Ныр æртыккаг хатт уагъд æрцыд æхсæн-регионалон фæсивæдон проект «Маяки дружбы», зæгъгæ. Ацы аз проекты географи бæрæг фæуæрæхдæр. Ныр дзы хайад исынц УФ-йы 18 регионы, афтæ ма Хуссар Ирыстон æмæ Абхазы республикæтæ. Уыдон дихгонд æрцыдысты хицæн къордтыл æмæ сты æндæр æмæ æндæр регионты. Уыдонæй ацы бонты аст къорды æрцыдысты кавказаг республикæтæм, уыцы нымæцы Хуссар Ирыстонмæ дæр. Ацы проекты сæйраг нысан у æхсæннацион ахастытæ сфидар кæнын æмæ историон цыртдзæвæнтæ сæндидзын кæнынмæ сæ хайбавæрд бахæссын.

«Æрæмбырд вæййы æндæр æмæ æндæр регионты минæвæрттæ. Уыдон базонгæ вæййынц кæрæдзийы культурæимæ. Ахуыр кæнын райдайынц кæрæдзийы æвзæгтæ дæр», – банысан кодта проекты куратор Юлия Юртова.

РХИ-мæ æрцæуæг къорды сконды ис 15 адæймаджы. Уыдон сты Мæскуы, Чуваши æмæ Татарстанæй. Æрбаиу ма сæм сты бынæттон æвзонг адæймæгтæ дæр. Къорд æрбынат кодта Зонкъары æвæрд бынаты. Уыдон æрæвнæлдтой уым уæвæг Мады  Майрæмы дзуары алыварс сыгъдæг кæнын-мæ. Æрæмбырд кодтой дуртæ æмæ йын æркарстой йæ кæрдæг. Проекты фæлгæтты ма йæ хайадисджытæ зонгæ кæндзысты ирон адæмы истори, культурæ æмæ традицитимæ. Уагъд сын цæудзысты историон бынæттæм экскурситæ.

«Цалынмæ ардæм не ‘рцыдтæн, уæдмæ дызæрдыг кодтон, ацæуон æви нæ, ууыл. Мæ ныййарджытæ дæр мыл тыхстысты. Фæлæ куы æрцыдтæн, уæд мæм худинаг дæр фæкаст, дывæнд кæй кодтон, уый. Ам стæм цалдæр боны, фæлæ мæ ныридæгæн нал фæнды ардыгæй ацæуын. Диссаджы рæсугъд бæстæ у», – радзырдта йæ тæлмæнтæ чувашийаг минæвар Роман Софронов.

Фæсивæды минæвæрттæ ма проекты сайтыл фыссынц сæ тæлмæнты тыххæй, бацæттæ кæнынц видеороликтæ æмæ дунейæн зонгæ кæнынц, цы бынæтты сты, уыдон рæсугъддзинад.

«Ацæугæ бон сæ алчи дæр базоны ног информаци, ног традицитæ æмæ уыдон тыххæй ныффыссынц интернеты сæ бонæджы. Уый фæрцы дунейы фылдæр базонынц Кавказы тыххæй. Ныфс нæ ис æмæ нæ проекты хайадисджытæ фылдæрæй фыл-дæр кæй кæндзысты», – загъта Хуссар Ирыстоны уæвæг къорды сæргълæууæг Сергей Воеводин.

Уазджытæн тынг сæ зæрдæмæ фæцыд Хуссар Ирыстоны, уæлдайдæр та Зонкъары æвæрд бынат. Стыр бузныг сты æвæрд бынаты кусджытæй Бестауты Анатолийы къухдариуæгадæй. Куыд загътой, афтæмæй фидæнмæ дæр хъавынц Хуссар Ирыстонмæ æрцæуын æмæ се’ввахс адæмы дæр æркæнын.

Проект «Маяки дружбы»-йы хайадисджытæ Хуссар Ирыстоны фæуыдзысты 9-æм августы онг. Уый фæстæ ацæудзысты Казанмæ, цыран уагъд æрцæудзæн проекты финалон хай.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.