1990 азы 9 декабрь Хуссар Ирыстоны, хуссарирыстойнаг парламентаризмы историйы фыст æрцыд куыд ирон адæмы политикон царды ног этапы райдиан. Адæм равзæрстой сæ минæвæртты закъондæттæн органмæ.

Хуссар Ирыстоны уыцы рæстæджы уыдис кризисон уавæр — коммунистон партийы хуссарирыстойнаг обком бандзыг ис, æнхъæлмæ касти центрæй цавæрдæр директивæтæм æмæ йæ бон нал уыд сæвзæргæ уавæрæн аккаг аргъ скæнын. Адæм та сæм сæ хъус нал дардтой. Рæстæг æмæ уавæр домдтой Уæлдæр Советы æвзæрст — ахæм паддзахадон органы, кæцы сбæрæг кодтаид сæйраг политикон стратеги, кæцы нымадтаид национ интерестæ æмæ конкретон политикон уавæр. Хъуыдис парламент. Æппæтадæмон æвзæрстытæ республикæйы ифтонг кодтой легитимондзинадæй.

Æмæ уæд областон Советы депутаттæ бакуыстой «Æвзæрстыты тыххæй» уагæвæрдыл. Хуссарирыстойнаг республикæйы Уæлдæр Советмæ æвзæрстытæ уагъд æрцыдысты 1990 азы 9 декабры. Хайад дзы райстой æвзарджыты 72 проценты.

Уыдон хуымæтæг æвзæрстытæ нæ уыдысты. Уый уыдис адæмы æмæ равзаргæ политикон курсы ныфсы бæрæгбон. «Æз хорз хъуыды кæнын уыцы бон. Æз æвзæрстытæм алыхаттдæр цыдтæн, нымадтон уый ме ’мбæстагон хæсыл. Фæлæ мæм афтæ каст, ацы æвзæрстытæм æрмæст ацæуын нæ хъæуы, фæлæ хъæуы алкæмæн дæр равдисын, цæмæй мах нымайой, кад нын кæной, куыд адæмæн, кæцыйæн йæ бон у йæхи бахъахъхъæнын æмæ йæ хъысмæт скъуыддзаг кæнын», — зæгъы æзвæрстыты тыххæй пенсионер, хæсты хайадисæг Козаты Иосиф.

Депутаты мандат райсынмæ егъау конкурс уыд — парламенты 75 бынатмæ сæ куырдиæттæ балæвæрдтой 300 кандидаты. Æцæг, ГСРЦ-йы генералон прокурор В. Размадзе куы фехъусын кодта, зæгъгæ, æвзæрстыты хайад чи райса, уый æфхæрд уыдзæн уголовон æгъдауæй, уæд претендентты фылдæр хай сæ кандидатурæтæ систой. Гуырдзыйы хицауады «мастæй» чи фæтарст, уыдоны ’хсæн, сæйраджыдæр уыдысты партион функционертæ æмæ интеллигенцийы минæвæрттæй чидæртæ.

Фæлæ уæддæр, иу депутатон мандатыл тох кодтой 4-5 адæймаджы. 10 декабры йæ куыст райдыдта Хуссарирыстойнаг Советон республикæйы Уæлдæр Советы 1-æм сесси. Хъуылымбегты Торез дзы æвзæрст æрцыд Уæлдæр Советы сæрдарæй. Сесси цыдис цалдæр боны дæргъы. Уæлдæр Советы депутаттæ истой иттæг ахсджиаг уынаффæтæ. Иууылдæр æй æмбæрстой, уыцы уынаффæтæ кæй сты вазыгджын, сæ нысан, сæ мидис та кæй у Хуссар Ирыстоны цардархайд рацаразыны æрдæм.

Республикæйы Уæлдæр Советы æххæстгæнæн органыл сесси банымадта Хуссарирыстойнаг Советон республикæйы Уæлдæр Советы исполком. Депутатты куыстмæ ивындзинæдтæ бахастой радон гуырдзиаг æртхъирæнтæ. Сессийы райдианы дыккаг бон, 11 декабры, Гуырдзыстоны Уæлдæр Совет Хуссар Ирыстоны автономийыл кæй нал нымайы, уый тыххæй райста закъон æмæ ма сæ Конституцимæ дæр бахаста ивындзинæдтæ.

Гуырдзыстоны Уæлдæр Советы митæ æмбæрстгонд уыдысты, фæлæ Мидхъуыддæгты министрады гарзджын æфсады дæлхайæдты командæгæнæг инæлар Малюшкины уагахаст дисы æфтыдта — æмцæдисон хицауады минæвар!!! Хайад райста сессийы æмæ загъта, зæгъгæ, закъон хъуамæ лæггад кæна гуырдзиаг адæмы интерестæн æмæ фæндон бахаста, цæмæй горæт Цхинвалы æмæ Дзауы районы бакæной уæлвæткон уавæр.

Гуырдзыстоны Уæлдæр Советы реакци развæлгъау æнцон сбæрæггæнæн уыд. Сæ хицауад сæхи цæттæ кодтой, абон æви райсом Хуссар Ирыстоны автономи фехалынмæ. Уый сусæггаг никæмæн уал уыдис. Æмæ уæд Хуссар Ирыстоны райстой историон уынаффæ 1990 азы 20 сентябры… Депутаттæ райстой сидтытæ, уыдонæй сæ иу — цæдисон республикæты Уæлдæр Советмæ. Уым дзырдуæуыд:

«Ирæттæ бахаудысты политикон, экономикон æмæ барадон геноциды экстремистон æмæ профашистон фарсæрдыгæй, кæцытæ Гуырдзыстоны къухдариуæгадмæ æрбацыдысты 1990 азы 11-æм декабры З. Гамсахурдиайы сæргълæудæй. Гуырдзыстоны Уæлдæр Совет нацитæ æмæ адæмты барты тыххæй æппæт дунеон акттæ æмæ ССРЦ-йы Конституци фехалыны фæдыл райста уынаффæ Хуссарирыстйнаг автономон област сликвидаци кæныны тыххæй.

Афтæмæй, Хуссар Ирыстоны адæм истой æрмæст сæрибар æмæ сæрмагонд уæвынады бартæ байсын нæ, фæлæ уыцы формалон бартæ, кæцытæ фыст уыдысты ГСРЦ-йы Конституцийы. Уымæ гæсгæ мах сидæм æппæт суверенон республикæты Уæлдæр Советтæм: Хуссарирыстойнаг советон респубикæ æмæ йæ парламент банымайын, куыд Хуссар Иры адæмы иунæг хъуыды æвдисæг».

Ацы сидтæн дзуаппытæ нæ уыд. Сидтытæй дарддæр ма, депутаттæ æнæмæнгхъæуæгыл банымадтой барадон уынаффæтæ райсын, кæцытæ æххæст кодтаиккой республикæйы цæуæг процесстæ. Республикæйы Конституци уыцы рæстæгмæ цæттæ уыд. Йæ проект ныммыхуыр кодтой дзыллон информацион фæрæзты. Фæлæ сæйраг фарст уыд — æхсæнадон-политикон уавæр кæй карздæр кодта.

Хуссарирыстойнаг Советон Республикæты Уæлдæр Советы сесси райста сидт ССРЦ-йы адæмон депутатты IV съездмæ , цыран фыстæуыд:

  1. Хуссар Ирыстоны автономи фесафыны фæдыл Гуырдзыстоны закъон нымад æрцæуæд æнæархайагыл.
  2. Хуссарирыстойнаг Советон республикæ нымад æрцæуæд федерацийы субъект æмæ Æмцæдисон сразыдзинадыл къухтæ æрфыссыны хайадисæгыл.

Гуырдзыстон системон æгъдауæй æмæ нысанмæздæхтæй иста нормативон акттæ æнæгуырдзиаг цæрджыты барты ныхмæ. 1988-1990 азы онг райстой, æппынкъаддæр, фараст ахæм нацистон документы.

Хуссарирыстойнаг Советон республикæйы Уæлдæр Советы фыццаг сессийы куыст фæцис 13 декабры. Райстой дзы ахсджиаг документтæ, хъæугæ уынаффæтæ. Дарддæр депутаттæм æнхъæлмæ каст егъау куыст. Депутатон корпус йæхимæ райста егъау бæрндзинад республикæйы, Хуссар Ирыстоны адæмы фидæны тыххæй. Депутатты хъуыдис хъысмæтон проблемæтæ аскъуыддзаг кæнын — фаг фæлтæрддзинад сæм кæцæй уыдаид, уæлдайдæр ахæм зын æхсæнадон-политикон уавæры. Гуырдзыстоны æрдыгæй та тыхджындæр кодта агресси, фæндыдис сæ тагъд рæстæджы тыхон æндæвдадæй аскъуыддзаг кæнын ацы фарст. Декабры кæрон Хуссар Ирыстонæй мингай гуырдзиæгтæ сусæгæй алыгъдысты. Ныры онг дæр адæм дис кæнынц, куыд сын бантыстис, куыд ничи сæм æрдардта йæ хъус. 5 январы Гуры калачы, Гуырдзыстоны Мидхъуыддæгты министрады кусджыты æмбырды аскъуыддзаг кодтой Цхинвалы сæхи фæтк æрæвæрын. Уый базыдтой Хуссар Ирыстоны столицæйы. Фæлæ инæлар Малюшкин ныфс бавæрдта, гарзджын тыхтæ горæтмæ кæй не ’рбахиздзысты. Инæлар Малюшкин ирон адæмæн ссис гадзрахатдзинад æмæ мæнгарддзинад, цинизм æмæ уæйгæнæджы символ.

6 январы райдыдта Хуссар Ирыстоны ныхмæ Гуырдзыстоны агресси.

6 январы æхсæвы мидхъуыддæгты æфсад ныууагъта горæт, республикæйы къухдариуæгадæн нæ фехъусын-гæнгæйæ.

Райсомы 4 сахатыл горæтмæ æрбахызтысты 6000 гарзджын адæймаджы милицийы формæйы.

1991 азы 7 январь нæ адæмы историйы фыст æрцыд куыд тугæйдзаг Цыппурс.

Гаглойты Иринæ, Медиа-центр «Ир»-ы разамонæг