Куыд зонæм, афтæмæй мæскуыйаг микрорайоны арæзт цыд фæндагон-цалцæггæнæн куыстытæ. Ам цы скъола æмæ сабитæн рæвдауæндæттæ ис, уырдæм фæндæгтæ уыдысты æдзæллаг уавæры.

Къæвдабоны фæндаг æмæ тротуартыл ахизæн нæ уыд. Цæрджытæ бирæ инстанцитæм цыдысты хъастмæ. Паддзахады сæргълæууæг Гаглойты Алан сын ныфс бавæрдта, сæ куырдиат сын ацы аз фыццæгæм сентябрмæ кæй сæххæст кæндзæнис. Куыстытæм бавнæлдтой июны мæйы Автодоры кусджытæ, раивтой зæххыбын коммуникацитæ, доны хæтæлтæ, уынджы цæрджыты электроны хæххытæ. Иудзырдæй, сарæзтой æппæт хæрзарæзтадон куыстытæ. Фæндаджы уæлцъарыл сæвæрдтой асфальт æмæ ныр уынг цæттæ у. Цæмæй йыл машинæтæ æдæрсгæйæ цæуой. Фистæгæйцæуджытæн дæр арæзт æрцыд тротуартæ, уыдон дæр сты аив æмæ хæрзарæзт.

«Тынг архайдтам, Зонындзинæдты бонмæ æппæт куыстытæ дæр сæххæст кæныныл, æмæ цæмæй ахуыргæнинæгтæ скъоламæ æдæрсгæйæ цæуой. Уынджы арæзтадон куыстыты рæстæджы мах не ‘мбæлдыстæм ницы проблемæтыл. Кæд-иу нæ исты æрмæг бахъуыд, бынаты ссарæн кæмæн нæ уыд, ахæм, уæд та-иу æй самал кодтам республикæйæн æддейæ. Нæ нын уыд техникæимæ дæр проблемæтæ. Уый фæстиуæгæн нæ куыст бакодтам æмгъуыдмæ», – загътой кусджытæ.

Райгонд сты уынджы цæрджытæ дæр. Куыд зæгъынц, афтæмæй сæ зæрдæ барухс сæ уынджы хæрзарæзтæй. «Нæ уынг нын саразой, зæгъгæ, уымæ куыннæ бæллыдыстæм, фæлæ сæрддæргъы рыг кæй ныхъуырдзыстæм, ууыл катай кодтам. Раздæр-иу уынгтæй кæцыдæртæм бавнæлдтой, скъахтой-иу сæ æмæ-иу мæйгæйтты ныддаргъ ис хъуыддаг. Мах ныр дæр афтæ æнхъæл уыдыстæм, фæлæ кусджытæ цæсгомджын æмæ бæрнон разындысты. Июны бавнæлдтой уынджы арæзтадмæ, куыстой æхсæвæй-бонæй æмæ сын æнтысгæ дæр уымæн бакодта. Куысты рæстæджы-иу сын исты проблемæтæ куы фæзынд, уæд-иу сæ цæрджытимæ аскъуыддзаг кодтой», – радзырдта ацы уынджы цæрæг.

Куыд зонæм, афтæмæй ацы аз ноджыдæр эксплуатацимæ лæвæрд хъуамæ æрцæуа авд уынджы. Уыдон арæзт цæуынц Инвестпрограммæйы фæлгæтты. Ныртæккæ дзы цæуынц цалцæггæнæн куыстытæ. Арæзтад æмæ архитектурæйы министрады куыд зæгъынц, афтæмæй абоны онг æхцайы фæрæзтæ хардз цæуынц нысанмæздæхтæй. Куыстыты алы этапы фæстæ дæр аразджытæ æрбадæттынц министрадмæ баконд куыстыты фæдыл акттæ. Æрмæстдæр уый фæстæ райсынц, куыстытæ дарддæр бакæнынæн хъæуæг æхца.

УАЗÆГТЫ Марфæ

 

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.