Иуæй-иутæ нымайынц, зæгъгæ, зивæг хорзмæ никуы æркæны, фæлæ уый бынтон афтæ нæу. Иуæй-иу хатт ницы аразгæйæ абадын дæр пайда у, куыд æнæниздзинадæн, афтæ зæрдæйы уагæн дæр.

Кæй зæгъын æй хъæуы, адæймаджы æппынæдзух куы ницы кусын фæнда, уæд уый æвзæр у. Ахæм зивæггæнаг сафы йæ формæ куыд физикон, афтæ интеллектуалон æгъдауæй дæр. Уый цас фылдæр зивæг кæна, уыйбæрц ын зындæр вæййы куысты ритммæ рахизын. Æндæр хъуыддаг у, адæймаг чысыл куы аулæфа. Нæ уæ уырны?  Уый специалисттæ сбæлвырд кодтой!

Немыцаг ахуыргонд Петер Акст цымыдисы бафтыдта бирæ фæцæрыны фарст. Уый сарæзта, зæронды кармæ чи нæ фæцард, ахæм спортсменты номхыгъд æмæ раргом кодта, зæгъгæ, физикон активондзинад алы хатт бирæ фæцæрыны гарант нæу. Зæгъæм, америкæйаг Джим Фикс амард 52-аздзыдæй, кæд æмæ уый райдыдта АИШ-ы фитнес пропагандæ кæнын. Конференциты-иу ралæууыд æнæниз цардуаджы фарс, адæммæ сидт, цæмæй æрвылбон дæр лыгъдаиккой, ныффыста чиныг спортивон цыды тыххæй æмæ… амард лидзгæ-лидзын.

Зæгъдзыстут, уый æнæнхъæлæджы трагикон мæлæт уыд? Гæнæн ис. Фæлæ иртасæнтæ ауадзыны фæстæ Петер Акст æрцыд ахæм хатдзæгмæ, зæгъгæ, бæрцбарст цардыуаг чи кæны, уыдон къаддæр нæ фæцæрынц «цæрдæг» адæмæй. Ахуыргæндтæ амонынц, цæмæй æгæр уаргъ ма æвæрæм нæхиуыл, арæхдæр улæфæм æмæ хорз фынæй кæнæм. Иуæй-иу хатт зивæг кæнын дæр хорз у.

Иу хатт математик Декарт ницы куыста, сынтæгыл хуыссыд, улæфыд æмæ æнæнхъæлæджы æрымысыд координатты сæмæнтæ, æмæ йыл тынг фæдис кодтой скъоладзаутæ. Зонадон æгъдауæй бæлвырд кæнынц, рæстæгмæ куы ницы аразай, уæд магъз хуыздæр кæй кусы. Æмæ иуæй-иу хатт уый æркæны æнæнхъæлæджы стыр æрхъуыдыдзинæдтæм дæр. Кæд æмæ уæ исты проблемæ тыхсын кæны, уæд æппындæр мацæуыл хъуыды кæнут æмæ уæхи æрлæмæгъ кæнут. Гæнæн ис æмæ уый фæстæ ссарат йæ аскъуыддзаг кæныны амал.

Ноджы хуыздæр у афынæй кæнын. Цалынмæ улæфгæ кæнат, уæдмæ магъз дарддæр кусдзæн æрæвæргæ хæс аскъуыддзаг кæныныл. Райсомæй, гæнæнуæвгæйæ, ма тагъд кæнут сынтæгæй рахизынмæ. Ахуыргæндтæ куыд нымайынц, афтæмæй магъз хуыздæр кусдзæн куысты рæстæджы.

Ницы аразын пайда у хъуыдыкæнынадæн, бынтондæр дæ куы ницы фæнда аразын, уæд уый уæлдай фадат дæтты, цы сарæзтай, уыдоныл ахъуыды кæнынæн, уавæрæн анализтæ радтынæн, æнæ искæдæм тагъд кæнгæйæ алцы дæр раст сбарын æмæ раст уынаффæ райсынæн.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.