Уый уыдис 1896-1897 азты. Æрæфы доны былыл, Ног Урухмæ хæстæг, Текъаты хъæуы иу сæрдыгон бон уыдис чындзæхсæв. Уырдæм æрымбырд сты хуынд адæм Ирыстоны алы хъæутæй. Чындзы цæттæ кодтой хæдзарæй кæртмæ ракæнынмæ, симд уыдис йæ тæмæны, уыдис дзы тынг бирæ фæсивæд, чызджытæ æмæ лæппутæ ирон дзаумæтты мидæг. Дардæй æрцæугæйæ, чындзхæссæг фæсивæд кафыныл нал ауæрстой, кæд сæм-иу хисдæр уазджытæ æрбадзырдтой, æхсæв бонмæ фæсивæд кæй фæхызтой хъæугæрон, уыцы бæхтæ æрбакæнын æмæ сифтындзыны тыххæй, уæддæр. Уалынмæ æрбахæццæ сты æндæр фæлтæр уазджытæ дæр. Уыдонимæ уыд Къоста, нымæты мидæг, цъæх уæлдзарм худ æмæ фæлурс цъæх цухъхъайы.

“Къоста æрбацыд”, – фехъуыст адæмы `хсæн алырдыгæй. Хъазт урæд æрцыд, алчи йæ бынаты æрлæууыд: чызджытæ хæдзары раз рарæнхъ сты, лæппутæ та – кæрты дуары `рдыгæй кауы рæбын. Афтæмæй сæ астæу рауад уæрæх бынат, æмæ уырдæм уæд æрбахуыдтой сæ кадджын уазæг Къостайы, йемæ чи `рцыд, уыцы æмбæлттимæ – дохтыр Хетæгкаты Андухъапар æмæ ротмистр Гайттаты Иналыхъимæ.

Ирон æгъдаумæ гæсгæ фысымтæ Къостайæн авæрдтой нуазæн, æмæ уыцы нуазæ-ны фæдыл уый загъта иу дыууæ ныхасы, йæ алыфарс чи лæууыд, уыцы адæмæн. Йæ ныхæсты сæйраг хъуыды уыдис, цæмæй ирон адæм сæ национ æгъдæуттыл стырзæрдæ ма кæной, ма рох кæной, цавæр рæстæг сæ æрыййæфта, уый.

Къоста сидтис фæсивæдмæ, цæмæй уыдон ахуыр кæной æмæ размæ цæуой ахуырады фæндагыл. Дарддæр уый сидтис, адæм кæрæдзийыл æнгом куыд хæцой æмæ сæм иудзинад фидар куыд уа. Уый дзырдта, зæгъгæ, бирæтæ, хицауады раз сæхицæн цæсгом кæныныл архайгæйæ, уæй кæнынц сæ адæмы. Ис ахæмтæ дæр æмæ хъал чи у йæ мыггагæй, йæ исбонæй, йæ бынатæй æмæ адæмы тыхтæ баиу кæныны бæсты æмæ уыдонимæ иумæ пъырыстыфты æмæ æндæр ахæмты æнæзакъон миты ныхмæ тох кæныны бæсты, кæнынц æрмæстдæр сæхи уды кой, ферох кæнынц мæгуыр адæмы. Къостайæн йæ алы дзырд дæр, чи йæм хъуыста, уыдоны зæрдæты тынг хъардта. Сæ сæртæ дæлæмæ æруадзгæйæ лæмбынæг хъуыстой Къостамæ. Йæ ныхас куы фæци, уæд иннæ уазджытимæ иуварс рацыд, фæлæ ма адæм уæддæр лæууыдысты æнæзмæлгæйæ. Дзыллæмæ уыцы сахат ахæм зæрдæйы уаг уыдис, æмæ сæм Къоста куы фæсидтаид, “мæ фæдыл”, зæгъгæ, уæд фæсивæд æмхуызонæй ныккалдаиккой йæ фæдыл… Хъазты ‘рдæм йæ хъус ничиуал дардта, сæ зæр-дæйы уидæгтæ сын сæнкъуысын кодта Къос-тайы ныхас…

Чысыл æттæдæр та, сыхæгты кæрты бафиппайæн уыд иу æндæр къорд, уым та уыдысты бынæтты хицæуттæ, сæудæджертæ, уæздæттæ æмæ æндæр фыдгæнджытæ. Уыдон дзагъуылтæ кодтой Къостайы `рдæм, хъуыр-хъуыр кодтой сæхи мидæг. Уыдон цъаммар миты кой кодта Къоста æмæ йæм мæсты кодтой…

 

КЪОСТАЙЫ КЪУХÆЙ КУЫСТ ÆМБÆРЗÆН

Къостайы декоративон-нывгæнæн куыстыты тыххæй æмæ 1886-1888 азты уый Дзæуджыхъæуы театрæн куыд баххуыс кодта, уый тыххæй бынæттон газеты уæды рæстæджы фыста Къостайæн йæхи хорз æмбал-нывгæнæг Бабач. Бабач йæ иу уацхъуыды тынг æфхæры æдзæсгом антрепренеры, уый Къостайæн йæ куысты тыххæй, куыд нывгæнæгæн, бадзырдмæ гæсгæ кæй ницы бафыста, уый тыххæй.

Къоста зæрдиагæй бакуыста æмæ хорз скодта, театрæн цыдæриддæр хъуыди, уыцы декорацитæ æмæ æмбæрзæн, фæлæ йын æхца нæ бафыстой, расай-басай йæ кодтой, тæрхондонмæ та сыл уый нæ балæвæрдта.

Къостайы конд æмбæрзæн Дзæуджыхъæуы театры фæлæууыдис суанг 1917 азы онг æмæ тынг аивы хос уыдис театры стыр залæн. Æмбæрзæн уыдис урс, аив фыст, рæсугъд фæтæн дыдæгътимæ, йæ бинаг кæрæттыл иу метры дæргъæн сыгъзæрингъуыз хаутæ. Хæрзаив грекъаг орнаментацигонд сыгъзæрин хаутæ тынг дзæбæх фидыдтой, урс æмбæрзæнæн йæ бæрæг астæу цы сыгъзæрин лирæ, грекъаг маскæтæ æмæ музыкалон инструменттæ конд уыд, уыдонимæ иумæ. Уыцы дынджыр урс æмбæрзæн уæды заманы фæтæгены лампæты лæмæгъ рухсмæ дæр разæнгард кодта сценæмæкæсджыты спектаклы райдайынмæ. Къоста æмбæрзæны уæлæ афтæ хорз сныв кодта урс зæлдаг æмæ сызгъæрин хаутæ, æмæ-иу адæм бирæ азты фæстæ дæр ма уыцы æмбæрзæн хуыдтой æцæг зæлдаг. Уыцы æмбæрзæн кæй фесæфти, уый уыд стыр хъыгаг.

Æрмæгыл бакуыста БЕСТАУТЫ Валя

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.