Ныры дуджы нывкæнынады аивады стрит-арт ссис популярон здæхæн. Граффити, кæнæ уынджы аивад кæй хонынц, уый Цхинвалы уынгты сарæх. Фæлæ сфæлдыстадон куыст кæнгæйæ,  хъæуы уагæвæрд сæххæст кæнын. Ныв хъуамæ вандализмыл нымад ма ‘рцæуа. Стрит-арт чи уарзы, уыдон хъуамæ æххæст кæной сæрмагонд домæнтæ.

Зындгонд мæскуыйаг арт-къорд Zukclub сразы ис Цхинвалы хæдзæртты къултӕ рарӕсугъд кӕнын сӕ артдизайны руаджы. Семæ ма иумæ сты Арт Тыгъдад “Портал”-ы фæсивæд.

Национ хъайтарты нывтæ  цалдæр мæйы размæ фæзындысты горæты  бæстыхæйтты къултыл. Сæ куыстæн та сын аргъ скодтой горæты цæр-джытæ.

Граффити хъуамæ уа цымыдисаг, хъæлдзæг кæнæ æндæр исты хъуыды æмæ мидис хæсса. Граффитийы аивадæй адæймаджы зæрдæ райы. Къулæн йæ хуыз аив куынæ уа, уæд дзы фæлтау граффити уæт.

Фæстаг азты стрит-артæй чи архайы, уыцы нывгæнджытæн Цхинвал хорз фæзуат сси. Национ символикæимæ ирд æмæ зæрдæмæдзæугæ куыстытæ горæты уынгты арæх фенæн ис. Курдиатджын адæймæгтæн дзы стыр авналæнтæ ис. Фæсивæды хъæппæрис хорз у, фæлæ кæсын хъæуы нывгæнджыты сфæлдыстад-мæ дæр. Ныв кæнынæн ис сæрмагонд домæнтæ æмæ сæ хъæуы æххæст кæнын. Фыццаджыдæр, ныффысын хъæуы курдиат горæты администрацимæ. Уыцы гæххæттимæ бадæттын эскиз. Хъуамæ закъон ма хала – экстремизм æмæ дзы рекламæ куыд нæ уа, афтæ. Æмæ кæд æппæт домæнтæн дæр дзуапп дæтты, уæд авторы уарзон куыст фæзындзæн горæты уынгтæй иуы.

Йæ ахорæнтæй горæты уынгтæ барæсугъд кæнын кæй фæнды, уыдон иу æмæ дыууæ не сты. Бирæфатерон хæдзары цæрджытæ нывимæ хъуамæ, æнæмæнг, сразы уой, закъон куыд амоны, афтæ. Бузныг мæ зæгъын фæнды хъæппæрисджын фæсивæдæн, сæ истори чи нæ рох кæны æмæ йæ гаффитийы хуызы адæмы размæ чи хæссы, уыдонæн.

Аивадимæ баст фæлгонцтимæ æмрæнхъ арæх къухтыл фæзынынц æнæмбæлон фыстытæ дæр. Уый та хорзыл дзурæг нæу.

Нывгæнджытæ ныфс дæттынц сæ архайад адарддæр кæнынæй, организатортæ та фидарæй дзурынц, цы нывтæ фæзындысты горæты, уыдон кӕй сты æрмæстдæр фыццаг къахдзæфтæ.

Дриаты Лейла

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.