Æрдз хъахъхъæнын нысан кæны
Фыдыбæстæ хъахъхъæнын
 (Пришвин М.М.)
 

Адæймагæн йæ алфæмблай цы диссаджы дуне – æрдз ис, уымæн йæ рæсугъддзинад æмæ сыгъдæгдзинад алы адæймаг дæр хъуамæ хъахъхъæна.

Куыд диссаг сты æрдзы цæрæгойтæ! Фæлæ, хъыгагæн, алчи афтæ нæ фæхъуыды кæны. Ацæуынц æрдзмæ сæхи ирхæфсынмæ, æмæ æгъатырæй амарынц цæрæгойты.

Ивгъуыд аз Цхинвалы фæзындысты цыппар арсы лæппыны. Бæрæг куыд у, афтæмæй браконьертæ амардтой лæппынты мад-арсы. Уыдон баззадысты сидзæрæй æмæ сæ адæм куыд гæдыйы лæппынты, афтæ ахастой сæ хæдзæрттæм. Уый, кæй зæгъын æй хъæуы, раст нæ уыд, уымæн æмæ арс сахуыр вæййы адæймагыл æмæ стæй æрдзы сæрибарæй цæрын нал фæзоны.

Хуссарирыстойнаг æрдзхъахъхъæнæг организаци «Цъæх Алани» уый куы фехъуыста, уæд расидт акци æрсытæ ссарыны фæдыл. Ацы хъуыддаджы иуварс нæ баззадысты республикæйы бархионтæ æмæ журналисттæ.

Балтайы тобæгонд хъæды сын сарæзтой вольер. Бакодтой сæ уырдæм, хæрын сын кодтой, зылдысты сæм. Рацыд рæстæг æмæ уыдон куыддæр сфидар сты, базыдтой хæрын, афтæ сæ ауагътой æрдзмæ.

Цыппар арсы æдзух дæр сты иумæ, дард нæ цæуынц вольер цы бынаты уыд, уырдыгæй. Æнцонтæй сахуыр сты хъæды цæрын.

ЦЫБЫРТЫ Анжелæ

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.