Уæд, 1992 азы 20 майы Хуссар Ирыстоны цæрджытæй бирæты схуындæуыд лигъдæттæ. Уыцы «хæрзиуæг» нын нæ бахæлæг кодтой гуырдзиаг лæгхортæ. Ирон лæг тохы быдырæй алидзын сæрмæ никуы хаста, фæлæ зæрæдты, сылгоймæгты, сабиты хъуыд сæхи бахизын знаджы нæмыгæй. Мингай ирæттæ фæлыгъд уæд Зары фæндагыл Цæгат Ирыстонмæ.

Уыцы азы тугуарæн бонтæй ницæмæй хицæн кодта 20-æм май дæр. Лигъдæттæ тыхстæй сæрибар бынæттæ агуырдтой хæдтулгæтыл. Хæствæллад, æххормаг æмæ фæлмæцыд адæммæ никæцæйуал хъардтой сæрдыгон боны хуры рухс тынтæ, нæ уарзон Ирыстоны æрдзы рæсугъддзинад. Сæ бæллицц уыд исчердæм Дзаумæ баирвæзын æмæ дзæбæхæй Дзæуджыхъæумæ ныццæуын… Хæдтулгæтæ уæззаугай схæрд кодтой Зары фæндагыл…

Мæнæ фæзилæн… Дæлвæндаг  фыдбоны гуырдзиаг хъæутæ Чъех æмæ Курта. Тагъддæр! Тагъддæр аирвæзын ацы бынатæй!  схæлбурцъ кодтой  лигъдæтты хъуыдытæ. О, Дунескæнæг! Баххуыс кæн! Уастырджи, Мады Майрæм, дæ фæдзæхст бакæн…

Фæцыд фыццаг гæрах, дыккаг… Хæдæхстыты къæр-къæримæ сæмхæццæ сты хъыллист, хъæр, цъæхахст. Туджы зæйтæ рацыд Зары фæндагыл.

Дæлæ фæстæмæ фæлидзы чысыл лæппу: – Аздæху-у-ут! Фæстæмæ-æ-æ! Ам æхсгæ кæнынц!.. Нæмыг ын æрбаскъуыдта йæ зæрдæ.

Уæдæй нырмæ ныссус, нындзыг ацы бынат, бамыр æрдз дæр. Ам мæргътæ дæр нал зарынц, æрмæстдæр адæймаджы хъусты зæлланг кæнынц цавæрдæр æнахуыр зæлтæ.

Чи ратдзæн дзуапп?!

Азтæ цæуынц. Уалдзæг та йæ кæронмæ фæхæццæ кæны. Хуссар Ирыстон та æрæнкъард, сног та ис Зары судзгæ æмæ дудгæ маст. Цасфæнды ма рацæуа, уæддæр 20-æм майæн ферохгæнæн нæй. Хъуамæ йæ нæ зæрдыл дарæм, цæмæй знаг йæ тугæйдзаг дзæмбытæй макуыуал æрбавнала уаз Ирыстоны зæхмæ! Хъуамæ йæ зоной фæлтæртæ, цæмæй макуы ферох уой Зары фæндагыл бабынуæвджыты рухс нæмттæ.

Ирон лæг быхсын дæр фæразы… Кæд сæ тæригъæдтæ баззаиккой цыфыддæр знагæн!

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.