Куыд æрвылаз, афтæ ныр дæр бæрæг æрцыдысты Республикæ Хуссар Ирыстоны ахуыргæнæн уагдæттæ, зынгсирвæзты æдасдзинадæй куыд ифтонг сты, уый фæдыл. Ног ахуыры азы райдианы хæдразмæ Хуссар Ирыстоны Уæлвæткон уавæрты министрады зынгсирвæзтмæ хъусдарды æмæ æмбæстагон хъахъхъæнынады хайады инспектор Куымæридтаты Андрей æмæ къухдариуæггæнæг сконд цæттæ кæнын æмæ цæрджыты ахуыр кæныны хайады хистæр Санахъоты Руслан Информаци æмæ мыхуыры паддзахадон комитеты пресс-центры цы пресс-конференци ауагътой, уым фехъусын кодтой, республикæйы скъолатæ куыд ифтонг сты сынгсирвæзты æдасдзинадæй, уый тыххæй.

Куымæридтаты Андрей куыд радзырдта, афтæмæй ахуыры азы райдианмæ бæрæг æрцыдысты республикæйы ахуыргæнæн уагдæттæ, уыцы нымæцы сывæллæтты цæхæрадæттæ дæр, Ленингоры районæй дарддæр. Ленингоры районы ахуырадон объекттæ та бæрæг æрцæудзысты фæстæдæр.

Уый банысан кодта, ацы хъуыддаджы  республикæйы ахуыргæнæн уагдæтты проблемæтæ кæй ис.

«Хъыгагæн, ахуыргæнæн уагдæтты ал-кæцыйы дæр фембæлдыстæм æнгæс проблемæйыл. Зынгсирвæзты æдасдзинады ифтонгад бæрæг кæныны рæстæджы куыд рабæрæг, афтæмæй ахуырадон объекттæй алкæцыйы дæр ис цухдзинæдтæ. Кæм сæ сигнализаци рæстмæ нæ кусы, кæм та  бынтондæр нæй. Проблемон ма у, ацы уагдæтты зынгсирвæзты ныхмæ куыд мидæггагон, афтæ æддагон донуадзæн хæтæлтæ кæй нæй, уый дæр», – загъта Куымæридтаты Андрей.

Йæ ныхæстæм гæсгæ, ацы хæтæлтæ куы уой, уæддæр горæт донæй ифтонг æрмæст райсом æмæ изæры йедтæмæ кæй нæ цæуы, уый аххосæй проблемæ кæронмæ скъуыддзаг не ‘рцæудзæн. Нуазыны донæн сын цы доны бактæ ис, уый фаг нæу зынгсирвæзт  ахуыссын кæнынæн.

«Иуæй-иу рæтты æххæст комплектгонд не сты зынгсирвæзты крантæ дæр, кæм та бынтондæр не сты», – бафиппайдта Куымæридтайы фырт.

Уый ма куыд банысан кодта, афтæмæй проблемон у, бирæ  ахуыргæнæн уагдæтты эвакуацион уавæр дæр. Скъолаты кæд ис цалдæргай эвакуацион дуары, уæддæр ахуыры рæстæджы уыдон вæййынц æхгæд, кæнæ та дзы байгомгæнæн ис æрмæстдæр иу дуар, уый дæр – зынтæй.  Уæлвæткон уавæрты рæстæджы проблемæ æвзæрын кæндзысты, ахуырадон уагдæттæм бахизæнты цы турникеттæ ис, уыдон дæр. Уæлвæткон уавæрты министрады минæвар куыд загъта, афтæмæй уыцы проблемæты дæр хъæуы æвæстиатæй аиуварс кæнын.

Къухдариуæггæнæг сконд цæттæ кæнын æмæ цæрджыты ахуыр кæныны хайады хистæр Санахъоты Руслан куыд радзырдта, афтæмæй скъолайы агъоммæ ахуырадон уагдæттæ иууылдæр ифтонг сты нырыккон сигнализацитæй, кæцытæ сигнал адæттынц зынгхуыссынгæнæг-ирвæзынгæнæг ха-йадмæ. Ацы сигналæй бæрæг вæййы æрмæст адрес нæ, фæдæ ма уæладзыг дæр æмæ зынгсирвæзт цы хатæны ис, уый дæр.

«Уый фæстиуæгæн зынгхуыссынгæн-джытæ æнæхъуаджы рæстæг нæ хардз кæнынц зынгсирвæзты артдзæст агурыны тыххæй», – банысан кодта Санахъоты Руслан.

О, фæлæ алы системæйы дæр хъæуы профилактикæ. Зынгсирвæзты сигнализацийы æрвылаз дæр хъæуы цалцæг кæнын æмæ сæ рыгæй асыгъдæг кæнын. Санахъойы фырты ныхæстæм гæсгæ, профилактикон куыстытæ хъуамæ æххæст кæной специалисттæ.

«Ацы фарст дæр Уæлвæткон уавæрты министр Тадтаты Алан æрæвæрдта Хицауады раз æмæ ныр æнхъæлмæ кæсæм, кæд аскъуыддзаг уыдзæн, уымæ», – загъта уый æмæ ма банысан кодта, зæгъгæ, Ахуырады министры хæдивæг Лолаты Асланимæ куыд баныхас кодтой, афтæмæй афæдз дыууæ хатты ахуыртæ ауадзынц æмбæстагон хъахъхъæнынад æмæ зынгсивæрзты æдасдзинады фæдыл. Уыдон ахуырадон ведомствоты сифтонг кодтой хъæуæг документацийæ, радтой сын эвакуацийы тыххæй æмбæлон инструкцитæ. Ацы азы майы кæрон скъолаты ауагътой ахуыргæнæн эвакуацитæ, сæрды та ахæм мадзæлттæ ауагътой скъолайы агъоммæ уагдæтты.

Санахъоты Руслан куыд банысан кодта, афтæмæй эвакуацитæ æнтыстджындæрæй ацыдысты скъолайы агъоммæ уагдæтты, хъомылгæнджытæ оперативонæй сывæллæтты ракодтой дуармæ æнæкъуылымпыйæ.

«О, фæлæ скъолатæй уый зæгъæн нæй. Ахуыргæнæн эвакуацийы рæстæджы хорз цæттæдзинад равдыстой дыккаг, фарастæм, дыууадæсæм скъолатæ, «Альбион» æмæ гимнази «Рухс». Иннæ скъолатæ сæвæллæтты хорз нæ бацæттæ кодтой æмæ сæ паникæимæ кодтой æддæмæ. Ахуыргæнæн тренировкæтæ ма ауадздзыстæм октябры мæйы дæр», – фехъусын кодта ныхасгæнæг. Уый ма куыд загъта, афтæмæй ахуырадон уагдæттæ иууылдæр ифтонг сты зынгхуыссынгæнæн инвентарæй. Уыимæ иумæ Уæлвæткон уавæрты министрады кусджытæ афæдз дыууæ-æртæ хатты бæрæг кæнынц объектты, ацы ифтонггæрзты уæвынады тыххæй.

Кæронбæттæны министрады минæвæрттæ куыд банысан кодтой, афтæмæй ногарæзт ахуырадон объекттæ дзуапп дæттынц зынгсивæрзты æдасдзинады æппæт домæнтæн дæр.

Осиаты Индирæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.