Мыхуыр æмæ информацийы паддзахадон комитет организаци кæны хицауады бæрнон кусджытимæ пресс-конференцитæ. Информацион фæрæзтæн фадат вæййы министрадтæ, комитеттæ æмæ æндæр уагдæтты сæргълæуджытæй æмбæлон информаци æмæ сæ цымыдисгæнæг фарстатæн лæмбынæг дзуаппытæ райсынæн.

Ацы хатт та комитеты пресс-центры уазæг уыд Æмбæстагон хъахъхъæнынад, уæл-вæткон уавæртæ æмæ стихион æнамонддзинæдты фæстиуджытæ аиуварс кæныны хъуыддæгты фæдыл министр Тадтаты Алан.

Пресс-конференцийы рæстæджы уый куыд банысан кодта, уымæ гæсгæ 2017 азы фыццаг æмбисы Уæлвæткон уавæрты министрады  управленийы центры хынцыд æрцыд 1149 зынгхуыссынгæнæн æмæ сæрмагонд техникæйы рахызт æрцæугæ цаутæм. Уымæй дарддæр 290 хатты уыд зынгсирвæзты тыххæй рацыд, 237 цауы – дон баласынæн, 76 – минæтæ æдас кæныны тыххæй, 55 – рынчынтæ аласыны цауы, 29 – фæндагон транспортон цаумæ рацæуын. Инженерон-саперон сгæрст уадзыны фæстиуæгæн ист æмæ æдас æрцыд 253 хæлæн предметы æмæ 2041 алыгъуызон калибры нæмгуытæ.

Хуссар Ирыстоны Уæлвæткон уавæрты министр куыд радзырдта, уымæ гæсгæ уагдон карзæй контроль кæндзæн республи-кæйы ахуырадон уагдæтты зынгсивæрзты ныхмæ æдасдзинад.

«Уæлвæткон уавæрты министрады кусджытæ басгардзысты, скъолайы агъоммæ уагдæттæ æмæ астæуккаг скъолатæ зынгсирвæзты æдасдзинады фæткойтæ куыд хъахъхъæд цæуынц, уыдон. Уымæн æмæ нæ сывæллæтты цард ахсджиагдæр у, рæстæгыл бæстыхай байгом кæнынæй. Уымæ гæсгæ алы ахуырадон уагдоны сгарæн куыстытæ райдайдзысты 20 августæй. Уым хайад райсдзысты прокуратурæйы кусджытæ дæр.

Ныртæккæ Дзауы скъола-интернаты зынгсирвæзты æдасдзинады фæткойтæ сты хæлд æмæ афтæмæй ахуыргæнинæгтæ уым ахуыр кæной, уый бар нæ ратдзыстæм. Ныртæккæ æнхъæлмæ кæсæм скъолайы дирекцийы дзуаппмæ ацы уавæр æрбæстон кæныны фæдыл», – дзырдта Тадтайы фырт.

Пресс-конференцийы рæстæджы министр æрдзырдта æввахс рæстæджы куыст кæй æрцæудзæн тыхон структурæты кусджыты пенсион ифтонгады фæдыл закъоныл, сæрмагондæй, Уæлвæткон уавæрты министрады. Æмæ уый фæстæ министрады къухдариуæгад æмбæлон улæфтмæ арвит-дзæн пенсиисджыты, кæцытæ 30 аз æмæ уымæй фылдæр службæ кæнынц ацы ведомствойы.

Уæрæсейы Федерацийы Уæлвæткон  уавæрты фæдыл уæлдæр ахуыргæнæн уагдæтты ахуыр кæнынц Хуссар Ирыстонæй курсанттæ. Уыдон нымæц у 16. Ныридæгæн цы дыууæ курсанты æрыздæхт Мæскуыйæ, уыдон сты куыстæй ифтонг. Иннæтæ дæр, фæстæмæ сæ райгуырæн зæхмæ æрæздæх-гæйæ кусдзысты Уæлвæткон уавæрты министрады управленийы.

Сæрдыгон æнтæф рæстæджы мах æвдисæн стæм хъæдгæрæтты арæх зынгсирвæзты цаутæн. Уыцы бынæттæм рæстæгыл фæхæццæ кæнын æмæ зынг-сирвæзт аиуварс кæнынæн арæх хъыгдарынц донхæры бынæттæй трубæтæ ист кæй æрцыдысты æмæ уыцы бынæтты техникæйæн ахизыны фадат кæй нæй, уый. Уый тыххæй дзырдта Тадтаты Алан. Хатт, зæгъгæ, дыууæ километр бацæуын кæдæм хъæуы, ахæм бынатмæ, уæлдæр загъдгонд аххосагмæ гæсгæ, фæхъæуы аразын дæс километры дæрддзæгыл æрзилын цæмæй бынатмæ бахæццæ уай.

«Ныридæгæн мах сарæзтам территорийыл мониторинг æмæ бахатыдыстæм хъæууон хæдзарады министрадмæ, цæмæй уыцы къахт бынæтты сæмвæз кæной. Ацы бынæттæ, сæйраджыдæр, сты Цхинвалы районы, Ход, Монастъер, Къуернет æмæ Къусреты хъæутæм хæстæг», – банысан кодта министр.

Тадтаты Алан ма æрсидт иуæй-иу «хъæбатыр» æмæ «ныфсджын» шофыртæм, кæцыты сæ хæдтулгæты фæлваргæйæ хатт бахъæуы ирвæзынгæнджыты æххуыс. Уæлвæткон уавæрты министрад цæуы алы сидты фæдыл дæр. Фæлæ нырæй фæстæмæ ахæм æнгæс æрбадзырды фæдыл Уæлвæткон уавæрты министрады кусджытæ цæудзысты фæндагон змæлды æдасдзинады фæдыл инспекцийы кусджытимæ.

Министрады дарддæры плæнттыл дзургæйæ, Алан банысан кодта, зæгъгæ, абоны онг дæр ацы уагдоны нæй министрады «кадджын» æмæ «сгуыхт» кусджыты нæмттæ. Уыдоныл куыст цæуы управленийы æмæ бавдыст æрцæудзысты хицауадмæ. Уымæй дарддæр ма фидар хъуамæ æрцæуой специалисттæм гæсгæ къластæ. Абоны онг министрады бæстон нæу, ирвæзынгæнджытæ цæмæй социалон æгъдауæй хъахъхъæд уой, уыцы закъон.

«Министрады сапертæ, ирвæзынгæнджытæ фылдæр хатт хайад исынц, сæ цардæн тæссагдзинад чи хæссы, ахæм мадзæлтты – минæтæ æдас кæнын æмæ æнд.», – банысан кодта Алан.

Уæлвæткон уавæрты министрады кусджытæ сæ квалификаци фæбæрзонддæр кæныны тыххæй æрвыст цæуынц Уæрæсейы алы бынæттæм. Сæрмагонд ахуыртæ рацæуыны фæстæ ма рацæуынц аттестаци æмæ уый фæстæ сæ бон у кусын ирвæзынгæнæн операциты. Ирвæзынгæнджытæ, кинологтæй, хæххон уавæрты ирвæзынгæнджытæй дарддæр ма цæттæ цæуынц ахуыргæнæн центры дæлдон-дзогтæ.

«Иумиагæй сисгæйæ, нæ ирвæзынгæнджытæ сты квалификациджын специалисттæ», – банысан кодта министр.

Тадтаты Алан ноджыдæр банысан кодта Уæрæсейы сæйраг тæссагдзинады сæрмагонд операциты центр «Лидер»-ы ахсджиаг куыст ныр дыккаг аз Хуссар Ирыстоны территорийыл. Уыдон Цхинвалы æмæ Знауыры районты территоритæ ссыгъдæг кодтой хæлæн æмæ цардæн тæссаг æндæр æрмæджытæй. Центр «Лидер»-ы куыст, зæгъгæ, адарддæр уыдзæн фидæн аз.

24 июны  РХИ-йы Уæлвæткон уавæрты министр хайад райста горæт Мæскуыйы Сырх фæзуаты бæрæгбонон рауагъды, кæцы уагъд цыд УФ-йы Уæлвæткон уавæрты Æмбæстагон хъахъхъæнынады академийыл 25 азы сæххæсты цытæн. Тадтаты Алан уым йæхæдæг, Хуссар Ирыстонæй дыууæ курсантæн радта сæ дипломтæ.

Хуссар Ирыстонæй Уæрæсейы Федерацийы Уæлвæткон уавæрты фæдыл Уæлдæр ахуыргæнæндæтты цы студенттæ ахуыр кæны, уыдонæн стипендитæ фидын ныр æртæ азы уыд проблемон. Министры ныхæстæм гæсгæ, РХИ-йы къухдариуæгады æххуысæй ныртæккæ уыцы проблемæ бæстон æрцыд æмæ ног ахуыры азæй не студенттæ исдзысты стипендитæ.

Къæбулты М.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.