтой Кады гирляндӕ ӕмӕ дидинджытӕ.

 

Номарӕн митинг

Гаглойты Алан йӕ раныхасы куыд банысан кодта, афтæмæй Ирыстоны адӕм ӕрвылаз дӕр ӕрӕмбырд вӕййынц ацы бынатмӕ, цӕмӕй банысан кӕной Ӕхсардзинад ӕмӕ адӕмы иудзинады бон.

34 азы размӕ дӕр, ацы бон ӕгас Ирыстон куывта Сыгъдӕг Уастырджимӕ, цӕмӕй нӕ бӕстӕ ӕмӕ йӕ адӕмы бахызтаит фыдбылызӕй. Уӕд гуырдзиаг националистты фӕнд уыд, нӕ уӕрджытыл нӕ ӕрлӕууын кӕнын ӕмӕ сӕрибардзинад ӕмӕ хӕдбардзинады кой ферох кӕнын. Фӕлӕ сын сӕ фӕндаг ӕрӕхгӕдтой Ирыстоны хъӕбатыр ӕмӕ  ӕхсарджын  фырттӕ.Уыдонмӕ, зæгъгæ, цыбыр рæстæджы фæстæ       æрбаиу сты горæты æндæр цæрджытæ, уыдон нымæцы сылгоймæгтæ æмæ сывæллæттæ дæр.                                                                                                                                                                                                                            «Знаг куы федта ӕмӕ йӕ куы бамбӕрста, ацы адӕмимӕ нӕдӕр бадзурӕн ис, нӕдӕр сӕ басӕттӕн ис, уӕд бар ӕнӕбары фӕстӕмӕ здӕхын райдыдта.

Мах не ‘ппӕтдӕр ӕвдисӕн стӕм, уӕдӕй фӕстӕмӕ цы фӕлварӕнты сӕрты хызтыстӕм, цӕмӕй бӕстӕйы хӕдбардзинад ӕмӕ сӕрибардзинад нӕ къухты бафта. Уыцы уӕззау ӕмӕ дӕргъвӕтин фӕндагыл бирӕтӕ радтой сӕ цард, абон нал сты немӕ. Сӕ цард нывондӕн ӕрхастой, цӕмӕй абон нӕ фӕсивӕд, ирон тырыса ацы бынаты бӕрзонд сисгӕйӕ ма рох кӕной, цахӕм аргъӕй ӕлхӕд ӕрцыд сӕрибардзинад ӕмӕ уыимӕ хъуыды кӕной, сӕрибар бӕстӕйы кӕй руаджы цӕрынц, уыдон сгуыхтдзинад ӕмӕ хъайтардзинад», – дзырдта президент.

Уастырджийы кувӕн бонтӕ кӕй сты уый тыххӕй бӕстӕйы сӕргълӕууӕг арфӕ ракодта не ‘мбӕстӕгтӕн ӕмӕ бузныг загъта мадзалы хайадисджытӕн.

Мадзалы хайадисӕг хъазахъхъаг диверсион-развӕдсгарӕн бригадӕ «Днепр»-ы бырсӕн корпусы командӕгӕнӕг Андрей Жидков йӕ раныхасы бузныджы ныхӕстӕ загъта ирон адӕмӕн, ахӕм нысаниуӕгджын бон хуынд кӕй ӕрцыд Хуссар Ирыстонмӕ, уый фӕдыл. Ирон адӕм, зӕгъгӕ, ӕнусты дӕргъы бӕлвырд кӕнынц сӕ хъӕбатырдзинад ӕмӕ ӕхсардзинад ныхӕстӕй нӕ, фӕлӕ хъуыддагӕй.

«Уӕрӕсе ӕмӕ Хуссар Ирыстоны адӕм сӕ историйы дӕргъы тох кӕнынц уӕхски уӕхск – Ирыстоны адӕмы сӕрмӕ тасдзинад куы сӕвзӕры, уӕд ӕм йӕ ӕххуысы къух Уӕрӕсе фӕдаргъ кӕны ӕмӕ Уӕрӕсейӕн уӕззау рӕстӕджытӕ куы скӕны, уӕд та Ирыстон кӕддӕриддӕр балӕууы йӕ фарсмӕ», – дзырдта уый.

Банысан кодта, уый ныртӕккӕ дӕр афтӕ кӕй у, уымӕн ӕмӕ фашизм йӕ сӕр кӕм сдардта, уым сӕрмагонд ӕфсӕддон операцийы руаджы йӕ ныхмӕ тох кӕнынц ирӕттӕ ӕмӕ уырыссӕгтӕ – иумӕ бадынц акъоппыты ӕмӕ куынӕг кӕнынц нӕ фыдыфыдтӕ ӕмӕ уыдон фыдтӕ кæронмæ кæй не скуынæг кодтой, уыцы нацистон ӕвзарты.

Уый ӕгӕрон бузныджы ныхӕстӕ загъта ирон адӕмӕн сӕ ӕхсардзинад, хъӕбатырдзинад ӕмӕ кӕдфӕндыдӕр Уӕрӕсейы фарсмӕ кӕй сты, уый тыххӕй.

1989 азы гуырдзийы бирӕминон тыхӕйисджыты ныхмӕ рӕхысбыдӕй цы лӕппутӕ слӕууыдысты уыдонӕй сӕ иу уыд Гаглойты Анатоли. Йӕ раныхасы уый бузныг загъта, ацы цаутӕ чи нӕ рох кӕны, ӕрвылаз ацы бынатмӕ чи ӕрбацӕуы ӕмӕ Ирыстонӕн уыцы уӕззау рӕстӕджы ӕнӕхъуыдыгӕнгӕйӕ чи слӕууыд нӕ Фыдыбӕстӕ хъахъхъӕнджыты рæнхъыты, уыдонӕн.

Абоны онг дӕр, зӕгъгӕ, гуырдзиӕгтӕ нӕ бамбӕрстой, мӕлӕтӕй тасы уавӕрты ирон адӕм тынгдӕр кӕй ӕрбангом вӕййынц.

«Уыцы хъайтартӕй бирӕтӕ абон нал сты не ‘хсӕн. Хорз уаид ӕмӕ уыцы азты нӕмыджы ныхмӕ цы хӕстхъом лӕппутӕ фӕлӕууыдысты, уыдонмӕ паддзахады ‘рдыгӕй фылдӕр хъусдард куы уаид», – банысан кодта Анатоли. 

КЪӔБУЛТЫ Маринӕ

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.