Æрвылаз дæр 17-æм ноябры полицийы фадыгон æххæстбарджынтæ банысан кæнынц сæ профессионалон бæрæгбон. Ацы боны цытæн æппæт кусджытæн æмæ Æппæтуæрæсейон 12-æм конкурс «Адæмон фадыгон – 2022»-йы хайадисджытæн раарфæ кодта Уæрæсейы Федерацийы мидхъуыддæгты министр Владимир Колокольцев.

Æхсæнадон фæтк хъахъхъæнын сифтонг кæныны фæдыл сæйраг управленийы хистæр, полицийы инæлар-лейтенант Михаил Давыдов та фехъусын кодта конкурсы уæлахиздзауты нæмттæ. 10-æм ноябрмæ Интернетæй пайдагæнджытæн сæ бон уыд газет «Комсомольская правда»-йы сайтыл схъæлæс кæнын Уæрæсейы хуыздæр фадыгон полицæйаг равзарыны фæдыл кандидаттыл. Популярон у полицийы кусджыты ‘хсæн.

«Адæмон фадыгон»-ы æртыккаг бынат бацахста цæгатирыстойнаг, полицийы капитан Царахаты Сослан. Сæ хъæлæстæ йын радтой 181, 727 адæймаджы. Сослан райгуырд 1991 азы горæт Беслæны. Каст фæцис Хæххон паддзахадон аграрон университеты «Юриспруденци»-йы факультет.

Куыд йæ хистæр æфсымæр, афтæ Сослан дæр йæ цард сбаста полицийы службæ кæнынимæ. Æмæ ныр æхсæзæм аз цæсгомджынæй службæ кæны Дзæуджыхъæуы 50-æм фадыджы. «Йæ куыстмæ дары бæрнон ахаст. Фадыджы алы цæрæгæн дæр йæ бон у Сосланмæ бахатын иу кæнæ иннæ фарсты тыххæй. Хъуыддаг равзаргæйæ Сослан баххуыс кæны алцæмæй дæр», – нысан кæнынц газет «Комсомольская правда»-йы Интернетæй пайдагæнджытæ.

«Æнхъæл нæ уыдтæн æртыккаг этапмæ ахизынæй. Мæн тыххæй схъæлæс кодтой бирæ адæм æмæ сын зæгъын бузныг, архайдзынæн дарддæр дæр мæ куыст цæсгомджынæй æххæст кæныныл», – дзуры Царахаты Сослан.