Дагъыстаны уагъд æрцыд, 21 азы онг кæуыл цæуы, уыцы богалты ‘хсæн Цæгат Кавказы Федералон Зылды чемпионат грекъаг-ромаг хъæбысхæстæй. Ерысты 60 кг уæзы категорийы фыццаг бынат бацахста Теблойты Даниэль. Æвзист призертæ та систы Теблойты Давид (67 кг) æмæ Рæмонты Аслан (130 кг).

ФЕХТОВАНИ

Ирон спортсменкæ Бекмæрзаты Янæ фыццаг бынат бацахста фехтованийæ æвзæнгты ‘хсæн Дунейы Кубокы. Финалмæ цæугæйæ Янæ рамбылдта фондз ныхмæлæууæджы. Сæйраг фембæлды та рамбылдта Уæрæсейы иннæ минæвар Анастасия Назаровайы – 15:14.

ФУТБОЛ

Дзæуджыхъæуы футболон командæ «Алани» туркаг Антальяйы йæхи цæттæ кæны Национ футболон къорды чемпионаты дыккаг хаймæ. Алайнæгтæ уым уадзынц хæларадон хъæзтытæ. Хуыцаубоны, 6-æм февралы акодтой дыууæ хъазты. Фыццаг уал фембæлдысты Сараевойы командæ «Железничар»-имæ. Хъазт фæцис 2:1 хыгъдæй босниаг клубы пайдайæн. Алайнæгты сконды расгуыхт Гуырцъыты Батраз.

Фæстæдæр та Ирыстоны сæйраг футболон коман-дæ фембæлд Грознæйы «Ахмат»-имæ. Ацы хъазты дæр алайнæгтæ фæхæрд сты. Ныр та 2:0 хыгъдæй. Фæлæ хыгъдмæ æнæкæсгæйæ дыууæ фембæлды дæр сæ ныхмæлæуджытæй æвзæрдæр нæ хъазыдысты.

Банысан кæнын хъæуы уый, æмæ бон раздæр «Алани»-йæ «Химки»-мæ кæй ахызт дзæуджыхъæуккæгты сæйраг футболисттæй  иу – Бутта Магомедов. Бутта «Алани»-йы сконды акодта 91 хъазты. Бакъуырдта 18 пуртийы.

«Бузныг мæ фæнды зæгъын æппæт ирон адæмæн. Æз Дзæуджыхъæуы сæмбæлдтæн бирæ аккаг адæймæгтыл, кæцытæ мæм æвдыстой зæрдæхæлар ахаст æмæ уазæгуарзондзинад. Æцæг æз мæхи уазæгæй нæ хатыдтæн. Фæнды мæ «Алани» æмæ æппæт Ирысто-нæн зæгъын размæцыд æмæ сабырад. Сымах алы хатт дæр уыдзыстут мæ зæрдæйы. Æз алы хатт дæр уыдзæн сырх-бур командæйы æвварс. Ныфс мæ ис, кæй уын бантысдзæн уæ хæстæ сæххæст кæнын. Æз уын «хæр-збон» нæ дзурын, фæлæ дзурын «нæ радон фембæлдмæ»! – загъта Бутта Магомедов.

ХУРИТЫ Батрадз

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.