Дунеон Хъæбысхæсты къорд Поддубныйы (PWL-6) фæлгæтты 3-æм ноябры Мæскуыйы волейболон аренæ «Динамо»-йы уагъд æрцæудзæн уæгъдибар хъæбысхæстæй Цæгат Ирыстон æмæ Дагъыстаны командæты ‘хсæн матчон фембæлд. Ныридæгæн фæбæрæг сты йæ хайадисджыты нæмæттæ:
57 кг. Гобаты Артем – Заур Угуев; 61 кг. Тæуитты Чермен – Абасгаджи Магомедов; 65 кг. Хъызынты Дзамболат – Ибрагим Ибрагимов; 70 кг. Байты Давид – Курбан Шираев; 74 кг. Уалыты Чермен – Магомедхабиб Кадимагомедов; 79 кг. Салхъазанты Таймураз – Ахмед Усманов; 86 кг. Найфонты Артур – Джабраил Шапиев; 92 кг. Цæкуылты Батырбег – Магомед Курбанов; 97 кг. Козырты Сергей – Ахмед Тажудинов; 125 кг. Хуыбылты Ален – Абдулла Курбанов.
ДЗЮДО
Дунейы чемпион Тасойты Инал, Олимпион хъæзтыты бронзæйон призер Таймæзты Мадинæ æмæ Европæйы чемпион Хуыбецты Алан хайад райсдзысты Абу-Дабийы дзюдойæ «Дунеон туры» этапы. «Большой шлем»-ы бæрзонд рейтингон ерыстæ уагъд æрцæудзысты 24-26 октябры.
Развæлгъау куырдиæттæм гæсгæ турниры 80 бæстæйæ фылдæрæй хайад райсдзысты 475 дзюдоисты.
ХУРИТЫ Батрадз