Куыд ма уын хъусын кодтам, афтæмæй æрæ-джы Республикæ Цæгат Ирыстоны Парламенты депутат не ‘мзæххон Тедеты Дзамболат Запорожьейы областмæ аласта Цæгат æмæ Хуссар Ирыстонæй хæстонтæн æххуыс. Йемæ ма уыдысты РХИ-йы парламенты депутат Гасситы Петя, Музейы директор Зассеты Мераб, Алайнаг епархийы динамонæг Фыд Яков æмæ æндæртæ.

Тедеты Дзамболат мультимедия «Спутник Хуссар Ирыстон»-ы тыгъдады фембæлд дзыллон информациты минæвæрттимæ æмæ радзырдта йæ тæлмæнтæ. Сæрмагонд æфсæддон операцийы хайадисæг ирон хæстонты архайды тыххæй.

«Гуманитарон æххуыс æрæмбырд кæнынæн мын баххуыс кодтой мæ мæскуыйаг æмгæрттæ, афтæ ма не ‘мзæххон Икъаты Руслан дæр. Аластам æххуыс фондз машинæйыл. Куыд зонæм, афтæмæй Донецкы ис Иугонд центр, кæцы координаци кæны гуманитарон æххуыс. Зæгъынц, зæгъгæ, дам, уырдыгæй сæрмагонд æфсæддон операцийы позицитæ ифтонг цæуынц гуманитарон æххуысæй. Фæлæ мæнмæ та æндæр информаци уыд – афоныл æмæ æххæстæй хæстонтæ ифтонг кæй нæ цæуынц хæлц æмæ хъарм дзаумæттæй. Мæ хъуыды у ахæм – хъуамæ мацæ-мæй цух уой лæппутæ. Уымæн æмæ уым чи ис, уыдон иууылдæр сты хъайтартæ! Фыццаг уал ныхас кодтон раззаг позицитыл чи сты, уыдонимæ. Хæстонтæ мæм бахатыдысты, цæмæй сæ сифтонг кæнон техникон фæрæзтæй. Уымæ гæсгæ балхæдтам квадракоптертæ, генератортæ, бастдзинады фæрæзтæ».

Уый ма куыд дзырдта, афтæмæй фыццаг бацыд 4-æм æфсæддон базæйы позицитæм. Уымæн æмæ, дам, уыдонæн сæ 90 проценты сты ирон лæппутæ. Хæлцадон продукттæ æмæ, уæлæдарæсæй тынгдæр, хæстонтæ фæцин кодтой, цы техникон фæрæз-тæ сæм нылластой, уыдоныл. Тедеты Дзамболат æмæ йе ‘мбæлццонтыл Запорожьейы здæхты раззагон позициты цы хæстонтæ ис, уыдон тынг бацин код-той. «Ирыстойнаг адæмы уынд, ирон дзырд сын уыйбæрц æхсызгон уыд æмæ сæ сæ тухитæ дæр æрбайрох сты. Лæппутæ куыд загътой, афтæмæй гуманитарон æххуыс иу æмæ дыууæ хатты нæ райстой Ирыс-тонæй. РХИ-йы Республикæйы разамынад дæр æрæ-джы æрласта стыр æххуыс, стæй æхсæнадон организацитæ, районты разамонджытæ æмæ афтæ дарддæр. Фæлæ, дам, нæм раззагон позицитæм æххуыс ничи ма æрбаласта», – дзырдта уый.

Тедеты Дзамболат ма куыд радзырдта, афтæмæй йемæ аласта 900 ирон уæливыхы. «Чи сæ скодта, уыцы сылгоймаг, куыстмызд дæр нал бакуымдта. Фæхай дзы кодтам «Алания шторм»-ы хæстонтæн дæр. Ахæм æххуыс ногæй бацæттæ кæндзæн майы мæймæ æмæ та сæ аласдзæн лæппутæн. «Раззаг позицитыл чи лæууы, уыдонæн нæ фаг кæны транспортон фæрæзтæ. Æз бацархайдзынæн, сæ фæнд сæххæст кæныныл. Февралы иу афæдз сæххæст хæстыл.  Бирæ ирон лæппутæ фæхъуыд. Фæлæ дзы чи ис, уыдон та тох кæнынц нæ Ирыстоны интерестыл дæр. Махæй алчидæр хæсджын у, уыдонæн баххуыс кæнын»,  – дзырдта Тедеты Дзамболат.

УАЗÆГТЫ Марфæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.