Ӕрӕджы та Евроцӕдисы рахастой радон санкцитӕ уӕрӕсейаг дзыллон информацийы фӕрӕзты ныхмӕ. Ныр та европӕйаг «демократты» азары бахаудтой «Известия», «РИА Новости» ӕмӕ «Российская газета». Ӕрӕхгӕдтой ма портал Voice of Europe дӕр – уый дӕр банымадтой уӕрӕсейаг пропагандӕйыл. Ацы санкцитӕ ӕндавдзысты ӕрмӕст телеканалтыл нӕ, фӕлӕ ма сӕ сайттыл ӕмӕ ӕндӕр платформӕтыл дӕр.

Еврочиновниктӕ сӕ хъуыдытӕ барӕй ахӕм хуызы ныффыстой, цӕмӕй йын алыгъуызон дӕр уа бамбарӕн ӕмӕ алчидӕр йӕхирдыгонау ӕфхӕра ацы медиаресурсты минӕвӕртты. Ӕгӕрыстӕмӕй, сӕ дзыллон информацийы фӕрӕзтӕ дӕр нал хонынц ӕмӕ ахӕм хъуыдыйы бындурыл европӕйаг бӕрнон кусджытӕ хӕсджын нал уыдзысты информаци дӕттынæй. Зӕгъӕм, цалдӕр боны размӕ «Известия»-йы корреспонденты фарстатӕн Латвийы финансты министрад не сдзу­апп кодта, ома, ды дзыллон информацийы фӕрӕзы минӕвар нӕ дӕ, зӕгъгӕ.

Цы аразынмӕ хъавы Евроцӕдис кæнæ «Æгас цæуæд нырыккон концлагер!?»

Экспертты хъуыдымӕ гӕсгӕ Евроцӕдис равзӕрста иууыл цъаммардӕр фӕндаг – сыгъдӕг кӕны информацион тыгъдад, сӕ хъуыдыйыл хӕст чи нӕ у, уыдонӕй. Хӕдбарады ӕмӕ журналистты бартӕ хъахъхъӕныны принциптӕ сӕ къӕхты бын ныссӕстой. Ацы процесс цӕуы бирӕ азты дӕргъы ӕмӕ уӕрӕсейаг бӕрнон кусджытӕ бирӕ хӕттыты ӕрдзырдтой сӕвзӕргӕ проблемӕйыл ИНО-йы  ӕмӕ ОБСЕ-йы рабадтыты. Фӕлӕ йӕ куыд зонӕм, афтӕмӕй ИНО ӕмӕ ОБСЕ сты АИШ-ы дӕлбар ӕмӕ ӕххӕст кӕнынц ӕрмӕстдӕр хӕслӕвӕрдтӕ – рӕстдзинад сӕм бынтондӕр ницыуал ахады.

Ныгуылӕн сӕ маргдзинад бынтон ӕргомӕй равдыстой сӕрмагонд ӕфсӕддон операцийы райдианӕй фӕстӕмӕ. Уайтагъд Евроцӕдисы территорийыл ӕрӕхгӕдтой телеканал RT ӕмӕ агенство Spu­tnik-ы куыст. Фӕстӕдӕр ацы номхыгъдмӕ бахаудтой «Россия 24», РТР-Планета», ТВ-Центр», «НТВ» ӕмӕ ӕндӕртӕ. Ӕгӕрыстӕмӕй ма ӕрӕхгӕдтой динон тематикӕйы каналтӕ «Спас» ӕмӕ «Царьград» дӕр. Ацы хъуыддаджы иууыл активондӕр сты Прибалтикӕйы республикӕтӕ. Уыдон уӕрӕсейаг телеканалты куыст ӕхгӕнын райдыдтой 2016 азӕй фӕстӕмӕ. Кӕд ӕмӕ ӕппӕт нормӕтӕ дӕр хӕлдтой, уӕддӕр сын иунӕг ныгуылӕн бӕстӕ дӕр сӕ ных никуы бакъуырдта. Куыд фӕдзурынц, «халон халоны цӕст нӕ къахы».

Ныгуылӕнӕн сӕ пълӕнттӕ сӕхи фӕндиаг нӕ цӕуынц ӕмӕ агурынц алыгъуызон амӕлттӕ Уӕрӕсейӕн разиан кӕнынӕн. Сӕ санкцитӕй сӕхӕдӕг фылдӕр зиан кӕнынц, Украинӕйы хабӕрттӕй дӕр зӕрдӕ нӕ рухс кӕны ӕмӕ сонт хӕлынбыттыртау рафт-бафт кӕнынц. Сӕ адӕмӕн альтернативон информаци фӕрсын кӕй нӕ уадзынц, уый банымайӕн ис диктатурӕйыл, хӕдбардзинады дискриминацийыл.

Кӕд ӕмӕ ахӕм къахдзӕфтӕй хӕлд цӕуынц сӕ «демократийы» бындуртӕ, уӕддӕр ӕй нал хатынц фырадӕргӕйӕ. Бирӕ азты дӕргъы цы демократийы кой кодтой, уымӕй ма аззадис ӕрмӕстдӕр иллюзи. Сӕ цӕрджыты ахӕм информацион ахӕсты бакодтой ӕмӕ искуыцӕй альтернативон информаци куы райсынц, уӕд сыл адӕмы знӕгты ном авӕрынц. Ӕгас цӕуӕд нырыккон концлагер!

Уӕрӕсейы Фӕсарӕйнаг хъуыддӕгты министрады минӕвар Мария Захаровайы ны­хӕстӕм гӕсгӕ ныгуылӕнӕн ратдзысты адекватон дзуапп. Контрсанкцитӕ хаст ӕрцӕудзысты куыд ныгуылӕн журналистты, афтӕ Еврочиновникты ныхмӕ дӕр.

Ӕмӕ та ногӕй санкцитӕ. Дзыллон информацийы фæрæзты ныхмæ – ацы хатт

«Дывӕр стандартты политикӕ ссис европӕйаг структурӕты ӕмцӕдисон. Ахӕм къахдзӕфтӕ саразыны фӕрцы сӕ фӕнды, цӕмӕй се ‘мбӕстӕгтӕн исты хуызы баурынын кӕной сӕ «рӕстдзинад». Уымӕн ӕмӕ бирӕ азты дӕргъы уадзынц ӕнӕраст политикӕ, ӕртымбыл сӕм ис дзӕвгар проблемӕтӕ ӕмӕ сӕ нӕ фӕнды адӕмы дзыхы бахауын. Сӕхи сраст кӕныны фӕдыл та сӕ къухты ницы аргументтӕ ис ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ сӕ ныхмӕ исчи исты куы сдзуры, уӕд ын йӕ «дзых» ахгӕнынц. Ӕмбарынц ӕй, кӕй халынц информаци сӕрибарӕй парахат кӕныны бартӕ, фӕлӕ сын ӕндӕр гӕнӕн нӕй, уавӕр сӕ къуыммӕ баскъӕрдта», – зӕгъы Паддзахадон Думӕйы сӕрдар Вячеслав Володин.

Европарламенты депутат Эрве Жювен дӕр разы нӕу йӕ коллегӕтимӕ. Йӕ хъуыдымӕ гӕсгӕ ацы санкцитӕн ницы тых уыдзӕн ӕмӕ сӕ цы нысанӕн райстой, уыдон дӕр ӕххӕст не ‘рцӕудзысты. «Адӕмы куы фӕнда альтернативон информаци райсын, уӕд ӕнӕмӕнг ссардзысты фӕндӕгтӕ. Ныры дуджы информаци интернеты фӕрцы тагъд парахат кӕны ӕмӕ йын санкцитӕ ницы хъом сты. Афтӕмӕй та нӕ ахастытӕ ноджы февзӕрдӕр уыдзысты Уӕрӕсеимӕ ӕмӕ нын украинаг конфликт банымӕг кӕнынӕн перспективӕ нал уыдзӕн. Евроцӕдисы къахдзӕфтӕ ист сты АИШ-ы цӕстмӕ, ома, ракӕсут нӕм, Уӕрӕсеимӕ куыд тох кӕнӕм», – зӕгъы Эрве Жювен.

Экспертты хъуыдымӕ гӕсгӕ, ныгуылӕн бӕстӕтӕ цензурӕ кӕй бакодтой, уый комкоммӕ баст у сӕ проблемӕтимӕ. Сӕ цӕрджыты фӕрныгад кӕй къаддӕр кӕны ӕмӕ сӕ экономикӕ размӕ кӕй нӕ уал цӕуы, уый тыххӕй сӕ адӕм азымджын кӕнынц. Цӕмӕй фӕстӕмӕ чиновникты бынӕтты баззайой кусгӕйӕ, уый фӕдыл гӕды ныхӕстӕ кӕнынц се ‘мбӕстӕгтӕн ӕмӕ объективон информаци чи радӕтты, уымӕн та йӕ фӕндӕгтӕ ӕрӕхгӕнынц.

Санкцитӕ бындуронӕй фехӕлдтой капитализмы принциптӕ  бангон системӕйы, ӕппӕтдунеон базарады ӕмӕ хисӕрмагонд фӕллой бахъахъхъӕнын хъуыддаджы. Уӕрӕсейӕн кӕд егъау зиӕнттӕ ӕрхастой санкцитӕ, уӕддӕр сын сфӕрӕзта ӕмӕ ахызт сӕ сӕрты. Ныр Уӕрӕсейы экономикӕ размӕ цӕуын райдыдта, райрӕзтысты алыгъуызон къабӕзтӕ, стыхджын кодтой сӕ гарзджын тыхтӕ.

Ныгуылӕны бӕллиц уыд, ома, санкциты руаджы Уӕрӕсейы ӕрлӕмӕгъ кӕндзыстӕм ӕмӕ нын, ома, суыдзӕн «коммӕгӕс», «лӕгъстиаг». Фӕлӕ сӕ фӕндтӕ фӕмӕнг сты ӕмӕ ныр сӕхӕдӕг ӕййафынц егъау зиӕнттӕ. Ӕввахс рӕстӕджыты, гӕнӕн ис, ӕмӕ ноджы саразой ӕдылыдӕр къахдзӕфтӕ, фӕлӕ сыл нӕ хъӕуы дис кӕнын. Тыхст адӕймаг, дам, сындзы къутӕрмӕ дӕр фӕлӕбуры.

ДЖИОТЫ Алыксандр

 

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.