Дугъысыфæн хæрынæн бæзгæ кæрдæг рахонæн нæй. Цæхæраджыны кæрдæджытæм æй æфтыдтой, фæлæ йæ хицæнæй хордтой хуылфы низты дзæбæх кæныны тыххæй куыд хомæй, афтæ – фыхæй дæр. Мастад кæны, æмæ уыцы тæнгъæдæй дзæбæхырдæм ахады ахсæны, тъæнгты, игæры иугæндзон куыстыл, сыгъдæг сæ кæны сæ уæлдай буарадтæй, хæринæгты баззайæццæгтæй, ахъаз кæны улæфæн органты сыгъдæг кæнынæн. Хордтой йæ ногдзыдæй, хæрзæхсадæй хомæй, лæджирттæгимæ иумæ. Дыууæ кæрдæджы дæр сты донджын. Лæджирттæг хæрзаддæр у, æнцондæр хæрæн. Дугъысыф мастдæр æмæ зындæр хæрæн кæй у, уымæ гæсгæ сæ иумæ хæргæйæ кæрæдзийыл хуыздæрырдæм æндавынц. Дугъысыфыл куы фæцахуыр уа адæймаг, уæд æм фæстагмæ маст нал фæкæсы, зæрдæ йæ фæисы.

Дугъысыф æмæ лæджирттæг фæзынынц уалдзæджы уыцыиу рæстæджы. Сты уазалæн фидар, цалынмæ сыл æрæгвæззæджы уазал халас нæ сæмбæлы, уæдмæ цъæх дарынц. Зайынц адæймаджы цæрæнбынæттæм хæстæг рæтты. Лæджирттæгау  дугъысыф дæр зайы хохæй быдырмæ цалдæр хуызы. Иу хуызæн ис даргъ, бæзджын фæтæн сыфтæ, æмæ нæ калы дидинæг. Зайы губаккай дæр, æмæ астæуæй суадзы лыстæг зæнг хоры æфсирау – ууыл вæййы тауинæгтæ. Уыцы мыггæгты ис йæ æрдзон тыхы фылдæр хай, æмæ сæ тонын хъæуы иумæ зымæгмæ хус кæнынæн. Хус сæ кæнын хъæуы дымгæдзон аууоны сыгъдæг ран. Дугъысыфы æмæ лæджирттæджы хустæн сæ фыхдон хæрзад у цымынмæ дæр гæзæмæ сæкæримæ, науæд та æнæ уымæй. Сæкæры дон адджын цы у, æндæр сафы хосы кæрдæджыты æрдзон хъомыс, æмæ нæ фыдæлтæ хосы кæрдæджыты дон нуæзтой æрдзон уагыл сыгъдæгæй. Сафыроны низæн кæрдæджыты донæй хуыздæр хос нæй. Дугъысыфты дидинæгдзыдæй къахтой æд уидæгтæ, æхсадтой сæ сыгъдæг доны æмæ сæ фыхæй кодтой ваннæтæ къæхтæн æндыснæгæй рынчынтæн.

Дугъысыфтæ æмæ лæджирттæгæн лыстæг карстæй лæмæрстой сæ дон æмæ йæ нуæзтой хæрды размæ æмæ фæстæ дæр. Кæй зæгъын æй хъæуы, хосгæнæн кæрдæджыты хæргæйæ, сæ дон хомæй нуазгæйæ, фыхæй цымгæйæ хъæуы бæрц, афон, бынат. Куыдфæндыйæ, арвистонæй семæ архайæн нæй. Уæдæ алы хæринаг æмæ нуазинагимæ дæр пайдайы хос не сты. Карз нозтытæн бæрц, æфсис, бынат æмæ афон цы адæймаг нæ зоны, уый хосгæнæн кæрдæджыты хæринаджы бæсты куы хæра, уæддæр дзы хорзæй æнхъæлмæ кæсæн ницæмæ ис. Иуæй-иутæм куы кæсай, уæд дыууæ-æртæ адæймаджы фаг цайы доныл армыдзаггай ныккалынц хус кæрдæджытæ æмæ фырбæзджынæй фæкæны хъамылгæр-дæджыты доны ад. Дыууæ хус сыфы дугъысыфтæ, иу ахæм лæджирттæг фаг сты аходæны цайæн дыууæ-æртæ лæгæн. Кæрдæг бирæ фыцгæйæ сафы йæ тых, æмæ фыцгæдоны куы алæууы дзæвгар, уæд у ахадæндæр. Цай фыцгæйæ зонын хъæуы, кæрдæджытæй хуыздæр кæцытæ фидауынц иумæ, уый.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.